8-æм марты бæрæгбоны Президент Тыбылты Леонид бацыд Хуссар Ирыстоны кадджын сылгоймæгтæм, уыдонæй сæ иу у Æлборты Евгения. Уый у Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæй республикæйы иууыл ацæргæдæр сылгоймаг.

Паддзахады сæргълæууæг ын раарфæ кодта Сылгоймæгты дунеон боны цытæн, бафæндыд æй уымæн æнæниздзинад, хæрзиуджытæ æмæ бирæ азты цæрæнбон.

«Æртæ азы фæстæ, дæуыл сæдæ азы куы сæххæст уа, уæд мах ногæй фембæлдзыстæм ахæм хъарм уавæры», – загъта Тыбылты Леонид.

Президент бацымыдис кодта сылгоймаджы æнæниздзинадмæ, афтæ ма бинонтæ цы проблемæтыл æмбæлынц, уыдонмæ дæр. Куыд рабæрæг, афтæмæй сæ хæдзары æмбæрзт базæронд. Паддзахады сæргълæууæг бахæс кодта йæ Администрацийæн ацы фарст сæрмагонд контролмæ райсыны тыххæй.

Йæ рады Æлборты Евгения раарфæ кодта Тыбылты Леонидæн йæ хъусдарды тыххæй æмæ йæ бафæндыд уымæн, æмæ Хуссар Ирыстоны æппæт цæрджытæн йæхицæй цымыдисондæр æмæ дæргъвæтиндæр цард.

Уый фæстæ паддзахады сæргълæууæг бабæрæг кодта республикæйы иууыл ацæргæдæр сылгоймаг Тедеты Гафийы, кæцыйæн йæ 106 азы ис зонды диссаджы ирддзинад. Уымæн ис фараст сывæллоны æмæ æртын хъæбулы хъæбулæй фылдæр. Тедеты Гафи Президентыл фембæлд ирон æгъдаумæ гæсгæ  æртæ уæливыхимæ. Йæ рады паддзахады сæргълæууæджы уымæн бафæндыд, цæмæй ацы бæрæгбоныл æмбæла йæ бинонтимæ ноджы бирæ азты дæргъы æмæ йæ бинонтæ кæной фылдæрæй фылдæр.

«Сымах зонут уый, æмæ Цхинвалы фæзындзысты ног арæзтæдтæ. Æз куыд Президент, афтæ бахæс кодтон горæты администрацийæн уæ бинонтæн фатер рахицæн кæныны тыххæй», – загъта уый.

Æлборты Евгения æмæ Тедеты Гафийæн дæр Тыбылты Леонид радта дидинджытæ æмæ конверттæ æхцайы фæрæзтимæ. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Хуссар Ирыстоны Ветеранты советы æппæт сылгоймæгтæн паддзахады номæй кæй раарфæ кодта Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Санахъоты Дауыт. Президенты номæй республикæйы столицæйы фæсивæдон организаци «Ног фæлтæр» уадзы акци, кæцыйы рæстæджы сылгоймæгтæн лæвар кæнынц дидинджытæ ком-коммæдæр горæты уынгты.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.