21 февралы æгас дунейы нысан кæнынц Мадæлон æвзаджы бон. Ацы ног бæрæгбон фæзынд  1999 азы – ЮНЕСКО-йы Генералон конференцийы 30-æм сессийы фæндон рахастой ахæм бæрæгбон снысан кæныны тыххæй æмæ йæ 2000 азы фыццаг хатт банысан кодтой.

Мадæлон æвзагæн сæрмагонд бæрæгбон саразыны нысаниуæг у, дунейы цы æвзæгтæ уæвынад кæны, цæмæй уыдонмæ уæлдай хъусдард здæхт цæуа, ма сæ бауадзой сæфын. Уæды онг та 21 февралы Бангладешы нысан кодтой бенгайлаг æвзаг бахъахъхъæныны бон æмæ ацы бæстæйы къухдариуæгад фæндон бахастой, цæмæй дзы саразой æппæтдунейон мадæлон æвзаджы бæрæгбон.

1947 азы дихгонд æрцыд Бритайнаг Инди æмæ йæ иу хайæ сырæзт паддзахад Пакистан, кæцыйы скондмæ бахаудта Бенгалийы территори дæр, – хонгæ та йæ скодтой Хурскæсæйнаг Пакистан. Ацы зæххытыл цы знæмтæ цардис, уыдон сæ мадæлон æвзагыл нымадтой бенгайлаг æвзаг, фæлæ сын паддзахадон æвзагæн та снысан кодтой урду. 1952 азы бынæттон цæрджытæ растадысты ахæм æнæрæстдзинады ныхмæ, сæ мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны тыххæй, – алы рæтты арæзт æрцыд демонстрацитæ, акцитæ. 21 февралы Бангладешы сæйраг горæт Даккайы барадхъахъхъæнæг органты къухтæй фæмардысты цалдæр адæймаджы æмæ уыцы хъуыддаг ноджы расайдта стырдæр протесттæм. 1956 азы хаст æр-цыд фæндон, цæмæй бенгайлаг æвзаг нымад æрцæуа паддзахадон æвзагыл.

Фæлæ адæм уæддæр ууыл нал ныссабыр сты, уымæн æмæ æгæр бирæ туг ныккалдис æмæ сæ фæндыд, цæмæй сæ зæххыл урду æвзаджы кой мауал уа. 1971 азы протесттæ расайдтой хæстон архайдтытæм, кæцыйы Пакистаны æфсад састы бынаты баззадысты, – 93 мин пакистайнаг хæстоны та уацары бахаудтой. Хæсты фæстиуæгæн Бангладеш ссис хæдбар паддзахад æмæ 21 февралы нысан кæнын райдыдтой сæ Мадæлон æвзаджы бон, кæцыйы тыххæй бирæ азты дæргъы фæтох кодтой æмæ ма сæхицæн паддзахад дæр расидтысты. Абоны бон дæр уыцы протестон акциты æмæ хæстон архайдтыты фæмардуæвджытæн æвæрд ис бирæ цыртдзæвæнтæ.

Абоны бон дунейы уæвынад кæны 7 мин æвзаджы бæрц æмæ уыдонæй 2680 сты мæгуырау уавæры, ома, рæхджы фесæфдзысты. Ӕвзæгтæ сæфынц алыгъуызон темптæй æмæ адæмы историйы цал æвзаджы фесæфтис ныры онг, уыдоны нымæц зын базонæн у. Фæлæ уæддæр лингвисттæ раиртæстой æмæ сбæлвырд кодтой, кæцы регионты цал æвзаджы фесæфтис æввахс нымадмæ гæсгæ. Зæгъæм, Европæ æмæ Чысыл Азийы фесæфтис 75 æвзаджы, Америкæйы та – 115 æвзаджы. Австралийы 1970 азты онг уыд ахæм закъон, кæцы бар нæ лæвæрдта мадæлон æвзагыл дзурынæн æмæ йæ территорийыл цы 400 æвзаджы уыд, уыдонæй ма абоны бон 25 æвзагыл ис дзурджытæ. Цæгатхурыскæсæйнаг Азийы территорийы та 47 æвзагæй æрмæстдæр 6 æвзагæн ис фидæн, иннæтæ æввахс рæстæджы уырыссаг æвзаджы æндæвдадæй фесæфдзысты. Тайваны та фесæфтыст 23 æвзаджы æмæ ныр ацы территорийыл дзурынц æрмæстдæр китайаг æвзагыл.

Уæрæсейы территорийыл цæрынц 190 нацийы бæрц æмæ дзы скъолаты предметы хуызы ахуыр кæнынц 81 æвзаджы æмæ дзы 24 æвзагыл та цæуы бæстон ахуыр. Сырх Чиныгмæ та дзы абоны бон хаст ис 60 æвзаджы бæрц. Ацы хъуыддагæн йæ сæйраг проблемæ у, педагогтæ кæй нæ фаг кæны, уый, æмæ ма бирæ æвзæгтæн нæй фыссынад дæр. Уымæй уæлдай ма нырыккон дуджы нæй бахизæн йæхи мадæлон æвзагыл интернеты тыгъдадмæ бирæ æвзæгтæн æмæ уый дæр стыр ахъаз у æвзаг рох кæнынæн. Стæй ма чидæртæ сæ сæрмæ дæр нал фæхæссынц сæ мадæлон æвзагыл дзурын. Нæхæдæг ам бынаты æвдисæн вæййæм ахæм цаутæн, – уынджы фæцæуы адæймаг æмæ дзуры уырыссагау (кæд æй афтæ схонæн ис), дзургæ-дзурын схæццæ кæны ирон æндæр æвзæгтимæ.

Рагзаманты-иу æвзаг фесæфтис, йæ адæм-иу хæстыты кæнæ эпидемиты рæстæджы куы скуынæг сты, уæд. Фæлæ ныры дуджы та æвзæгты куынæг кæнынмæ йæ хайбавæрд хæссы политикæ, ома, паддзахадон æвзагыл кæй нæ банымайынц, уымæн йæ уавæр вæййы мæгуырау æмæ уыцы æвзагыл дзурджытæ азæй-азмæ къаддæр кæнынц. Уымæн æмæ паддзахадон æвзаг куы нæ зонай, уæд размæ ницæмæй ацæудзынæ, æмæ бирæтæ барвæндонæй нал фæахуыр кæнынц сæ мадæлон æвзаг.

Адæмты историйы æвзæгтæ сæфыны процесс никуы æрлæууыд, – иутæ-иу баззадысты мингай азты цæргæйæ, иннæтæн та сæ кой дæр никуыуал ис. Æмæ ацы процесс иууыл стырдæр темптæй ацыд 20-æм æнусы – æвзæгтæн сæ фылдæр хай фесæфтысты иу æнусы дæргъы. Лин-гвисттæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй æвзагыл дзурджытæ хъуамæ уой 100 минæй фылдæр, цæмæй йын фесæфынæй тас ма уа. Абайты Васо та афтæ дзырдта, ома, цæмæй æвзаг бахъахъхъæнæм, уый тыххæй йыл, фыццаджы-дæр, хъуамæ дзурæм хæдзары бинонты ‘хсæн æмæ йын уæд фесæфæн нæй.

Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.