Чиаты Иосиф Къуыдаргомы цæрджыты ‘хсæн нымад цæуы æрзæткъахæн поселок Къуайсайы бындурæвæрæгыл.

Чиаты Иосиф уыд советон паддзахадон æмæ партион архайæг, коммунистон партийы Хуссар Ирыстоны областон комитеты фыццаг секретарь, 1943-1956 азты – Къуайсайы æрзæткъахæн управленийы директор. Æвзæрст æрцыд Советон Цæдисы уæлдæр советы æхсæзæм æрсидты депутатæй. Уымæ гæсгæ Къуыдаргомы цæрджытæ, уæлдайдæр та хистæр кары адæмы фæндон у йæ ном ын сæнусон кæнын. Чиаты Иосиф йæ рæстæджы стыр лæггад бакодта æмæ хорздзинæдтæ сарæзта Къуыдаргомæн, æмæ уымæ гæсгæ у ахæм кады аккаг. Чиаты мыггаджы  минæвары хъуыдымæ гæсгæ шахтерты поселок кæй фæрцы фæзынд, уымæн хъæуы цырт сæвæрын.

– Чиаты Иосиф уыд æрзæткъахæны бындурæвæрæг, йæ фыццаг директор дæр. Хъыгагæн, абон уымæн йæ номыл Къуайсайы нæдæр цырт ис, нæдæр – уынг. Уымæ гæсгæ сидын канд Чиаты мыггаджы нæ, фæлæ Къуайсайы цæрджыты номæй дæр, цæмæй йæ бон кæмæн куыд у, афтæ фæдаргъ кæной се ‘ххуысы къух æмæ Чиаты Иосифæн, куыд зынгæ гоймагæн, афтæ æвæрд æрцæуа цырт. Бюст у цæттæ, хъæуы ма йын йæ постамент сцæттæ кæнын. Уый та лæууы 140 мин сомы бæрц, – загъта Чиаты Мурик. Йæ ныхæстæм гæсгæ цырт хъавынц сæвæрынмæ Къуайсайы æрзæткъахæнмæ ссæуæны.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.