Хуссар Ирыстоны историйы сыгъзӕрин дамгъӕтӕй бирæ лæппуты рухс нӕмттӕ æрцыдысты фыст. Дæргъвæтин рӕстӕджы знагимӕ тохты махæн уыдон систы хъæбатырдзинады символтӕ. Бирæтæ та дзы цæрынц не ‘хсæн, кӕцытӕ сæхицæй не ‘ппæлынц, фæлæ аккаг ныхкъуырд радтой знаджы агресийæн. Хæстон-хъахъхъӕнæг, хæстон-сæрибаргæнæджы ныфсхастдзинад ӕмӕ хъӕбатырдзинад чи æвдыста, уыдоны ‘хсӕн Багаты Амираны номӕн сӕрмагонд бынат ис.

Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады дæлбар Кадетон скъолайæн цытджын уавæрты лæвæрд æрцыд Ирыстоны хъайтар Багаты Амираны ном. Йæ номыл мемориалон фæйнæг бакæныны церемонимæ æрбацыдысты йе ‘ввахс хиуæттæ, йæ хæстон æмгæрттæ, Хъахъхъæнынады министрады æмæ Хуссар Ирыстоны дислокациггонд Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады 4-æм æфсæддон базæйы минæвæрттæ.

Сӕрмагонд скондимӕ куысты фӕдыл Хъахъхъӕнынады министры хӕдивӕг Сабанты Инал Амираны тыххæй афтæ дзырдта, зæгъгæ, уый уыд æвзыгъд лæппу æмæ Райгуырæн бæстæйы æцæг патриот.

«Фыдыбæстæйыл иузæрдион лæппуйæ бирæ хорз дæнцæгтæ райсæн уыд. Йæ хæстон æмгар, сæ мæлæт дæр иумæ кæимæ уыд, уыцы Джиоты Азæмæтимæ сæ фæстæ ныууагътой хорз ном, æрмæст нæ министрады нæ, фæлæ æгас Ирыстоны.

Ахæм зынгзæрдæ патриотты сгуыхтдзинæдтæ æмæ удыхъæдыл зын дзурæн у, уæззау у ивгъуыды сæ кæй мысæм», – дзырдта министры хæдивæг.

Бузныг загъта мадзалы хайадисджытæн, хъайтары бинонтæн, скъолайы коллективæн, кæй нæ рох кæнынц ахæм патриотты æмæ уыдон хъæбатырдзинæдтыл кæй хъомыл кæнынц æфсæддон-ахуырадон уагдоны хъомылгæнинæгты.

Кадетон скъолайы директор Балыкъоты Фатимӕ йӕ сӕрӕй ныллӕг акуывта Багаты хъайтар лӕппуйы мадӕн, ахӕм ныфсы хъӕбул кӕй схъомыл кодта Ирыстонӕн, уый тыххæй. Мах та, зӕгъгӕ, архайдзыстӕм, цӕмӕй йӕ рухс ном рох ма уа.

«Абон ууыл архайӕм, цӕмӕй аккаг уӕм ӕмӕ Амираны ном сӕрыстырæй ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй хӕссӕм. Скъолайы хъомылгӕнинӕгтӕ дӕр, сомбон сӕ царды фӕндагыл куы слӕууой ӕмӕ сӕ исчи куы бафӕрса, «кӕцы скъола каст фестут», уӕд сӕрыстырӕй дзуапп кӕндзысты – «Багаты Амираны номыл скъола», зӕгъгӕ», – дзырдта уый.

Куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Амираны ӕввахс хӕлар – Джиоты Азӕмӕты аккаг ном та хӕсдзысты скъолайы алы рауагъдон кълас дæр. Уыцы фӕндон рахастӕуыд ивгъуыд аз, ацы скъолайӕн хъайтары ном радтыны фӕнд куы равзӕрд, уӕд.

