Адæймаджы гуырцон-æрдзон хъомыс ифтонг æрцæуы мад æмæ фыды тугæй-хъæстæйæ. Туг хæссы, мыггаг зоны æмæ нæ сæфынц авд фæлтæрмæ, зæгъгæ, дзырдтой хæрзаудæнæй нæ рæстаг фыдæлтæ, æмæ раст хъуыды кодтой. Фæлæ сывæллонæн райгуырæн бонæй фæстæмæ йæ рæзты фæндагыл бирæ цæлхдуртæ вæййы, æмæ уыдон сты хынцинаг фыццаг бинонты, стæй та   адæмы астæу.

Адæймагæн курдиат æрдз ратты, фæлæ хатгай фæхъæуы ахæм адæймæгтæ, кæцытæ дын баххуыс кæндзысты дæ курдиат ирдæй раргом кæнынæн. Слæууын дæ кæндзысты раст фæндагыл æмæ дын зæрдиагæй æххуыс кæндзысты, кæсдзысты дæм уарзæгой цæстæй. Фæлæ цæмæй рæзгæ фæлтæр раст фæндагыл слæууын кæнай, уый тыххæй хъуамæ адæймаг йæхæдæг дæр лæуд уа раст фæндагыл, адæм æй уарзой, кад ын кæной, нымайой йæ, йæ ныхасæн æхсæнады уа аргъ.

Ирон æгъдау уæрæх æмæ мидисджын у. Æгъдаухæссæг, фыццаджыдæр, хъуамæ уа хæдзары хистæр, уымæн æмæ кæстæртæ уымæ кæсынц. Куыд дарæм нæхи? Цардмæ цы цæстæй кæсæм? Цы зондахаст нæм ис? Ахæм адæймæгтæй иу у Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим. Ирон лæг фæзминаг æмæ æххæст цы миниуджытæй у, уыдонæй хайджын у Вадим. Уый æнæвгъауæй йæ цард нывонд кæны рæзгæ фæлтæрæн.

Нæ цытджын ректор Тедеты Вадим æнæрынцойæ архайы, цæмæй алы хъуыддаджы дæр университет уа размæдзыд. Хорзæй хорз куы зæгъай, уæд уый æппæлыны миниуæг нæу. Адæймаг йæ хъуыддæгтæй рабæрæг вæййы. 

Стыр хъусдард здæхт цæуы хæрзæгъдауон хъомылады фарстытæм. Æрвылбон дæр уагъд фæцæуы алыгъуызон мадзæлттæ, фембæлдтытæ æмæ ерыстæ. Арæх уадзынц тымбыл фынгтæ, онлайн-видеоконференцитæ.

Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты бæстыхай ныртæккæ у æппæты  аивдæр æмæ стырдæр  бæстыхæйттæй сæ иуыл. Ис дзы спортивон комплекстæ, автоскъола, типографи æмæ йæхи видеостуди. Студенттæн дзы арæзт цæуы æппæт фадæттæ дæр дæсныйадимæ алывæрсыг зонындзинæдтæ исынæн. Æппæт ацы мадзæлттæ пайда сты студенттæн сæ фидæны дæсныйад бауарзын кæнынæн.

Уæдæ кæд абоны царды æппæт куыстуæттæ дæр аздæхтой сæ хъус парахатæй нырыккон фæрæзтæй пайда кæнынмæ, уæд университет дæр фæсте нæ баззад: Тедеты Вадимы руаджы кабинеттæ ифтонггонд æрцыдысты ног техникæйы фæрæзтæй. Нырыккон кусæнгæрзтæ студенттæн сты æнцонархайд. Куыд сæ ахуырадон, афтæ се сфæлдыстадон курдиат дæр раргом кæнынæн университеты арæзт цæуы æппæт фадæттæ. Хорз уавæртæ сарæзтой ахуыргæнæндоны кафджыты къордæн. Спортзалты ис æппæт хъæугæ спортивон ифтонггæрзтæ. Æмдзæрæн дæр æрцыд цалцæггонд, ис дзы сыгъдæг æмæ райдзаст агъуыстытæ. Æппæт ацы куыстытæ конд æрцыдысты нæ паддзахад æмæ ректор Тедеты Вадимы  тыхты фæрцы.

Фӕстаг ӕзты тенденци равдыста, кӕд ӕмӕ раздӕр иууыл хуыздӕр абитуриенттӕ цыдысты республикӕйӕ ахуыр кӕнынмӕ, уӕд ныр та бирӕтӕ баззайынц Хуссар Ирыстоны ӕмӕ свӕййынц ХИПУ-йы студенттӕ.

Тедеты Вадим бахахх кодта, 2016 азы ХИПУ-йы кӕй фӕфылдӕр студентты нымӕц. «Куы ӕппӕлӕм ахӕм фӕстиуджытӕй, уӕд бирӕтӕ фӕдзурынц, уый кӕй сӕххӕст кодтам ног комплексы руаджы. Фӕлӕ 2016 азы махӕн нырма нӕ уыд ацы комплекс. Уый нын равдыста, адӕм кӕй уынынц, куыд райтынг ис нӕ ахуыргӕнӕндон алкӕцы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ дӕр», – загъта ректор.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахуыргӕнӕндоны студенттӕ цӕсгомджынӕй хъахъхъӕнынц Хуссар Ирыстоны кад республикӕйы ӕддейӕ. Ууыл ӕндавы  скъолайы ахуырады гъӕд.

Тедейы фырты хуымæтæг зæрдæйы ахастæн æмæ йæ уды рæстаг скондæн кæрон нæй. Цард цард у, алы адæймагыл дæр хæс æвæрд ис цардыуагæй, фæлæ уыцы хæс се ‘ппæт æмхуызон не ‘ххæст кæнынц.

Кæддæр ирон дзырды зæрингуырд, дзæнæтыбадинаг Джыккайты Шамил афтæ фыста: «Нæ удыхъæд афтæ арæзт у, æмæ сгуыхт лæг агурæм кæнæ историйы, науæд таурæгъты. Афтæмæй сгуыхт арæх сæнтысы нæ разы, фæлæ йæ нæ уынæм, нæ хатæм».

Уæдæ Вадимы схонæн ис æцæг ирон лæг, æнæкæрон уарзтæй цы райгуырæн Ирыстон уарзы, уыцы адæмы цæсгом, фæсивæды фидæнмæ рухс фæндагамонæг æмæ номхæссæг. Уымæн æмæ у иузæрдион йæ райгуырæн бæстæйыл, нæ фæсивæды сомбоныл… Кæддæриддæр æй фæнды, цæмæй йе ‘ппæт кусджыты æмæ студентты дадзинты дæр æнхъæвза ирон туг, ирон фæзминаг фыдæлты уаг æмæ æгъдау. Æмæ йæ къухы бафтыдысты уæлдайджынтæй.

Бузныг стæм нæ ректоры хуызæн фæрнджын, зæрдæйæ хъæздыг, зонд æмæ курдиатæй стыр хайджын адæймагимæ зонгæ кæй стæм, уымæй. Никуы ницæмæй фæриссын кодта студентты зæрдæ. Се ‘хсæн ис хъарм, фæлмæн ахастытæ. Йе ‘ххуыс сæ кæм бахъæуы, уым кæддæриддæр вæййы сæ фарсмæ.

Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ, адæймаджы рæсугъд схонæн ис æрмæст йе ‘ддаг бакастæй нæ, фæлæ йæ уды скондæй, йæ миддунейæ дæр. Ахæм рæсугъд уды хицау у Вадим дæр.

ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.