Æрæджы Цхинвалы РХИ-йы Мыхуыры хæдзары рауагъдады мыхуыры рацыд прозаик, публицист, РХИ-йы сгуыхт журналист, Биазырты Роланды публицистон уацты æмбырдгонд. Чиныджы редактор у Гæбæраты Юри. Чиныгмæ хаст æрцыдысты Биазыры фырт йæ фæллойадон куысты мыхуыры цы уацтæ рауагъта, уыдоны иу хай. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ уацмыстæ фыст сты, Советон дуджы чи райгуырд æмæ уæдæй нырмæ дугивæнтимæ æмдзу чи кодта, рай-гуырæн бæстæйæн куыд йæ хæрзтæ, афтæ йæ зындзинæдтæ дæр чи æнкъардта æмæ сæ йæхиуыл чи æвзæрста, ахæм адæй-мæгтыл. Уыдон уыдысты æндæр æмæ æндæр дæсныйæдтыл лæуд, фæлæ се ‘ппæты дæр иу кодта райгуырæн бæстæмæ уарзон ахаст, райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгæн æппæт зынтæ сфæразынмæ дæр цæттæдзинад. Чиныг дихгонд у æртæ хайыл – «Рæстæг æмæ адæймаг», «Æхсæнадон-политикон уацтæ» æмæ «Этнографион очерктæ». Фыццаг хайы ис бакæсæн ахæм æрмæджытæ куыд «Иры зæхх æй афæндараст кодта зонады стыр дунемæ», «Йæ цард сабырадæн нывонд», «Фондз æфсымæры æмæ хæст», «Йæ царды цин – студентон фæсивæд», «Зындгонд артисты чызг – зындгонд артисткæ» æмæ æндæртæ. Уыдонæй алкæцы уац дæр у йæхирдыгонау цымыдисон. Æмткæй сисгæйæ та сæ ис зæгъæн æмæ сæ адæймаг куы кæса, уæд банкъары, дзырд кæуыл цæуы уыцы адæймаджы хъысмæт. Зæгъæм уац «Фондз æфсымæры æмæ хæст»-ы автор фыссы, Тъбеты хъæуккаг Бибылты Лексойы бинонты хъысмæтыл Стыр Фыдыбæстæйон хæст куыд бандæвта, уый тыххæй. Уац «Адæймаг-легендæ»-йы та ракодта, йæ царды фылдæр хай, суанг дæсæм къласы ахуырдзау ма куы уыд, уæдæй фæстæмæ йæ цард адæмы хæрзæбонæн чи схæлар кодта æмæ Ирыстоны дыууæ хайы дæр йæхицæн æмæ йæ мыккагæн дæр кады ном чи скодта уыцы Тедеты Павелы ном. Уац «Ацу æмæ ма ‘рцуйы фæндагыл»-ы фыст у цхинвайлаг лæппу Лалыты Вася йыл. Уый 1991 азы, горæт хæлцадон продукттæй куы сихсыд æмæ адæм зындзинæдтæ æвзарын куы райдыдтой, уæд йæ уæзласæн машинæйыл æндæр шофыртимæ, араст ис Дзæуджыхъæуæй исты продукттæ ласынмæ. Ацыд… фæлæ фæстæмæ сæрæгасæй нал сæмбæлд йæ бинонтыл.

Ивгъуыд æнусы 90-æм азтæ Ирыстонæн уыдысты фыдæвзарæн азтæ. Йæ райгуырæн бæстæ адджын кæмæн у, уыдонæй иу дæр ахæм нæ баззад, уыцы дуджы мысинæгтæ абон дæр йæ зæрдæ кæмæн нæ бакъуырынц. Биазыры фырт уыцы дуджы тыххæй ныффыста бирæ уацтæ æмæ сæ бахаста чиныджы дыккаг хаймæ. Чиныг-кæсæджы цæстытыл æнæауайгæ нæ фæуыдзысты, Ирыстоны адæм уыцы зын рæстæджы цы трагикон фæндæгтыл рацыдысты, фыддуджы азарæй знаджы нæмыгæй куыд мардысты хæстхъом æрыгон лæппутæ, сывæллæттæ, зæрæдтæ.  Автор йæ чиныгмæ бахаста Ирыстоны куыд хуссарварс, афтæ цæгатварс адæмы историон цаутыл фыст æрмæджытæ. «Сфæраз дæ рис, Ирыстон»-ы фыссы Беслæны фыццæгæм скъолайы æрцæугæ, историйы æмбал кæмæн нæй, уыцы трагедийы амæттæгтыл. «Æртын æхсæзæй иумæ»-йы ары Зары трагедийы амæттæгты ном æмæ  «Ирыстоны судзгæ рис – Хахет»-ы та бакæсæн ис  стыр зæххæнкъуысты фæстиуæгæн Хахеты хъæ-уыл æрцæугæ трагедийы тыххæй.

Культурон царды йæ куыст æмæ аивадон архайдæй чи рахицæн ис, уыдоны тыххæй  чиныджы бакæсæн ис уацтæ «Зындгонд артисты чызг – зындгонд артисткæ», «Æвдæм хур», «Поэты зæрдæйы цæссыгтæ», «Сценæйы фидыц», «Ныхас Нафиимæ» æмæ æндæрты.

Фыдлæг æмæ, дам, фыдбонæн бирæ цæрæнбон нæ вæййы, – зæгъы æмбисонд. Афтæ у царды дæр. Ирыстоны дæр Хуыцауы фæндæй, фесты дæрзæг, тугуарæн фыдбонтæ æмæ ралæууыд сабыр дуг. Ирон æдæм сулæфыдысты сæ риуы дзаг æмæ райдыдтой ног цард… сабыр цард. Уыцы ног æнкъарæнты тыххæй чиныджы кæсæг ба-кæсдзæнис «Ног царды райдиан бон» æмæ бирæ æндæр уацтæ.

Биазыры фырт йæ бирæазон журналистон куысты æмрæнхъ кæны литературон куыст дæр. Ирон мыхуыры къæбицмæ бахаста уæзгæ хуын, кæцыйы фæстиуæгæн ссардта йæхи чиныгкæсæджы. Мыхуыры рауагъта чингуытæ «Домбайы рæстдзинад», «Царды хуызтæ», «Сагъæс æмæ мидбылхудт» «Зæрдæйы равг» æмæ æндæртæ. Чиныгкæсæгæн æнцонæмбарæн æмæ хъæздыг æвзагыл фыст сты уыдон се ‘ппæт дæр. Уыдонæй дарддæр ма чиныг рауагъта, бирæ азты дæргъы  кæм  кусы,  уыцы газет «Хурзæрин»-ы тыххæй. Дуджы цыдимæ кæд раздæрау бирæ нал у чиныгкæсджыты нымæц, уæддæр чиныг уыд, у æмæ уыдзæн зонындзинæдты ратæдзæн, рухс цардмæ фæндагамонæг. Æмæ никуы фесæфдзæн йæ кад. Биазыры фырт та йæ ног рауагъдадæй барухс кæндзæн чиныгкæсджыты зæрдæтæ. Нæ зæрдæ йын зæгъы дарддæры æнтыс-тытæ.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.