Кæцыфæнды паддзахады дæр революцион змæлд куы райдайы, кæнæ хæстон архæйдтыты фæстиуæгæн адæмæн сæ сæр сæ кой куы вæййы, уæд йæ хъайтартæ, йæ райгуырæн бæстæйæн бирæ азты дæргъы иузæрдион лæггад чи фæкодта, знæгтæй йæ чи хъахъхъæдта, уыдон рохуаты аззайынц.

Афтæ рауад 1918 азы революцийы фæстæ Уæрæсейы дæр – фыццаг дунеон хæсты хъайтарты кой советон дуджы рæстæджы нал дæр уагътой кæнын, сæ хæстон æхсардзинады хабæрттæ та рохуаты аззадысты. Архивон æрмæджытæ дæр хæрзцъус ис уыцы аккаг гоймæгты тыххæй, уымæн æмæ сæ фылдæр хай революцион змæлды рæстæджы куынæг æрцыдысты, иннæтæ та арф æвæрд æрцыдысты æмæ сæм бирæ азты дæргъы бавналын ничи уæндыдис.

Уыцы дунеон хæсты фесгуыхтысты Уæрæсейы империйы хуыздæр фырттæ, йæ арæхстджындæр хæстонтæ, кæцытæй æмризæджы рызтысты æгас Европæйы бæстæты. Уыцы хъайтарты хсæн уыдис алыгъуызон нацитæ Уæрæсейы алы къуымтæй. Нæ чысылнымæц наци дæр стыр хайбавæрд бахаста фыццаг дунеон хæсты уæлахизмæ, се сгухтдзинады кой айхъуыст æгас Уæрæсейыл æмæ ма Европæйы бæстæтыл дæр, æмæ дзы райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау сæ удтæ дæр бирæтæ радтой. Ныридæгæн уал рабæрæг сты, ирон хæстонтæй 90 фылдæр уыцы хæсты хорзæхджын кæй æрцыдысты Георгиевскийы дзуары ордентæй алыгъуызон къæпхæнты (уыцы кадджын æфсæддон хорзæх уыдис цыппар къæпхæны хуызы).

Фыццаг дунеон хæсты райдианæй ныр рацыд 108 азы æмæ йын æркæсæм йæ райдианы аххосæгтæм. Уыцы рæстæджы политикон уавæр уыд тынг æндыгъд, бирæ бæстæты хсæн дзæвгар азты дæргъы цыд быцæудзинæдтæ æмæ сæ хæстон архæйдтытæн хъуыд æрмæстдæр æфсон. Тагъд рæстæджы уыцы æфсон дæр фæзынд – сербаг националист Гаврила Принцип амардта Сараевойы австриаг эрцгерцог Франц Фердинанды. Австро-Венгри сæвæрдта ультиматум Сербийæн, кæцыйæн сæххæст кæнæн нæ уыд. Сербийы фарсмæ балæууыд Уæрæсейы импери æмæ иннæты вварс та рахæцыд Герман. 28 июлы 1914 азы Австро-Венгри расидтис хæст Сербийæн, кæцыйы фæстиуæгæн фæстæдæр хæсты хайадисджыты нымæц ахызт 38 бæстæйæ, хæстонты нымæц уыд 74 миллуаны бæрц æмæ дзы фæмардис 22 милуан адæймагæй фылдæр.  Хæсты æрлæудимæ ныппырх сты Германы, Османы, Австро-Венгрийы æмæ Уæрæсейы империтæ.

