Бæрæг куыд у, афтæмæй æввахс рæстæджы Мæскуыйы, уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг коллегæтæ кусдзысты 2018-2019 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйыл.

Инвестпрограммæйы нывæстмæ цы объекттæ бахаудзысты æмæ реализаци куыд цæудзысты, уый фæдыл 9-æм марты РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид фембæлд Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик æмæ Арæзтады министр Зæгъойты Эдуардимæ.

Фембæлды рæстæджы Тыбылты Леонид куыд загъта, афтæмæй 2018-2019 азтæн Инвестицион программæ реализаци кæнын у республикæйы разамынады архайды сæйрагдæр здæхт. Инфраструктурæйы рæзт, æндидзын кæнын, экономикæйæн бындур æрæвæрын – раздæрау сты актуалон.

«Ацы бонты Мæскуыйы фембæлдзысты, ног Инвестпрограммæйыл чи кусы дыууæ фарсæй, уыцы коллегæтæ. Уыдон уынаффæ кæндзысты Инвестицион программæйыл.

Ног Инвестицион программæйы хъуамæ хынцыд æрцæуой, республикæйæн иууыл ахсджиагдæр цы фæдыздæхтытæ сты, уыдон. Уыдон та сты горæты уынгты хæрзарæзтад, иуварсгонд хъуамæ æрцæуой, донифтонгадимæ цы проблемæтæ ис, уыдон дæр. Цхинвалы районы, Уанаты хъæуæй горæтмæ хъуамæ æрцæуа уæлæмхас доны хæтæл.

Тыбылты Леонид ма куыд банысан кодта, афтæмæй Инвестицион программæйы нывæстмæ хъуамæ бахауа Едыс-Цхинвалы сæйраг доны хæтæлы реконструкци дæр, горæт Къуайсайы уынгты арæзтад, доны хæтæлты реконструкци, зæххыбын коммуникациты раивын. «Къуайсайы æддаг бакаст хъуамæ дзуапп дæтта горæтæн», – загъта Президент.

Уый ма банысан кодта, кæй хъæуы кæронмæ акæнын Гуфта-Къуайсайы фæндаджы арæзтад. «Куыд зонæм, афтæмæй уыцы куыстыты иу хай æххæст æрцыд раздæр азты, æмæ ма цы куыстытæ баззад, уыдон хъуамæ æнæмæнгæй бахæссæм ног программæмæ», – балхынцъ кодта Тыбылты Леонид.

Æмбырды куыд банысанчындæуыд, афтæмæй Инвестпрограммæмæ хаст æрцæудзæн Громы хъæуæй Цъинагармæ ног фæндаджы арæзтад.

Президент ма куыд амыдта, афтæмæй фарст æрæвæрын хъæуы, цæмæй Инвестпрограм-мæмæ бахаст æрцæуа 2008 азы горæты æмæ районты цы хæдзæрттæ ныппырх сты æмæ æнæарæзтæй чи баззадысты, уыдон сæндидзын кæнын æмæ ног цæрæнуаттæ саразын дæр.

Президент ма банысан кодта, кæй хъæуы ссарын фæрæзтæ бастдзинады модернизацийæн, Цхинвалы 2-аг музыкалон скъолайы реконструкцийæн. Сæндидзын кæнын хъæуы дыууæ сабидоны, кæцытæ ныппырх сты гуырдзиаг агрессийы фæстиуæ-гæн. Леуахийы донбылгæрон, централон парчы дæр хъæуы схæрзарæзт кæнын. Афтæ ма психиатрион рынчындоны арæзтад дæр.

«Мах хизæм рæзты этапмæ, уымæ гæсгæ ног Инвестпрограммæйы уæлдай хъусдард аздахын хъæуы хъæууон хæдзарады рæйрæзт æмæ базарадон-сæудæджерадон уагдæтты проекттæм», – загъта Президент.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй ахæм куыст бакæнын фадат ратдзæнис канд экономикæ сæндидзын кæнынæн нæ, фæлæ цæрджыты сифтонг кæндзæн ног куысты бынæттæй дæр.

Уыимæ иумæ, бахахх кодта Президент, приоритетон кæй хъуамæ суой ахæм проекттæ, кæ-цытæ дзуапп дæттой бынæттон ресурстæй пайда кæнынæн.

Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти бафидар кодта, Президент цы фарстытæ банысан кодта, уыдон иууылдæр вазыгджын кæй сты. «Уыцы фæндиæгтæ иууылдæр хаст æрцæудзысты нæ уæрæсейаг коллегæты размæ. Алкæцы фарстыл дæр дзырд цæудзæн лæмбынæгæй æмæ уый фæстæ хаст æрцæудзысты ног Инвестпрограммæмæ», – загъта Хицауады Сæрдар.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.