Скъолайы директор бузныг загъта Амираны бинонтӕн, йӕ райгуырӕн бон ӕртӕ уӕлибых ӕмӕ дзаггарзимӕ йӕ цӕрӕнбонӕн кувыны бӕсты ахӕм мадзалы хайад кӕй исынц. Мадзалы фæстæ та бацӕудзысты йæ ингæнмæ, йӕ рухс ном ын мысыны сӕраппонд.

Балыкъоты Фатимӕ ма стыр бузныджы ныхӕстӕ загъта, мемориалон фӕйнӕг чи сцӕттӕ кодта, уый номыл дӕр. Уый у Амираны хӕстон ӕмгар Кокойты Александр.

«Ирыстоны хъайтары ном сӕнусон кӕныны фӕнд нæм кæй равзæрд, уый Александр куы базыдта, уæд фӕндон бахаста, цӕмӕй йын фадат радтой, ӕмӕ сын йӕ хӕлары рухс ном сæнусон кæнынӕн лӕварӕн сараза номарӕн дур. Уый тыххӕй йын ноджыдӕр бузныг дзурӕм», – банысан кодта Фатимæ.

Фатимӕ ма бузныджы ныхӕстӕ загъта Амираны цардӕмбалӕн, Амираны фæдон, йæ иунæг бындары йын царды раст фæндагыл кæй бафтыдта, уый тыххæй. Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ уый ныртæккæ ахуыр кæны Санкт-Петербурджы.

Булкъон Раджап Алиев ацы бон рахуыдта историон нысаниуӕгджын бон, уымӕн ӕмӕ абон Кадетон скъолайы рӕзты фӕлгӕтты ноджыдӕр бафидар кодтам ӕмӕ ӕвдисӕнтӕ стӕм, кӕй никуы ферох кӕндзыстӕм хъайтарты.

«Ирыстоны хъайтар Багаты Амираны ном хӕсдзӕн ацы скъола, уый хӕрзиуӕгон хъуыддаг у. Мӕ зӕрдӕ зӕгъы ацы скъолайы ахуыргӕнинӕгтӕн, цӕмӕй хизой ахуыры бӕрзӕндтӕм, исой ӕмбӕлон ахуырад ӕмӕ бӕстӕйы хӕрзӕбонӕн егъау зонындзинӕдтӕй хайджын уой», – банысан кодта уый.

Кадетон скъолайы ахуыргӕнӕг Сомхиева Ангелинӕ банысан кодта, зæгъгæ, ацы скъолайы хъомылгӕнинӕгты ахуыр æмæ хъомыл кӕнынц, Амираны куыд хъомыл кодтой, афтӕ – патриотизм ӕмӕ рæстдзинады принциптыл.

«Мӕнӕн зын у абон Амираны ныййарӕг мадмӕ кӕсын – хъӕбул фесафын уӕззау у, уӕддӕр йӕхи дары уӕздан – уый у ирон сылгоймаджы кадджын ӕууӕлтӕй сӕ иу. Цы кадджын хъӕбул хъомыл кодта йӕ радтӕг адӕмӕн, уымӕй дӕр бӕрӕг у йӕ уӕздан удыхъӕд», – загъта уый.

Хъайтары ном кадетон скъолайæн

Амираны хӕстон ӕмгӕрттӕ Багаты Сергей ӕмӕ Дыгъуызты Владислав дзырдтой тохы быдыры йӕ хъӕбатырдзинӕдтыл, зӕгъгӕ, зын у ахӕм патриот ӕмӕ иузӕрдион ӕмгары тыххӕй ивгъуыды дзурын. Райгондӕй банысан кодтой, кӕй нӕ рох кӕнынц нӕ Райгуырӕн бӕстӕйы сӕрыл йӕ цард чи радта, уыдон рухс нӕмттӕ.

Багаты Амираны номыл мемориалон фæйнæг цытджын уавæры бакодта Кадетон скъолайы ахуыргæнинаг

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.