Ацы хæстон архæйдтыты активон хайад райста Ирон бæхджын дивизион дæр, кæцыйы сконды уыд 200 барæджы бæрц. Се ‘хсары ном æгас фронтыл айхъуыст, тынг бирæ хæстонтæ дзы хорзæхджын æрцыдысты алыгъуызон хорзæхтæй. (Уыцы дивизион раздæр дæр æндæр хæстон архæйдтыты фесгуыхт æмæ йын хъайтардзинад равдисыны тыххæй лæвæд æрцыд Георгиевскийы кадджын тырыса). Ирон лæппутæй бирæты фæндыд уыцы дивизионы рæнхъытæм бахизын, фæлæ дзы бынат нæ уыд. Уымæ гæсгæ, хæстон архæйдтыты рæстæджы Уæрæсейы импе-ратормæ бахатыдысты, цæмæй дивизионæн лæвæрд æрцæуа полчъы ном, цæмæй йын уый фæстиуæгæн йæ рæнхъон сконды нымæц фæфылдæр кæной. 1915 азы Николай II бардзырдмæ гæсгæ Ирон бæхджын дивизион ракодтой полкмæ æмæ йæ хæстонты нымæц схызт иу минмæ.

Ирон бæхджын дивизион арæзт æрцыд 1877-1878 азты уырыссаг-туркаг хæсты рæстæджы. Фæстæдæр пырхгонд æрцыд, фæлæ бирæ курдиæтты фæстæ 1890 азы ногæй сырæзт. Дыккаг дунеон хæсты райдианы йæ командир уыд булкъон Малсæгты Сафарбек. Йæ барджытæ иууылдæр уыдысты ирæттæ, фæлæ дзы афицертæ æндæр нацитæй дæр уыд. Хæсты фыццаг бонты æрвыст æрцыдысты фронтмæ æмæ августы райдианы бахæццæ сты Австрийы арæнтæм. Уым ма баиу сты цалдæр бæхджын дæлхаимæ æмæ сæ абырсты рæстæджы ныддæрæн кодтой знаджы. Ацы æфсæддон операцийы рæстæджы уацары систой 10 мин австриаг хæстоны æмæ 60 иуæджы бæрц та байстой сармадзантæ.

Банысан кæнын ма хъæуы уый æмæ рагæй фæстæмæ Уæрæсейы кадрон æфсаддон службæмæ кæй сидтысты славянаг адæмтæм, æмæ уый дæр æрмæстдæр уырыссæгтæм, белорусæгтæм æмæ украинæгтæм. Полякæгтæ, прибалттæ, гуырдзиæгтæ æмæ сомихæгтæ æфсады рæнхъыты службæ хастой æрмæстдæр барвæндонæй. 1901 азæй фæстæмæ финæгтæ дæр сæрибар æрцыдсты службæ хæссынæй. Кавказы æмæ астæуккаг Азийы цæрæг пысыл-мæтты дæр нæ кодтой æфсады рæнхъытæм, – уый бæсты фыстой сæрмагонд хъалон æхцайæ. Ӕрмæстдæр ирæттæ рагæй фæстæмæ службæ хастой Уæрæсейы æфсады рæнхъыты æмæ ма сын уыд сæхи Ирон бæхджын дивизион дæр.

Уый нæ нысан кæны æмæ иннæ нациты минæвæртты нæ фæндыд Уæрæсейы æфсады рæнхъыты службæ кæнын. Уæлдайдæр та хæцыны сæр куы бахъуыд, уæд фронтмæ ацæуыны тыххæй сæхи ныффыссын кодтой мингæйттæй, æмæ уыдоны хсæн бирæ уыдис ирæттæ дæр. Хæсты райдианы хæдразмæ бæстæйы къухдариуæггæнджытæ æмбæрстой, тугкалд кæй æрцæудзæнис æмæ развæлгъау арæзт æрцыдис сæрмагонд æфсæддон хай кавказаг нациты минæвæрттæй – Кавказаг бынæттон бæхджын дивизи. Дивизийы къухдариуæггæнæгæй нысан æрцыд императоры æфсымæр кънязь Михаил. Фæстæдæр ацы дæлхайæн йæ хъайтардзинад айхъуыст æгас фронтыл æмæ историйы та йæ ном баззад «Хъæддаг дивизи»-йæ. Йæ рæнхъыты службæ хастой æрмæст Цæгат Кавказаг æмбæстæгтæ нæ, фæлæ ма уырыссæгтæ, украинæгтæ , белорусæгтæ, поляктæ, тæтæйрæгтæ, сомихæгтæ, гуырдзиæгтæ. Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр æмæ «Хъæддаг дивизи»-йы историйы никуы уыд иунæг дезертиры цау дæр, ома хæсты быдырæй йæ хæстонтæй никуы ничи ралыгъд. Ацы факт у уникалон.

