Тугæй ирон нæ уыд, фæлæ махмæ, ирон адæм æмæ Ирыстонмæ ахæм æнахуыр хъарм зæрдæ дардта, афтæ нын садджын кодта йæхи æмæ нæм афтæ кæсын райдыдта, цыма ам, нæхимæ райгуырд æмæ схъомыл, цыма италиаг лæг нæ уыд, фæлæ ирон – йæ цъæлгæнаг фæлмæн уырыссаг æвзаг дæр нæм куыдфæстагмæ ирон æвзаджы хуызæн райдыдта кæсын…

Цæмæн, цы нын сарæзта ахæмæй, цæмæн æй айстам афтæ æввахс нæ зæрдæмæ?

Уымæн æмæ уый уыд, абон дæр ма йæхи цивилизацийы авдæн чи хоны, фæлæ хъæддагдзинад æмæ къахбайдзинад уæззау дуртæ кæй цивилизацийыл  ныффæлдæхтой, уыцы Европæйы æнуд тары иунæг ныфсы рухс. Æрмæстдæр уымæ разынд уыцы æнуд политикон сымæры, рæстаг адæмты сæрыл тох кæныны лæгдзинад æмæ ныфсхастдзинад. Æрмæстдæр уый зыдта искæй рыстæй риссын, искæй фæдисы хъæрмæ байхъусын. Европарламенты депутат куы уыд, уæддæр æмæ куы нал уыд, уыцы рæстæджы дæр.

Абон иуæй-иу аналитиктæ зæгъдзысты, зæгъгæ, Джульетто Кьезайæн Уæрæсе æмæ уырыссаг адæмимæ хæлар ахастытæ кæй уыд, уый тыххæй нæм каст ахæм цæстæй. Ома, Уæрæсейы цæстмæ нæм дардта ахæм хъулон хъарм ахаст.

Афтæ зæгъын нысан кæнид бынтон гæды ныхас!

Дунеон масштабы журналист æмæ политикон архайæгæн йæ бон уыд Уæладжыры комæй дæлæмæ йæ къах дæр макуы равæрдтаид, æмæ йын уый тыххæй ничи дæр дæлдæр абад загътаид, ничи дæр – уæлдæр абад…

Уый нæ, фæлæ йын маст дæр ничи скодтаид… Ирыстон æмæ æндæр рæстаг бæстæты тыххæй дунеон æмæхсæнадæн рæстдзинад кæй зонын кодта, уый тыххæй иу æмæ дыууæ хатты нæ бахауд уæззау скъæрæнты ныгуылæйнаг æмбыд демократийы азарæй…

Раст загъта номдзыд уырыссаг журналист æмæ философ Владимир Лепехин:

«Российский читатель осознает масштаб личности Джульетто Кьеза только терерь – после его смерти…»

Цæмæн зæгъы афтæ хъуыстгонд журналист æмæ философ? Уымæн æмæ Кьеза алыварсонæй дæр æмбæрста, хъомысджын Уæрæсе æмæ европæйаг цивилизацийæн æнæ сæ кæрæдзи уæвæн кæй нæй, уый. Цивилизаци европæйæ кæй рацыд, уый абон дæр дызæрдыггаг нæу, фæлæ йыл фæстаг азты цъыф къахæй балæгæрстой мæнг демократийы æнæджелбет хъузæттæ. Джульетто Кьезо та зондджын лæг уыд, дардмæуынæг политик æмæ хорз æмбæрста, чи амард, уыцы европæйаг цивилизацийæн ма райгас гæнæн кæй ис æрмæстдæр хъомысджын Уæрæсейы фæрцы. Æмбæрста уый дæр, абон уыцы æнуд тары паддзæхтæ чи сты, уыдон хъуамæ  Гуырдзыстон æмæ уый хуызæн агрессорты сæрыл ма хæцой, фæлæ Хуссар Ирыстоны æмæ уый хуызæн æфхæрд адæмты сæрыл. Уый куынæ уа, уæд нæй уæвæн европæйаг цивилизацийæн, уымæн æмæ æнæазым адæмы цард æмæ цæрыны бартæ кæм исынц, уым цивилизацийæн йæ хъæстæ дæр нæ уыдзæн, уым уыдзæн æрмæстдæр Джунглиты закъон.

Джульетто Кьеза фыццаг æмæ фæстаг нæ уыд, европæйæнгтæй Хуссар Ирыстонмæ йæ къах чи æрæвæрдта уыдонæй… Уыдис ма дзы, фæлæ-иу нын нæ ирон уæливыхтæй цы феппæлыдысты, уымæй дарддæр сæ нæ зæрдыл ницы бадардтам. Уый та… Æнæхъуыддаг нæм никуы æрцыд, йæ алы æрцыды фæстæ дæр-иу бирæнымæц европæйаг демократон институтты дуæрттæ бахоста, нæ рæстдзинад сæм фæхæццæ кæныны тыххæй.

