Ацы бонты, Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны  августы агрессийы трагикон цауты фæдыл нæ республикæйы фыдохы мадзæлттæ куы цæуынц, уæд нæ хуссар арæнты цур та ныр цыппæрæм хатт Гуырдзыстоны гарзджын тыхты æмæ АИШ-ы æфсады европæйаг командæкæнынады сæргълæудæй уагъд цæуынц НАТО-йы бирæнацион  ахуыртæ «Аккаг партнер 2018», зæгъгæ. Афтæмæй куыннæ хъуамæ æрæмысæм уый, æмæ 2008 азы августы Хуссар Ирыстонмæ æрбабырсынæй иу мæйы размæ дæр Гуырдзыстоны уагъд кæй цыдысты гуырдзиаг-америкæйаг иумиаг ахуыртæ «Немедленный ответ», кæцытæ гуырдзиаг къухдариуæгадæн радтой карт-бланш хуссарирыстойнаг сабыр цæрджыты скуынæг кæнынæн.

2008 азимæ аналогтæ аразгæйæ, зын бауырнæн у, уыдон куыд фехъусын кодтой, ома, иумиаг ахуырты нысан Сау денджызы регионы стабилондзинад æмæ æдасдзинады æмархайд кæй у, уый. Хуссар Ирыстоны ацы ахуырты нымайынц, куыд Фæскавказы регионы æфсæддон-политикон уавæры эскалаци æмæ барæй сызмæнтыны фæндагыл ног тæссаг къахдзæф, афтæ. Хуссар Ирыстоны цæрджытæй алчи дæр хорз хъуыды кæны, фынæй Цхинвалмæ æрбабырсынæй цалдæр сахаты размæ Гуырдзыстоны централон телеуынынадæй гуырдзиаг экс-президент Михаил Саакашвилийы ныхæстæ, зæгъгæ, Гуырдзыстон тыхæй не спайда кæндзæн Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы ныхмæ. Саакашвилийы ныхæсты абарæн ис Гуырдзыстоны ныры президент Г.Маргвелашвилийы ныхæстимæ, ома, Гуырдзыстоны «территориалон æнæхъæндзинад» гуырдзиаг салдаттæ сæндидзын кæндзысты сабырадон æгъдауæй. Рацыд фаг рæстæг, цæмæй гуырдзиаг къухдариуæггæнджытæ бамбарой æнæбы-цæуаг æцæгдзинад, Хуссар Ирыстон кæй никуы уыд Гуырдзыстоны хай. Иунæг барадон документ, кæцыйы бындурыл Хуссар Ирыстон нымад цыд Гуырдзыстоны ССР хайыл, у 1922 азы 22-æм апрелы «ГССР сконды Хуссар Ирыстоны Автономон область саразыны тыххæй декрет», кæцыйы аивта йæхæдæг хæдбар Гуырдзыстон 1990 азы.

Бынтондæр æмбæрстгонд æмæ райсинаг не сты искæйы территоримæ фæныхылдтытæ. Ивгъуыд фидæнæн хъуамæ зондзонæн уа, фæлæ, хъыгагæн, ацы принцип нæ кусы Гуырдзыстоны. 10 азы размæйы цаутæ адих кодтой нырыккон истори абоны онг æмæ уый фæстæйы рæстæгыл, регионы ног геополитикон реалондзинад банысан кæнгæйæ.

Фæлæ Тбилисы раздæрау нæ фæнды сæвзæргæ реалитæ нымайын, реваншистон зæрдæйыуаг хъахъхъæнгæйæ, æмæ уымæн та ахъаз кæнынц Вашингтон æмæ йе ‘мцæдисонты æргом ардыдтытæ. Уымæй дарддæр ма, ныгуылæйнаг бæстæты аудындзинадæй пайда кæнгæйæ, Гуырдзыстон сайы дунеон æмæхсæнады факттæ  зыгъуыммæ кæныны руаджы, йæхи агрессийы амæттаджы хуызы æвдисгæйæ æмæ Уæрæсейы та агрессор хонгæйæ, кæд æмæ Уæрæсейы бахъуыд Хуссар Ирыстоны адæмы бынтон скуынæг кæнынæй аирвæзын кæныны тыххæй Гуырдзыстоны фидыдадмæ æркæнын, уæддæр. Хуссар Ирыстон лæмбынæг йæ хъус дары æмæ анализ аразы йæ хуссайраг арæнты сæвзæргæ уавæрæн, æмæ  куы бахъæуа, уæд райсдзæн адекватон мадзæлттæ йе ‘дасдзинад сифтонг кæныны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.