Сразыдзинадыл къух æрфыссыны фæстæ Валерия Булыгайы йæхимæ райста РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли.

Президент Валерия Булыгайæн æгасцу зæгъыны фæстæ банысан кодта: «Махæн кæдфæндыдæр æхсызгон у æфсымæрон республикæтæй уазджыты æрцыд Хуссар Ирыстоны зæхмæ. Кæрæдзийы бæстæты хæдбардзинады банымад махæн ноджыдæр гом кæны нæ республикæты ‘хсæн ахастытæ рæзын кæныны ног уæрæх фадæттæ. Хъарм ахастытæй дарддæр уæлдай нæ фæнд у базарадон-сæудæджерадон æмгуыстад йæ къахыл слæууын кæнын дæр. Уый тыххæй нæ хъæуы æууæнкджын партнертæ. Мæн ныфс ис, бирæ фадгуыты кæй ссардзыстæм иумиаг фæндæгтæ. Курæг дæ дæн, цæмæй уæхимæ куы аздæхай, уæд мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ зæгъай уæ республикæйы адæмæн. Мæ хæлар, Донецкы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Захарченкойæн мæ зæрдæ зæгъы уæлахизтæ æмæ æнтыстытæ. Сæрыстырдзинад æмæ уарзондзинады æнкъарæнтимæ йын мæ цæст уарзы сабырдзинад, фæрныгад æмæ бæркад, канд йæхицæн нæ, фæлæ ма, цы республикæйы сæргъ лæууы, æппæт уый æмбæстæгтæн. Цæттæ дæн уый тыххæй æппæт тыхтæ радтын æмæ мæнæй цы кæнгæ у, уый саразынмæ дæр», – дзырдта Бибылты Анатоли.

Фысымты хъарм ахасты тыххæй зæрдæбын арфæтæ ракодта Валерия Булыга дæр. «Уæ æрдз æмæ хæхтæм кæсгæйæ, мæхи банкъардтон аргъауы. Нæ фыццаг иумиаг къахдзæфтæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, сты дарддæры æмгуыстады бындур. Нæ бæстæты ‘хсæн ахастытæ рæзын кæнынæн фадæттæ канд базарадон-сæудæджерадон палатæйы къабазы нæй, фæлæ ма ахуырад, æнæниздзинад хъахъхъæнын, базарадон технологитæ æмæ банджы фадгуыты. Абон мах къухтæ цы сразыдзинадыл æрфыстам, уымæ гæсгæ дыууæ республикæйы базарадон-сæудæджерадон палатæтæ сæ хъус дардзысты арæныл хизыны тыххæй документаци аразыны  барадон фæткмæ гæсгæ, цæмæй базарадон бастдзинад æмæ экономикон æмгуыстад æрфидар уа не ‘хсæн».

Кæронбæттæны Президент æмæ донецкаг минæвар кæрæдзийæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.