Хаджеты Таймураз райгуырд 1945 азы Хуссар Ирыстоны Ногхъæуы. Цы артдзæсты райгуырд, уым кæддæриддæр аргъ кодтой фæллойæн æмæ адæмы фарнæн. Иры зæххыл стыр фæд чи ныууагъта йе ‘гæрон фæллой æмæ зæрдæйы фарнæй, уый, Таймуразы æфсымæр Джуссойты Нафи дæр æнæ-хъуаджы нæ дзырдта, зæгъгæ, адæймаг кæны дыууæ гъуызы фæллой. Сæ иу у армæй кæй аразæм, уый, иннæ та удварны фæрцы цы кусæм, уый. Ацы дыууæ гъуызы фæллой дæр ахсджиаг сты, зæгъгæ. Æмæ æцæгæйдæр, фæл-лой кæнын сæ царды сæйраг нысан уыди ацы дыууæ фæрнджын æфсымæрæн.

Хаджейы фырты цардвæндаг цыбыртæй сныв кæнын æнцон нæу, уымæн æмæ йæ цыбыр царды дæргъы, (фæхъуыди 51 аздзыдæй 1996 азы) уый стыр сфæлдыстадон фæндæгтыл рацыд, бирæ сагъæстæ йын бантыст йæ зæрдæйы дадзинтæй ныффæрсудзын, бирæ йын бантыст йæ радтæг адæмæн уарзон ныхæстæ зæгъын æмæ ныффыссын. Æрвон стъалыйы ферттывдау уыд йæ хъысмæт, æвæццæгæн æй никуы æрæвдæлд йæ абоныл, йæхи хæрзиуæгыл, йæ фидæныл ахъуыды кæнынмæ дæр, науæд цæмæн бахардз ис афтæ раджы йæ уды хъару, цæмæн раджы ахуыссыд йæ царды цырагъ! Хаджеты Таймураз зæххыл ныууагъта рæсугъд фæдтæ, зæлланггæнæг зарджытæ, буц хæлæрттæ, йæ зарджытæ йын къухæй къухмæ исынц Ирыстоны курдиатджын фæсивæд, зарынц сæ цæссыгимæ, йæ уды тæмæны уацары уæвгæйæ. Бирæ нырыккон поэтты сфæлдыстадыл ирдæй зыны йæ поэтикон тыхы æндæвдад.

Хаджеты Таймуразы литературон къæбицы чингуыты номхыгъды ис  æмдзæвгæты æмбырдгæндтæ «Фараст барæджы», «Хъысмæт æмæ зарæг», «Зæйраскъуыды уынæр», «Фæндæгты фарн», æмæ афтæ дарддæр.

Таймуразæн 1 марты уыд йæ гуырæбон æмæ уый охыл мыхуыр кæнæм йæ фыст æмдзæвгæтæй цалдæр.

 

МЕ ‘ВЗАГ

У иу æвзаг дæр а-дунейæн фаг,

Фæлæ нæ ивынц мады риу æндæрыл!..

Мæлæн дын нæй, мæ фыдæлты æвзаг,

Кæд ма æрбайсæфт хоры нæмыг мæры?!

Ды незаманæй ацы боны онг

Нæ фесæфтай дæ уаз хъæлæс, дæ намыс.

Æнус-æнус дæ сыгъдæг уды конд

Цырен арт æмæ карды комыл бахсыст.

Тыгъд быдыры дыл дымгæйы ныхмæ

Лæхурдта Скиф йæ тызмæджы ныхæстæ.

«Тох!.. Тох!..» — сæрмæттаг сабийы дзыхæй

Ысхаудта дзырд – лæг у, æрцыд йæ рæстæг!

Гуыпп… Мыхъхъ… Тъæпп… Дæнг, —

ныффæсус и дæ хъуыр.

Ныццарыдта алайнаг мады хъарæг…

Фæразон дæ, æнхъæлмæгæс, мæгуыр:

Кæд дыл ныккæндзæн иу фæрныг та зарæг!

Фæлæ дæ рæстæг а фарнæй хызта,

Дæ сызгъæрин æй ракалын нæ фæндыд…

Ныззарыд уæд Ирон лæппу — Къоста —

Æмæ дæ тулдз йæ уидæгтæм нызмæлыд.

Мæлæн дын нæй, мæ фыдæлты æвзаг,-

Дæ зæронд мад у ацы зæххы къори,

Æмæ куы сæфай (ма зæгъæд ызнаг),—

Дæуимæ сæфы дунейы истори!

 

ИРЫСТОНЫ ГИМН

Нæ дун-дунейыл

Арфæйаг у,

Уарзон Ирыстон, нæ ныфс!

Уадз æмæ арф кæмттæй

Ивыла зарæг,

Ды дæ нæ цин уа, нæ рыст…

Ой, мæнæ тох!

Фарны къæсæрыл

Райхъал у ды,

Ма хæсс æгадмæ дæ сæр!

Оххай, нæ фыдæлтæ —

Сагсур алантæ,

Чи уыд сымахæй лæгдæр?!

Ой, мæнæ тох!

Царды уæлахиз

Чи фæкæны, —

Ахæм амонд та кæм ис?

Хур дæм фæхуддзæни,

Райгæ, Ирыстон, —

Уый у дæ бон уа, дæ ис.

Ой, мæнæ тох!

Уарзон дзыллæтæн

Сойхæссæг у.

Кал сын, æрвæрдынау, рухс.

Уадз æмæ Ирбæсты

Ихбазыр арвыл

Ма кæна стъалы фæлурс…

Арфæйаг у!

 

ПОЭТÆН

Æфстау исгæ нæ вæййы амонд,

Нæдæр уæлахиз уа, æнтыст.

Цы дæм ис тугвæллойæ абон, —

Уый у дæ хъизæмар, дæ куыст.

Æмæ дзы райгондæй ыздæхыс,

Ыскодта дæ дæ рæстæг зæд, —

О, ма-иу зæгъ: лæууын мæ къæхтыл,

Уæлахизæн мын у æгъгъæд!

Нæ дын ныббардзæни дæ рæстæг,

Нæдæр — цыфыддæры ызнаг:

Бæллиццаг амонды тæрæзтыл

Нæ вæййы рог уæлахиз фаг.

Æмæ дæ-иу уæд ма уæд рохы:

Къуывдæг, мысты хуынкъау, — дæ къæс,

Æрвылбон хæцæны дæ, тохы,

Æмæ дæ хъысмæтыл æввæрс!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.