Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕст куы райдыдта, уӕд куыд ӕндӕр мыггӕгтӕ, афтӕ Бекъойты мыггаг дӕр стыр активонӕй сӕхи равдыстой. Тохы быдырмæ чи фæцыд,уыдонӕй сӕ иу уыд Бекъойты Гаврил (Бега).

Уый  райгуырд 1910 азы Джеры хъæуы зӕхкусӕджы хӕдзары. Йӕ фыд Руха уыд бирӕ бинонты хицау ӕмӕ йӕ йӕ къух куыд амыдта, афтӕ разӕнгард кодта йӕ кӕстӕрты ахуыры фӕндагыл. Гаврил скъола каст фӕци горӕт Цхинвалы, стæй  уӕд бацыд Цхинвалы педтехникуммӕ, уый фӕстӕ ахуыр кæнынмæ ацыд Свердловскы институтмӕ, фӕлӕ йын цæрыны фӕрӕзтӕ кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй дзы иу чысыл ацахуыр кодта ӕмӕ йӕ стӕй ныууагъта. Уырдыгӕй фӕстӕмӕ рыздӕхт Хуссар Ирыстонмӕ ӕмӕ кусын райдыдта скъолайы математикӕйы ахуыргӕнӕгӕй, фӕлӕ Гаврил уӕддӕр ахуырмӕ бӕлгӕйӕ иу ран нæ лӕууыд ӕмӕ фæсаууонмæ фӕлварӕнтӕ радта Мӕскуыйы паддзахадон университетмӕ. Ӕмӕ Гаврилӕн йе стыр бӕллиц сӕххӕст ис: уый ахуыр дӕр кодта ӕмӕ йӕ куыст дарддӕр кодта Дзауы скъолайы. Уалынмæ йӕ цард баиу кодта дзауаг чызг Санахъоты Аннӕ Владимиры чызгимӕ.

Гаврил йӕ бинойнагимӕ царды фӕндтӕ кодтой, фӕлӕ Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты фӕдис куы айхъуыст, уӕд фӕстӕ нӕ фӕлӕууыд ӕмӕ 1941 азы Дзауы скъолайӕ, урокӕй афардӕг хӕстмӕ. Райдианы ӕрвыст ӕрцыд Бакомӕ. Ам уый фӕци ӕртӕмӕйон курсытӕ ӕмӕ стӕй ӕрвыст ӕрцыд Цӕгат Кавказы фронты санитарон баталонмæ.

Гаврил тохы быдырӕй хаста ӕмӕ ирвӕзын кодта уӕззау цӕфты, кодта иу сын фыццаг медицинон ӕххуыс, комкоммæ тохы быдыры, уымӕ гӕсгӕ йӕхӕдӕг дӕр иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фæцæф аирвӕзт-иу мӕлӕты дзӕмбытӕй.

Бекъойы фыртæн хæсты йæ фæндæгтæ цыдысты Краснодар, Новороссийск, Прибалтикӕ, Украинӕйыл. Ныхæццæ, Берлинмæ. Афтæ уый рацыд хæсты уӕззау фӕндагыл Цӕгат Кавказӕй суанг Берлинмӕ. Берлин знагӕй ссӕрибар кӕныны тыххӕй Гаврилӕн лӕвӕрд ӕрцыд Сырх Стъалыйы орден, уымæй дарддæр ма хорзӕхджын æрцыд бирӕ майдантӕ ӕмӕ ордентӕй.

1945 азы Гаврил демобилизаци ӕрцыд æрыздӕхт йӕ райгуырӕн къуыммӕ ӕмӕ кусын райдыдта Цхинвалы дыккӕгӕм скъолайы математикӕйы ахуыргӕнӕгӕй. Фæстæдæр æй снысан кодтой дыккӕгӕм скъолайы цы изӕрыгон скъола уыд, уымæн ахуырады хайады сӕргълӕууӕгӕй. Ам фӕкуыста суанг йӕ амӕлӕты бонмæ. Йæ цардæй та ахицæн 1971 азы.

Гаврил йӕ фӕстӕ ныууагъта хорз кӕстӕртӕ: йæ хистӕр чызг дзӕнӕттаг Элеонорӕ уыд дохтыр, йӕ дыккаг чызг Замирӕ у ахуыргæнæг,   йӕ фырт Боря та уыд курдиатджын инженер, фӕлӕ ӕрыгонӕй ахицæн йæ цардæй.

Мах, абоны фӕлтӕр йæ фæстагæттæ,  сӕрыстыр стӕм, ахӕм диссаджы лӕгтӕ кӕй уыд нӕ хӕдзарвӕндаджы, уымӕй.

Гаврилӕн баззад фронтӕй æрвыст фыстӕг Асаты Реуазмӕ, уый фыссæгимæ уыд тынг хӕлар. Реуаз йӕ чингуыты иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ ракодта Гаврилы кой. Фыстӕг фыст ӕрцыд цыппӕрӕм февралы 1944 азы.

«Дæ бон хорз, зынаргъ Реуаз. Куыд цæрыс, куыд у де ‘нæниздзинад?

Зынаргъ Реуаз, райстон дын дæ фыстæг 1944 азы февралы æмæ мын уыд тынг æхсызгон, раст дын цыма дæхи федтон, афтæ. Æз дæр сæрæгас æмæ æнæниз дæн. Нуазæм Днепры донæй, цыфыддæр знæгты сурæм ныгуылæны рдæм. Стыр зынтæй лæууынц фæстæмæ, фæлæ сæ хъомысджын Сырх Æфсад æппары фæстæмæ. Реуаз «Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй» майданæй дæ схорзæхджын кодтой?..

Хæрзбон, Гаврил».

Ахæм уыди джераг хæстон Гаврилы цардвæндаг. Йæ ном никуы уыдзæн рох сæрыстыр дзы чи у, уыцы фæлтæртæй.

Бекъойты Майя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.