Ирон хæстонтæ æрмæст бæхджын æфсæдты нæ хастой службæ – уыдис ма дзы Ирон фистæг бригадæ дæр, кæцыты нымæц уыд 11 минæй фылдæр.  Ацы бригадæ дæр уыд Кавказаг бынæттон бæхджын дивизийы сконды æмæ хæсты райдианæй фæстæмæ уыдысты хæсты цæхæры. Сæ хъайтардзинады хабæрттæй нæм бирæ ницы æрхæццæ ис, фæлæ историон бæрæггæнæнтæ куыд æвдисынц, афтæмæй хаст уыдысты раззагондæр æмæ иууыл цæттæдæр æфсæд-дон дæлхæйтты хыгъдмæ.

Иууыл фылдæр информаци ссарæн ис Ирон бæхджын дивизионы тыххæй. 1916 азы газет «Петроградские ведомости»-йы мыхуыр æрцыд æрмæг, кæцыйы дзырд цæуы ирон хæстонты лæджыхъæдыл.

«Хæстон архæйдтыты рæстæджы ирон дивизион бахаудта æрхъулайы. Австриаг хæстонтæ уыдысты цалдæр хатты фылдæр æмæ сын раирвæзыны фадат нал уыд – æрмæст ма сæм знаг æнхъæлмæ каст уацары сæхи раттынмæ. Уымæ гæсгæ сыл ихуарæгау кодтой нæмгуытæ, фæлæ нæ хæс-тонты рæнхъытæ нæ фæцудыттой. Ирон хæстонтæ фидарæй хъуыды кæнынц сæ фыдæлты фæдзæхст – хотыхджын лæг йæхи уацары никуы фæдæтты. Барвæндонæй йæхи уацары чи ратта, уый æрмæст йæхи нæ ныххудинаг кæны, фæлæ ма худинаджы гакк сæвæры йæ хæдзарвæндагыл æмæ йæ мыггагыл. Ирон хæстонтæ ныззарыдысты сæ рагон хæстон зарæг, кæцыйы фæзарынц хъазуатон тохы рæстæджы сæ амæлæты размæ. Сæ афицер сæ разæй, афтæмæй абырстой знæгты рдæм, атыдтой æрхъула æмæ баиу се ‘мбæлттимæ. Кæд æмæ дзы бирæтæ фæмардысты, уæддæр ирон хæстонтæ мæлæтæй афтæ нæ тæрсынц, уацары бахауынæй куыд тæрсынц».

«Хъæддаг дивизии»-йы службæ хаста Хæдыкъаты Вис-сарион æмæ йæ хъайтардзинады тыххæй цыппар хатты хорзæхджын æрцыд Уæрæсейы империйы иууыл уæлдæр хорзæхæй – Сыгъдæг Георгийы орденæй (историкты хъуыдымæ гæсгæ ацы хорзæхтæн сæ тых у, куыд Советон Цæдисы хъайтары ном,афтæ). Йæ райгуырæн хъæу Ольгинскимæ фронтæй æрæздæхт дыууадæс цæфимæ æмæ фæстæдæр ралæууыд ног хицауады вварс. Фæлæ йын йæ лæггæдтæн Советон хицауад ницы аргъ скодта – 1933 азы йæ йæ райгуырæн бæстæйæ сыстын кодтой æмæ йæ арвыстой Казахстанмæ.

Историон бæрæггæнæнтæм гæсгæ Дыккаг дунеон хæсты ирæттæй иууыл фылдæр хорзæхтæ райста Ирон бæхджын дивизийы хæстон Сокаты Константин. Сокаты фырт Георгиевскийы дзуæрттæй хорзæхджын æрцыд алкæцы къæпхæнæй дæр æмæ ма уый æдде райста сыгъдæг Георгийы цыппæрæм къæпхæны афицеры орден дæр. Фæстæдæр Советон хицауады рæстæджы æрвыст æрцыд йæ райгуырæн бæстæйæ  Сыбырмæ тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ.

