(Ныхас Дзаболаты Хазбийы сфæлдыстадыл)

Курдиатджын æмæ хæдбындур поэт Дзаболаты Дударыхъойы фырт Хазби райгуырд 1931 азы, 16 апрелы Цæгат Ирыстоны Ногхъæуы. Уым скъола каст фæуыны фæстæ службæ кодта Æфсады рæнхъыты. Уырдыгæй куы сыздæхт, уæд куыста Садоны геологты сгарæн къорды, 1956-1960 азты та – Буроны æрзæткъахæнты шахтерæй. 1960 азы Дзаболаты Хазби ахуырмæ бацыд Мæскуыйы Максим Горькийы номыл Литературон институтмæ æмæ йæ каст фæцис æнтыстджынæй.

Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй æмдзæвгæтæ фыссын райдыта хæрзæрыгонæй. «Æмдзæвгæтæ фыссын райдыдтон иу  фынддæсаздзыдæй, фæлæ сæ мыхуыр кæнын мæ зæрды нæ уыд. Фыстон бирæ. Æфсады службæ кæнгæйæ ныффыстон бирæ лирикон æмдзæвгæтæ æмæ æртæ стыр кадæджы. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ бæззыдысты æмæ сæ фæстæдæр басыгътон. Ныртæккæ йыл фæсмон кæнын, фæлæ 1956 азæй размæ цыдæриддæр ныффыстон, уыдон сыгъд æрцыдысты…». Поэт афтæ кæй зæгъы, нæ бæззыдысты йæ уацмыстæ, уый дызæрдыггаг у, уымæн æмæ йын æз абоны онг цы бакастæн, уыдонæй алкæцы уацмысы мидæг дæр ссарæн ис цыдæр зынаргъ ныхас, зынаргъ хъуыды, аив фæлгондз. Чизоны æмæ цы æмддзæвгæтæ æмæ кадджытæ скуынæг кодта, уыдон дæр ын цауддæр нæ уыдаиккой, фæлæ уый ныр ничиуал базондзæн…

 Дзаболаты Хазбийы кой ракæнын мæ бынтон куынæ фæндыдаид, уæддæр мын æнæракæнгæ нæ уыд цалдæр аххосаджы тыххæй, фæлæ уал мæ фæнды зæгъын, мæ зæрдыл æй тынгдæр цæмæн бадардтон, мæ царды уыцы цымыдисон цауы тыххæй.

Цæвиттон, Цæгат Ирыстоны университеты ахуыргæнгæйæ-иу арæх уыдыстæм литературæйы сгуыхт кусджыты сфæлдыстадон изæрты хайадисджытæ. Уыдон-иу уагъд цыдысты дзæнæттаг Джыгкайты Шамилы хъæппæрисæй. Иу ахæм мысæн изæр уыд Дзаболаты Хазбийы номыл. Уыцы ран бирæ хорз ныхæстæ фæдзырдтой поэты тыххæй Цæгат Ирыстоны разагъды фысджытæ. Се ‘хсæн уыдысты «Мах дуджы» уæды кусджытæ, Фысджыты цæдисы уæнгтæ æмæ йæ сæрдар Ходы Камал. Хуссар Ирыстоны та йæ тæккæ тæмæны уыд гуырдзыстонимæ ныхмæлæуд. Æз æрыгон уæвгæйæ, мæ зæрдæмæ афтæ тынг истон мæ райгуырæн бæстæйы рыст, æмæ ныффыстон æмдзæвгæ «Куыднæ кæуон», зæгъгæ. Уым дзырдæуыд: Кыуднæ кæуон, цы мын уыди зынаргъдæр, Уый абон у уæнтæхъил æмæ сидзæр! Йæ цъыф армæй йæм бацагайдта чидæр – Мæлæтæн, цардæн нал зонæм сæ аргъ дæр!» Диссаг уый нæ уыд, æмæ æмдзæвгæ ныффыстон, фæлæ йæ уый æппæт адæмы раз кæй бакастæн, ууыл абон дæр дис кæнын. Мысæн изæр куы фæци, уæд мыл фысджытæ æртыгуыр сты, цыма æнахуыр диссаг федтой, афтæ, стæй фæдзырдтой Джыгкайты Шамилмæ æмæ йын афтæ зæгъынц: «Дæумæ ахæм студент ис, уый нын нырмæ цæуылнæ загътай?». Шамиль цыдæртæ адзырдта æмæ кæдæмдæр атагъд кодта, никуы йæ æвдæлди…

