Æхсæнадон хъуыды ахуыр кæныны æппæтуæрæсейон центр сбæрæг кодта, уæрæсейæгтæ царды иууыл стырдæр нысаниуæг цæмæн дæттынц, уый.

Куыд рабæрæг, афтæмæй Уæрæсейы æмбæстæгтæн фыццаг бынаты ис æнæниздзинад – 99 пункт. Дарддæр – бинонты ахаст кæрæдзимæ – 98 пункты, æмæ æдасдзинад – 96 пункты.

Уæрæсейæгтæ ма аргъ кæнынц се ‘мбæлттæ æмæ æввахс адæмимæ бастдзинадæн (89 пункты), афтæ ма сæ разы цы хæстæ æрæвæрынц, уыдон æнтыстдзинадæн (83 пункты). Чысыл нысаниуæг нæ дæттынц карьерæйæн дæр (15 пункты), æхсæнадон æмæ политикон архайды хайадисынæн (8 пункты).

Уæрæсейы æмбæстæгтæ райдыдтой фылдæр цымыдис кæнын экономикæ æмæ политикæйы сферæйы æрцæугæ цаутæм. Ацы пунктты бæрæггæнæнтæ схызтысты 83-мæ кæд æмæ 2014 азы уыдысты 76. Фæлæ уæрæсейæгтæн климаты нысаниуæг æрхауд бынмæ (2014 азы уыдис 61 пункты æмæ 2017 азы та 36 пункты).

Æхсæнадон хъуыды ахуыр кæныны æппæтуæрæсейон центры иртасæнты бафарстгонд æрцыд 1,2 мин респонденты.

 

Уæрæсейæгты иууыл уарзондæр фысджытæ

Æхсæнадон хъуыды ахуыр кæныны æппæтуæрæсейон центр ауагъта æрфарст, уæрæсейæгты æмæ фæсарæйнаг бæс-тæты уырыссаг æвзагыл дзурджытæ лите-ратурæйы къабазы стырдæр аргъ кæмæн кæнынц, уый фæдыл. Бафарстгонд адæмы ‘хсæн фыццаг бынат бацахстой Александр Пушкины уацмыстæ. Рейтингмæ бахауд Лев Толстой дæр ахæм фæстиуджытимæ: 27% уæрæсейæгты ‘хсæн æмæ фæсарæйнаг бæстæты уырыссаг æвзагыл дзурджыты ‘хсæн – 35%. Михаил Лермонтов куыд иууыл уарзондæр классик 20% уæ-рæсейаг цæрджыты ‘хсæн æмæ 18% та фæсарæйнæгтæ. Ноджы ма æрфарсты хайадисджыты дыууæ къорды дæр 16% æмæ 22% банысан кодтой Федор Достоевскийы куыстытæ. Сергей Есенины сфæлдыстад иууыл популярондæр разындис уæрæсейæгтæм (15%) æмæ фæсарæнты цæрджытæм (10%). Антон Чеховæн та -19% фæсарæйнæгтæм æмæ 12% уæрæсейæгтæм.

 

Уæрæсейæгтæ сæ

сывæллæтты æфхæрынц зондамындтытæ æмæ

гаджеттæ байсынæй

Æхсæнадон хъуыды ахуыр кæныны æппæтуæрæсейон центры бафарстыты бæрæггæнæнтæм гæсгæ, физикон æгъдауæй бафхæрыны методтæ баззадысты ивгъуыд рæстæджы. Хъомыл кæныны иууыл рапарахатдæр метод 20 азы размæ куыд уыд, афтæ ныр дæр у зондамынд. Бафхæрыны дыккаг метод та у телевизор æмæ сæ тезгъо кæнынæй фæиппæрд кæнын. Ахæм бафхæрды методæй пайда кæнынц бафарстгонд ныййарджытæн сæ 45%, компьютерæй ма пайда кæныны методæй та пайда кæнынц ныййарджытæн сæ 43%.

Æрфарсты рæстæджы ныййарджытæн сæ 54% загътой, зæгъгæ, ныййарæгæн йæ бон у æмæ басгара сывæллонæн йæхи сæрмагонд дзаумæтты, йæ дзыппыты æмæ интернетæй куыд пайда кæны, уый.

Социологтæ куыд зæгъынц, афтæмæй физикон æгъдауæй бафхæрын баззадис ивгъуыды.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.