РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид бацыд Цхинвалы Гуырæн хæдзармæ, цыран Сылгоймæгты дунеон боны цытæн раарфæ кодта ноггуырдты мæдтæ æмæ медицинон уагдоны персоналæн.

Куыд рабæрæг, уымæ гæсгæ ацы мæй республикæйы фылдæр гуыры чызджытæ, æрмæст иу боны мидæг райгуырд фондз чызджы. Æрæджы та а-дунемæ фæзындысты фаззæттæ.

«Уадз, уæ сывæллæттæ рæзæнт æнæнизæй сæ ныййарджыты фæндиаг. Мæ зæрдæ уæ алкæмæн дæр зæгъы ноджы авд лæппуйы, уадз, Хуссар Ирыстоны гуырæнт амондджын сывæллæттæ», – загъта Президент æвзонг мæдтæн.

Гуырæн хæдзары персоналæн дæр паддзахады сæргълæууæг загъта иууыл хъарм-дæр арфæтæ.

«Абон мæнæн мæ бон нæ бацис ардæм ма æрбацыдиан æмæ сымахæн ма раарфæ кодтаин сылгоймæгты боны цытæн. Хуссар Ирыстоны сылгоймæгтæ дæргъвæтин азты дæргъы куыстой уæззау уавæрты. Ныр рæстæджытæ ивынц, алцы дæр хуыздæр кæны. Мах дарддæр дæр тырндзыстæм, цæмæй уæ цард уа амондджын æмæ уæ куыст та – цымыдисон», – банысан кодта Тыбылты Леонид.

Гуырæн хæдзары персонал æмæ ноггуырдты мæдтæн паддзахады сæргълæууæг балæвар кодта дидинджыты букеттæ æмæ конверттæ æхцайы фæрæзтимæ.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.