Уыцы бонæй фæстæмæ мæм сæ хъус æрдардтой Цæгат Ирыстоны фысджытæ æмæ абоны онг дæр уыдонæй æнæрæвдыд никуы уыдтæн. Поэты та æндæр цы хæрзиуæг хъæуы йæ хистæрты рæвдыдæй дарддæр!

Дзаболаты Хазбийы кой ракæнын мæ кæй бафæндыд, уымæн йæ дыккаг аххосаг та уыди Ходы Камал 2016 азы 15 апрелы газет «Рæстдзинады» цы уац ныммыхуыр кодта, уый. Уыцы ран автор æрхаста Дзаболаты Хазбийы ныхæс-тæ: «Иуæйиутæ поэзи раздæхтой хынджылæгмæ æмæ сæгад кодтой поэты цытджын ном. Чиныгкæсæг нал æууæн-ды æмдзæвгæты рæстдзинадыл. Адæмы иу хай та сахуыр уæлæнгай фыстытыл æмæ нал æмбары æцæг арф хъуыды, рæстылдзурæг æмдзæвгæтæ уый нæ, фæлæ ма сæ тæрсын дæр райдыдта. Нæ литературон фыдæлтæ ахæм хъуыддæгтæ сæ сæрмæ нæ хастой. Уыдон никуы кодтой цæстмæфыстытæ, цæстмæныхæстæ, сæ дзырды уыд стыр уæз, стыр фарн, адæмы ‘хсæн уыдысты нымаддæр лæгтæ. Цæ-мæн афтæ уыд? Уымæн æмæ поэт фыццагдæр хъуамæ уа лæг. Чъизизæрдæ, хахуыргæнæг, æдзæсгом, цæстмæмиты фæрцы бынæттæм тырнæг адæймаг хорз поэт никуы суыдзæн. Фыссæг цæуыл фыссы, уыдон цæуынц йæ миддунейæ, æвзæрынц йæ зæрдæйы тæгтæй. Фæлæ цъымарайæ сыгъдæг суадон нæ гуыры» (Тексты орфорафи ныууагътам æнæ аивгæйæ). Диссаг мæм фæкастысты ацы ныхæстæ. Æцæг адæймаг ныхæстæй фылдæр цы кæны, чи цы дзуры, уый алыхатт æххæст нæ фæкæны, фæлæ дарддæр уацы автор æвдисæн лæууы, Хазби-поэт цæстмæхъус æмæ фæлывдæй хызт кæй уыди, йæ поэзийы кæй æвдыста æрмæстдæр рæстдзинад, йæ фæлгæндзтæ та æцæгдзинадæй афтæ æххæст сты, æмæ сыл адæймаг æууæнды æнæ дызæрдыгæй, фæлгæндзтæ æнцонæй уайынц цæстытыл. Баууæндыдтæн Ходы Камалы ныхæстыл, рйастон ын йе ‘мдзæвгæты чиныг «Уацамогæ» æмæ йæ райдыдтон кæсын. Автор чиныджы фыццаг фарсыл фыссы:

Мæнæн нæу иппæрд дзыллæтæй мæ амонд,

Æмбæхстаг нæу мæ цин кæнæ мæ мæт.

Куы хъæуа, уæд Фыдыбæсты сæраппонд

Æз дæр æдæрсгæ райсдзынæн мæлæт.

Фæлæ цы у æнæбæркад фæндаггаг? –

Нæ кæнын æз мæ егъаудæр хæс рох:

Мæ цард куыд уа, Фыдыбæстæ, дæу аккаг,

Мæнæн уал абон ууыл у мæ тох.

