БАКÆНГÆ КУЫСТЫ ФÆСТИУДЖЫТÆ

Фæстиуджытæ арæзт æрцыд, Цхинвалы районы хæдзарадтæ цы куыст бакодтой зæххы куыст æмæ фосдарды къабæзты, уыдонæн. Статистикон хайады фæстаг зонæнтæй куыд бæрæг у, афтæмæй фæззыгæнд мæнæу байтыдтой 11 хæдзарады, æдæппæт сæ фæзуат та уыд 107 гектары, уыцы нымæцы «Цъунар» – Бибылы фырт – æмæ «Тын» байтыдтой фæйнæ 20 гектары, фæйнæ 10 га – арендатор Бибылты В., «Алан» æмæ «Аз». Иууыл иумæ ацы культурæйæ банай кодтой 1355 центнеры, уыцы нымæцы «Тын»-400 ц, «Алан» – 200, «Икъорта» – 150 ц æмæ афтæ дарддæр. Районы 8 хæдзарады хъæбæрхор иууыл иумæ байтыдтой 176 га æмæ дзы æдæппæт банай кодтофй 1774 центнеры. Тыллæгæрзады фæстиуæг Къостайыхъæуы паддзахадон хæдзарады арендатортæм рауад 1160 ц, «Æндидзынад»-мæ – 112 ц, «Алан»-ы – 200 æмæ æнд. Нартхоры культурæ фæйнæ 2 гектары байтыдтой Æлборы фырты зæхкусæгон-фермерон хæдзарад «Сæуæхсид» æмæ Къостайыхъæуы хæдзарады арендатортæ. Хъæдур иу га байтыдта «Икъорта» æмæ дзы райста 10 ц, сысджы та байтыдтой Къостайыхъæуы арендатортæ 5 га, «Тъбет»-ы хæдзарад – 26 га, «Сæуæхсид» – 9 га, «Аз» – 8 га, «Икъорта» та иу гектар æмæ сæм æдæппæт тыллæгæрзады бæрæггæнæн рауад 207 ц. Холлагæн люцернæ раздæр азты байдыдтой 25,5 га æмæ дзы райстой 992 ц, эспарцет кæрдæджы фæзуат та у 39 га, уыцы нымæцы «Æндидзынад»-ы – 23 га, Зæгъойты А. арендæйы – 10 га æмæ фæйнæ æртæ га та «Аз» æмæ «Сæуæхсид»-ы.

 

ФОСДАРДЫ КЪАБАЗЫ

Районы стурвосдарды куыст кæнынц 12 хæдзарады æмæ иууыл иумæ сæ фосы нымæц хæццæ кæны 414, уыцы нымæцы иууыл фылдæр стуртæ нымадæуы «Арцеу» æмæ «Тын»-мæ – фæйнæ 100, «Алан» – 64, «Цъунар» Лохы фыртмæ – 26, фæйнæ 21 «Тъбет» æмæ «Сидук»-ы. Хъуццытæ та хæдзарадты æдæппæт сты 202. Æхсызгон у, фысдарды куыстыл дæр йæ къух кæй нæ исы иу хæдзарад æмæ иууыл иумæ йæ фысты нымæц у 1330. Бæхтæ дарынц ахæм хæдзарадтæ, куыд «Тъбет» – 3, «Алан» – 6, «Сидук» – 2 æмæ иу та ис «Фат»-мæ, «Виктория»-йы хæдзарады мæргътæ ис 100 æмæ «Алан»-мæ та – 50. Банысангонд рæстæгмæ районы хæ-дзарадты родты нымæц у 145, уыцы нымæцы «Тын»-ы – 60, «Алан»-ы – 25, «Арцеу»-ы – 16 æмæ афтæ дарддæр.

 

АРÆЗТАДОН-ЦАЛЦÆГГÆНÆН КУЫСТЫТÆ

Районы администрацийы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, йæ фадæттæ æмæ уавæртæм гæсгæ хорз архайы хъæууон фæллойгæнджыты домæнтæ æххæст кæныныл. Уыдон та цъус не сты, зæгъæм, иуæй-иу хъæутæ æййафынц нуазыны доны хъуагдзинад, æндæр бынæтты рæстмæ не сты фæндæгтæ æмæ уый аххосæй зындзинæдтæ æвзарынц куыд фистæгæй цæуджытæ, афтæ транспорты хицæуттæ дæр. Ныртæккæ та арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæм æрæвнæлдтой Тъбеты хъæууон администрацийы бæстыхайы. Ацы бонты йæм цалцæг кæнынмæ фæзындысты хæдзарады бригадæ æмæ дзы цалцæггæнæн-арæзтадон куыстытæ сæххæст кæндзысты куыд æддейæ, афтæ мидæгæй дæр. Хорз уыдзæн, хъæрмадон системæ йæм уагъд кæй æрцæудзæн, уый дæр. Коммуналон хæдзарады хистæр Хъотайты Барис ныфс бавæрдта, арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ кæй сæххæст кæндзысты иу мæйы æмгъуыдмæ. Ахæм куыстытæ ма æххæст кæнынц Зары хъæууон администрацийы бæстыхайы дæр.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.