Стыр арфæйаг сты, Ирыстонæй дард уæвгæйæ, нæ ирон æгъдау æмæ культурæ чи парахат кæны, уыдон. Ныры дуджы, нæ удварн куы фæцудыдта, нæ нацийы хæзнатæй бирæтæ рохуаты куы зайынц, уæд  дард рæтты та бирæтæ сæ бахъахъхъæныныл сæ уд хъарынц. Дæ адæмæн дæ балæггад кæнын куы фæнда, уæд кæм фæнды у, де ‘нкъарæнтæ алы ран дæр равдисдзынæ.

Дард Уæрæсейы зæххыл йæ адæмы культурæ рох кæнын чи нæ уадзы, уыдонæй у, Санкт-Петербурджы ирон æхсæнады бындурыл чи сырæзт, уыцы Адæмон вокалон-хореографион ансамбль “Ирыстон СПб” дæр. Аивады ацы артдзæст 17 азы дæргъы Петербурджы цæрæг адæмæн хæссы цин æмæ зæрдæрухс. Рацыд дзы бирæ курдиатджын фæсивæд. Сæ гастролтæ вæййынц дунейы алы къуымты. Сæ уæлахизтæн нымайæн дæр нæй. Ансамблæн бирæ азтæ снывонд кодта æмæ йын абоны онг дæр лæггад кæны йæ аивадон разамонæг, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг Æлдаттаты Фатимæ. Йæ Президент æмæ меценат та у Цæкуылаты Арсен.

6-æм майы та ансамбль “Ирыстон СПб” равдыста, сезоны кæрон куыд вæййы, афтæ йæ дзуаппон фильм-концерт “Бузныг”, зæгъгæ, ахæм номимæ. 400 адæймаджы бынат кæм ис, уыцы залы къухбакæнæн дæр нæ уыд. Концертмæкæсджытæ федтой ансамблы сноггонд программæ, музыкæ, ног формæ, кæфтыты ног хуызтæ.

Ацы концерт иннæтæй уымæй хицæн кодта æмæ кафт æмæ зарды номыртæ документалон фильмимæ кæрæдзи ивгæ кæй цыдысты.  Сценæйыл æвæрд экраныл æвдыст  цыдысты алыхуызон мидисджын видеоæрмæджытæ. Организатортæ бацархайдтой, цæмæй концертмæ кæсæг бамбара ирон адæмы миддуне, нæ культурæ, нæ традицитæ, ныртæккæ нæ царды уаг, Кавказы иннæ адæмтæй цæмæй хицæн кæнæм, нæ кæфтыты нысаниуæг æмæ сусæгдзинæдтæ æмæ афтæ дарддæр. Зæгъæм, искæцы кафтмæ бакæсыны фæстæ-иу кафты равзæрд æмæ нысаниуæгимæ адæм базонгæ сты видеоæрмæджытæй.

Ансамблы æнтыстытыл бирæ дзурæн ис, фæлæ зæгъдзынæн, ацы аз сын январы мæйы Эстонийы цы стыр кад скодтой, уый тыххæй. Уым ансамблы схорзæхджын кодтой æппæт уæлдæр хæрзиуджытæй дæр. Хуыздæрты хуыздæрыл та нымад æрцыдысты “Хонгæ” æмæ “Хохаг кафт”. Уыдонæй уæлдай ма сæ репертуары сты “Симд”, «Ерысы кафт», туаллаг, абхазаг æмæ æндæр кафтытæ.

Ансамблы аивадон разамонæг Æлдаттаты Фатимæ куыд зæгъы, афтæмæй кафын сахуыр кæнын зын нæу, зын у йæ нысаниуæг ын адæмы размæ рахæссын. Кафты ахсджиаг сты алы лыстæг фæзилæнтæ, дзаумайы конд, цæстæнгас, хи дарын…

“Мæ фыд, стæй ме ‘ввахс хиуæттæ æдзухдæр тырныдтой ирон æгъдæуттæ рæсугъдæй æххæст кæнынмæ. Уыцы фарн мæ туджы бацыд мæ сабибонтæй фæстæмæ æмæ йæ æз дæр дарддæр дæттын мæ ахуыргæнинæгтæн. Ирыстонæй дард цы сывæллæттæ райгуырд æмæ хъомыл кæны, уыдонæн зын у сæ адæмы цард æмæ культурæ бæстон рафæлгъауын æмæ мах дæр ууыл архайæм, цæмæй бамбарой, цы адæмæй сты, уый. Концертты уæлдай арæх скæнæм куывдты, чындзæхсæвты инсценировкæтæ, вæййы нын алыхуызон фембæлдтытæ. Концерты фæстæ мын адæм цы арфæтæ кæнынц, уыдонмæ гæсгæ, зæгъæн ис, нæ фæнд нæ къухы бафтыд, цы æндæр адæмыхаттытæ нæм æрбацæуы, уыдонæн та нæ ирон культурæмæ рæзы сæ цымыдис.” – зæгъы Фатимæ.

Ансамблы ис, кафын чи ахуыр кæны, ахæм кæстæр къорд, астæуккаг æмæ концерттæ чи дæтты, уыцы сæйраг къорд. Хореографийы уæлдай дзы ис вокалон, стæй рагон инструменттыл чи цæгъды, ахæм къордтæ. Дард Петербурджы ирон фæсивæды нæ фыдæлты рагон музыкалон инструменттыл чи ахуыр кæны, нæ национ хæзнатæ сын чи уарзын кæны,  уый у къорды аивадон разамонæг Джиоты Хазби. Ансамблы ис дохтыртæ, экономисттæ, архитектортæ… йæ активисттæ сты Пагæты Аслан, Дзиццойты Давид, Засеты Давид, Плиты Хетæг æмæ Георги, Бузойты Тигран, Цоциты Агуындæ, Дзуццаты Зæринæ, Зохъоты Зæлинæ, Къусраты Роксанæ, Гæджиты Иринæ, Бестауты Наташæ, Дриаты Миленæ æмæ бирæ æндæртæ. Уыдон цы фæнды æнæвдæлонæй дæр ссарынц рæстæг æмæ фарн æмæ циндзинад хæссынц Невайы былыл ирон, стæй æндæр адæмтæн дæр.

Стыр бузныг, Ирыстонæй дард уæвгæйæ йæ ирондзинад чи нæ сафы, йæ бахъахъхъæныныл чи архайы æмæ йæ адæмы ‘хсæн чи парахат кæны, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр.

ДРИАТЫ  Зæринæ,

    Санкт-Петербург, ансамбль

    “Ирыстон СПб” -йы раздæры уæнг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.