Ахæм уыд æмæ йæ бон нæ уыд, цæмæй ахæм ма уыдаид, цæмæй уый дæр кафыдаид уыцы æнуд тары уæвджыты къæхты хъæрмæ æмæ йæхицæн адджын, æнæмаст къæбæр хордтаид. Уымæн аразы ахæм цæхгæр хатдзæг Владимир Лепехин:

«Для меня Джульетто Кьеза – аналог Эрнеста Хэмингуэя, но в журналистике. Разумеется, речь идет не о мировой известности и даже не о его творческом таланте. Аналогию я вижу прежде всего в мировоззренческой целостности и жизненной позиции этих двух фигур».

Журналистикæйы дæр æмæ дунеон политикæйы дæр Кьеза никуы уыд дуджы æмдзугæнæг, хур чердыгæй кæсы, уыцы рдæм кæсæг. Уый никуы тарст цард æмæ рæстдзинады цæвæнтæй, иудадзыг сæм дардта йæ ных, зындзинад, æфхæрд æмæ йæм цыфæнды тасæй дæр бæрзонддæр уыд адæймаджы сыгъдæг намыс. Алы хат дæр ын уыдис, рæстæджы домæнмæ гæсгæ нæ, фæлæ йæхи æнæцудгæ позици. Кæд ма йæ хъуыды кæнæм, уæд 2001 азы сентябры 11 æм бон Нью-Йоркы æрцæугæ  афтæхуыйнæг «теракты» тыххæй дæр фыццаг хатт уый загъта йæ ныхас, уый бадардта дунеон æмбыд демократийы цæстмæ æнæхъуаджы бабынуæвæг адæмы тæригъæд. Æмæ раст уыд. Рæстæг рацыд æмæ йыл бирæтæ райдыдтой сæттын, ахæм æнагъæттаджы фыдбылызæн æнæ официалон хицацауады хайадистæй уæвæн кæй нæ уыд…

Америкæйы Иугонд Штатты къæхтыхъæрмæ кафæг Европæйаг спектакль-майданы фæстæ дæр Кьезойы йедтæмæ ничи сдзырдта Уæрæсейы сæрыл. Уый йæ загъта æргомæй, 2014 азы Украинæйы европæйаг сæрмагонд службæты комкоммæ хайадистæй цы афтæхуыйнæг фæфæлдæхт æрцыд, уый кæй уыд æрмæстдæр Уæрæсейы позицитæ фæлæмæгъдæр кæныны тыххæй сæрмагондæй æрхъуыдыгонд примитивон растад, æндæр ницы…

Уæрæсейы хурхыл алыгъуызон санкцитæй бахæцынмæ куы æрхъавыдысты, уæдæй фæстæмæ Джульетто Кьеза æнæхъæн Европæйæн профессионалон журналистикæйы æмвæзадыл æмбарын кодта глобалон капитализмы фыдракæндон архайд, Уæрæсемæ сын æнæхъуаджы кæй ис ахæм æнæуынон æмæ æппæрццаг ахаст, æппæт уыдæттæ. Кæд ма абон исчи Европæйы уый æмбарынхъом у, уырыссаг, ома советон адæм куынæ уыдаиккой, уæд фашизмы амæттаг бирæ европæйаг бæстæтæ кæй бауыдаиккой, уæд уый, сæйраджыдæр, Кьезайы æвæллайгæ куысты фæрцы у…

Фæлæ æппæт уыдæттæ баззадысты ивгъуыд дунейы. Абон ма нæ бон у æрмæстдæр уыцы рухсыбадинаг рухс адæмагæн йæ ном мысын.

Фæлæ… Ахæм рæстæгмæ цæмæн æрхауд йæ æнæнхъæлæджы мæлæт?.. Æнæхъæн зæххы къорийыл цæрæг адæм та рæстдзинад базонынмæ бæлгæйæ сæ хъиутæ кæм хæрынц, Кьезайы хуызæн патроиоттæ æмæ рæстдзинады сæрыл тохгæнджытæ удыхосау кæм хъæуынц, растæндæр ахæм рæстæджы цæмæн ацыд йе нусон дунемæ рæстдзинады сæрыл æвæллайгæ тохгæнæг?..

Йæ мæлæты ахоссаг ын, гæнæн ис, коронавирус дæр схоной, фæлæ уымæн ныр бынтондæр ницыуал нысаниуæг ис… Махмæ никуыуал æрцæудзæн, нæ хъæстытæ йын никуыуал ракæндзыстæм, æмæ нал æнхъæлмæ кæсдзыстæм, нæ рæстдзинад нын фехъусын кæныны охыл та цивилизацийы хурхылхæцæг европæйаг æмбыд демократон институтты дуæрттæ кæд ныххойдзæн, уымæ…

Уый махæн уыд æнуд тары сæйраг ныфсы рухс æмæ нын ахуыссыд…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.