Ныр цалдæр азы, Стыр Уæлахизы боны размæ, РХИ-йы территорийыл хæстон архайдтыты рæстæджы инвалид чи систы, уыдоны æххуысы фонд, йæхимæ æрбахоны Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты æмæ тымбыл фынджы уæл-хъус æрдзурынц æмæ æрымысынц сæ хæстон æмбæлтты.

Ветерантæй тымбыл фынджы куысты хайад райстой горæты Ветеранты Советы сæрдар Гобозты Æхсар, Республикæйы Ветеранты советы сæрдары хæдивæг Уалыты Гайоз æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеран Уалыты Лидия. Афтæ ма хæсты фæцæфуæвæг инвалид лæппуты æххуысы фонды управленийы уæнг, зынгæ хирург Зæгъойты Никъала æмæ фонд кæмæн æххуыс кæны, уыцы лæппутæ цалдæрæй. Ветерантæн райдианы арфæйы ныхæстæ загъта фонды сæргълæууæг Плиты Мадинæ “Ныр 73-æм хатт нысан кæнæм Стыр Уæлахизы бон. Зынаргъ ветерантæ, мæ зæрдæ уын зæгъы æнæниз цæрæнбонтæ. Сымахæй исынц цæвиттон рæзгæ фæлтæр. Сымахыл ахуыр кодтой, абон фонды цы лæппутæ ис, уыдон, Райгуырæн зæхх хъахъхъæнын. Махæн иумиаг бирæ ис, уымæ гæсгæ, сымахимæ дзурын, махæн алы хатт дæр æхсызгон вæййы», – дзырдта уый.

Зæгъойты Никъала дæр ветерантæн раарфæ кодта «æмæ сын йæ цæст бауарзта бирæ азты цæрæнбон, загъта, зæгъгæ, дохтыр уæвгæйæ, алы ветераны æнæниздзинады уавæримæ дæр зонгæ дæн, фæлæ уæддæр хъысмæты фыдæнæн куыд хъæбатырæй лæуут, уый тыххæй уын, зæгъгæ, стыр бузныг.

Республикæйы Ветеранты советы сæрдары хæдивæг Уалыты Гайоз банысан кодта стыр Уæлахизмæ ирон адæмы стыр хайбавæрд. Хуссар Ирыстоны, зæгъгæ, иунæг хæдзар дæр нæй, хæстæй æвыдæй чи баззад. Уыдонæн сæ фылдæр баззадысты хæсты быдыры. Чи æрыздæхт, уыдон та цæнкуылтæ æмæ низджынтæй. Нæ адæмы ныры æмæ фидæны фæлтæртæ, зæгъгæ, кæддæриддæр сæрыстыр уыдзысты сымахæй.

Тымбыл фынджы уæлхъус дискусситы фæстæ, ветерантæ райстой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Уазæгты Марфæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.