Ирон бæхджын дивизионы барæг.           Хуыгаты Доменти Зурабы фырт. Уырыссаг-япойнаг

æмæ фыццаг дунеон хæстыты хайадисæг

«23 июлы 1917 азы Сокаты Константин рæстæгмæ командæ кодта сæдæ хæстоныл æмæ абырста знæгты бæрзондмæ, кæцыйæн уыд стратегион нысаниуæг. Нæмгуытæ сыл нызгъæлста знаг, фæлæ йæхæдæг йæ хæстонты разæй, афтæмæй балæбурдтой знаджы акъопмæ. Сахъдзинад æвдисгæйæ йæхæдæг хъамайæ амардта гермайнаг афицеры, байста 4 нæмыгзгъалы æмæ стæй дарддæр ахызтысты дыккаг рæнхъы акъоппытæм. Знæгтæн сæ бон нæ бацис нæ хъæбатыр хæстонты бауромын æмæ лидзынмæ фесты. Уый фæстæ ахызтысты æндæр бæрзæндмæ, басастой знæгты артиллеристты æмæ ма байстой 5 хотыхы», – фыстæуы хорзæхмæ бадæттыны гæххæтты.

Уыцы хæсты ирон хъæбатыртæй æххæст георгиевскийы кавалертæ систы 30 хæстонæй фылдæр. Уымæй уæлдай ма дзы дзæвгар уыд, хæст чи фесгуыхт æмæ хорзæхджын чи æрцыд алыгъуызон ордентæй æмæ майдантæй, ахæмтæ дæр. Фæлæ, хъыгагæн, сæ кадджын нæмттæ æмæ сæ хъайтардзинæдты хабæрттæ аныгъуылдысты революцийы гуылфæнты. Кад æмæ сæм номы бæсты æнхъæлмæ кастис мæгуырау фидæн. Хъысмæт сыл рахæтыдис.  Чидæртæ дзы мидæггагон хæсты фæмардысты, иннæтæ Советон хицауадимæ разы нæ уыдысты æмæ эмиграци сарæзтой Уæрæсейæ. Чи дзы баззадис бынаты, уыдон та фæстæдæр бахаудтой репресситы, уымæн æмæ ног хицауадыл ахæм фæлтæрд хæстонтæ тас æфтыдтой. Зæгъæм, Хъæдгæроны хъæуы цæрæг Черджиты Елбыздыхъойæн 1937 азы æнæбындурæй  рахастой фехсыны тæрхон.

Хуыздæр рауад йæ хъысмæт Гайты Мысостæн. Уый цæрынмæ алыгъд Уругваймæ æмæ дзы йæхицæн скодта хорз ном. Рæстаг æмæ зыгъдæгзæрдæ адæймаг кæй уыд, уый тыххæй йæ бирæ бауарзтой æмæ йын кад кодтой уымы цæрæг уырыссаг общинæйы минæвæрттæ. Уым бацыд кусынмæ Æхсæнадон куыстытæ æмæ транспорты министрадмæ æмæ йæм хаудтой фæндæгты æмæ хидты арæзтад.

Сæ нымæц бирæ у Фыццаг дунеон хæсты хайадисджыты ирон хæстонтæн куыд Цæгат Ирыстонæй, афтæ Хуссар Ирыстонæй дæр (зæгæъæм, Санахъоты Мате, Хуыгаты Доменти, Танделаты Павел, Харебаты Исахъ æмæ афтæ дарддæр). Æниу нæ уæды рæстæджы хуссар æмæ цæгатыл ничи дихтæ кодта – уыдис нын иу Ирыстон. Абоны бон дæр нырма бирæ архивон æрмæджытæ иртæстгонд не рцыдысты æмæ сыл бакусын та æнæмæнг хъæуы. Уымæн æмæ историйы стыр фæд ныууагътой, сæ кады ном нæргæ кодта æмæ ахæмтæн ферохгæнæн ма хъуамæ уа.

ДЖИОТЫ Алыксандр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.