Ахæм æнæхин ныхæстыл æнæбаууæндгæ нæй, мæнмæ гæсгæ. Бæрæг у, ацы æмдзæвгæ йæ удæй иугæндзон кæй ратыдта, тыхаразгæйæ дзы кæй ницы ис, уый, ома амæлынмæ цы тырнæм, кæд æмæ абон ахсджиагдæр у аккагæй цæрын. Æмæ раст у, бирæ хатт мæлынæй цæрын зындæр вæййы, уымæн æмæ царды цæлхдурты сæрты ахизынæн æрвылбоны ныфс æмæ   хъару хъæуы, амæлынæн та иу боны!..

Дарддæр райдыдтон агурын ирд æмæ æцæг фæлгæндзтæ æмæ хъуыдытæ, æмæ дзы разынди тынг бирæ: «Сæртæг хæххон дымгæ ныссаста Йæ рæсугъд урс къалиутæ бæрзæн», «Зарæг нывæндгæйæ Зæрдæ цæмæн риссы?», «Уа цæрæнбонты фæсмойнаг, Мад цы хъæбулы нæ хъæуы!..» «Хъусаг дам-думтæм нæ дæн, Дам-думтæ нæ хъæуы – Афтæ радзуры бæргæ, Фæлæ дзых кæм лæууы…» æмæ афтæ дарддæр.

Дзаболаты Хазбийы æмдзæвгæтæ чи бакæса, уый дзы бирæ ссардзæн налхъуыт-налмасау æртиваг хъуыдытæ æмæ абарстытæ. Фæлæ ма йæм разынд иу æнахуыр миниуæг, æмæ йыл дзырд цыди йе сфæлдыстад иртасджыты уацты дæр. Йæ иу æмдзæвгæйы фыссы:

Зарæг нывæндгæйæ

Зæрдæ цæмæн риссы?

Хорз зарæг афтæ арф

Риумæ цæмæн хизы?

Уыдон кæрæдзийы

Хуылфы цæвæрдæи:

Зæрдæ ис зарæджы,

Зарæг та – зæрдæйы.

Ацы мивдисæг цæвæрдæийæ поэт цæмæн спайда кодта, кæд æмæ уый размæ уый литературæйы æндæр никуы æмбæлы, уæд, уый зын зæгъæн у. Ууыл тæрхон кæнынц чиныгкæсджытæй бирæтæ, фæлæ фæстагмæ æрцыдысты ахæм хъуыдымæ: æвæццæгæн автор æрымысыд ног аивадон амал, зæгъгæ.

Афтæ, уæдæ Дзаболаты Хазбийы цардвæндаг у нырма сахуыр кæнинаг, фæлгъауинаг, уымæн æмæ йе сфæлдыстады ис, адæймаг дзы цæуыл æрсагъæс кæна, уый, ис дзы ахæм хъуыдытæ, æмæ сæ адæймаг райсдзæн зондзонын кæнæ уайдзæфæн, йæхи уды талынг къуымтæ басгарынæн.

Бирæ нæ фæцард Дзаболаты Хазби, ацы аз 16 апрелы йыл сæххæст уыдаид 88 азы. Чизоны ма ныр дæр цæрид æмæ фæллой кæнид не ‘хсæн, фæлæ йæ цардæй ахицæн 1969 азы 38 аздзыдæй. Уый йе ‘мдзæвгæ «Булæмæргъы» фыста:

«Бæргæ, куы мын уаид цæрæн

Æнустæ рухс царды тæмæнты,

Фæлæ мæ иунæг бон дæр мæн

Цæрын хæдмæлхорæй нæ фӕнды!»

Уый уыди булæмæргъы дзуапп халонæн, уый йын куы бафидис кодта:  «Цы зарыс? – рухс бонты дæ цард Мæнау куынæ уыдзæн дæргъвæтин…», зæгъгæ, уæд, æмæ бæлвырд, уый халоны цард йæ сæрмæ кæй нæ хаста, уый тыххæй йæ цард дæр рауад цыбыр… Фæлæ булæмæргъау рæсугъд!

Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.