9-æм февралы уыд Стоматолоджы æппæтдунеон бон

Адæймагæн йæ æнæниздзинад бирæ-бæрцæй баст у, цахæм уавæры сты йæ дæндæгтæ, уыимæ. Дæндæгтæ хæлц æмбæлонæй куынæ æууилой, уæд уый уæззаудæр кæны ахсæны куыст æмæ уый мæгуырауæрдæм æндавы æнæнхъæн ор-ганизмыл дæр. Цæмæй дæндæгтæ æмбæлон уагыл уой æмæ дын де ‘нæниздзинадыл ма æндавой, уый тыххæй у нæ ныхас дæндæгты дохтыр-техник Бестауты Аланимæ.

– Алан, сывæллæттæм уæлдай æм-хиц у стоматит, арæх фехæлынц сæ дзыхтæ æмæ фыррыстæй нал фæкомынц хæрын, сæхи кæуынæй фæмарынц. Цавæр низы хатт у стоматит, уый тыххæй ма нын лæмбынæгдæр радзур?

– Раст у, арæх фæзыны уыцы низ æмæ дзы æнахъом сывæллæттæ уæлдай хъизæмайрагдæр фæвæййынц. Уымæн æмæ уыдон зындæрæй феххæст кæнынц дохтыры амындтытæ. Медицинæйы куыд бæлвырд у, афтæмæй дзыхы сæтцъары рæсыд хуыйны стоматит, дæндæгты фыдты рæсыд та – гингивит.

Стоматит æмæ гингивитæй фæрынчын вæййынц алы кары адæймæгтæ дæр æмæ фæзынынц, дзыхы сæтцъарыл алыгъуызон буарадтæ æппæрццагæй кæй бандавынц, уый фæстиуæгæн. Зæгъæм стоматит гæнæн ис æмæ фæзына, адæймаг æгæр тæвд, кæнæ æгæр уазал хæринаг куы бахæра, уæд. Афтæ ма æгæр уазал æмæ тæвд дон куы баназа, уæд дæр. Хистæр кары адæймæгтæн стоматит арæх фæзыны, дзыхы сæтцъарыл алыгъуызон химикон буарадтæ, зæгъæм, карз нозт бакæнгæйæ, туаг кæнæ цæхджын хæринаг бахæргæйæ, афтæ ма иуæй-иу хостæ баназгæйæ сыл æппæрццагæй куы бандавынц, уæд. Дохтыртæ ма куыд бафиппайдтой, афтæмæй иуæй-иу рынчынтыл стоматит фæзыны антибиотикты аххосæй дæр. Уымæ гæсгæ антибиотиктæ дохтыр куынæ снысан кæна, уæд сæ нæ хъæуы пайда кæнын. Стоматитæй рынчынæн сæ дзыхы сæтцъар бæрæг фæсырхдæр вæййы æмæ срæсийы, иуæй-иу хатт ыл фæзыны бургонд кæнæ цъæхгонд тæппытæ-тæппузтæ. Бирæ низтæн сæ фыццаг миниуджытæ разынынц растдæр дзыхы сæтцъарыл, ивындзинæдтæ дзы æрцæуы æппæт инфекцион низты рæстæджы дæр. Зæгъæм, адæймаг тынг куы стæвд вæййы, уæд йæ дзых ныххус вæййы, йæ сæт æрæмбырд вæййы йæ былтæ, дæндаджы фыдтæ æмæ æвзагыл. Ахуыргæндтæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй дзыхы сæтцъары бирæ низтæ баст сты тъæнгты куыстимæ. Сæ дзыхы сæтцъар цы рынчынтæн срæсийы, уыдоны куы басгарынц, уæд разынынц ахсæн, тъæнгтæ æмæ æндæр органты низтæй рынчын. Дзырдæн зæгъæм, туджы низтæй фæрынчыны рæстæджы карз лейкемийы низæй рынчынтæн тынг тагъд фæхъыгдард вæййы йæ дзыхы сæтцъар. Бирæ хатт дзыхы сæтцъар фæхъыгдард вæййы, адæймаг туджы низæй рынчын кæй у, уый куы рабæрæг вæййы, уæддæр.

– Алан, арæх вæййы æмæ адæймаджы дæндæгтыл фæзыны цинга дæр. Уыцы низ фæзыны аххоссаг та цы у?

– Организм витамин С-йæ куы фæцух вæййы, уæд фæзыны уыцы низ. Ахæм рынчынæн  райдианы фæхъæдгом вæййы сæ дæндаджы фыдты сæтцъар, уый тынг срæсийы, ссырх вæййы, цæуы дзы туг, дæндæгтæ сæнкъуысынц æмæ азгъæлынц. Цинга гæнæн ис фæзына сывæллоныл дæр, æгæрыстæмæй, дзидзидайыл дæр кæд æмæ мад хæринæгтимæ витамин С нæ иса, уæд. Витамин С ис æхсыры продуктты, халсæрттæ, пъамидортæ, цъæх хъæдындзы, хуызджын æмæ æнæуый къабускæйы, дыргъты, гагадыргъты. Уæлдай хъæзныгдæр та витамин С-йæ сты лимонтæ, апельсинтæ, сау хъæлæрдзы, уагълы… Витаминтæ цæттæ кæнынц таблеткæйы хуызы дæр, фæлæ хæлцадон продуктты цы витаминтæ ис, уыдон пайдадæр сты. Къаннæг сабитæн сæ хæринаджы куынæ вæййы витамин, уæд уыдон фæрынчын вæййынц рахитæй, уыцы низæй рынчын сабитæн, куыд æмбæлы, афтæ нæ рæзы сæ сæргæхц, рæстæгыл нæ разайынц сæ дæндæгтæ дæр. Витамин Д организмы куынæ вæййы, уæд стджытæ ифтонг нæ фæцæуынц кальци æмæ фосфоры цæххытæй, сфæлмæн вæййынц æмæ сæ фæзыны ивындзинæдтæ. Витамин Д ис кæсаджы сой, æйчытæ, дзидза, кæсаг, æхсыр, къæдор, къабускæ æмæ уырыдзыйы. Рахитæй рынчын сывæллæтты арæхдæр хъæуы уæлдæфмæ кæнын, хорзæрдæм сыл æндавынц хуры тынтæ, æмбæлон санитарон гигиенон уавæртæ æмæ, сывæллоны организмы чи фидар кæны, ахæм хæрд. Организмы хъæуынц алыхуызон цæххытæ. Кальци æмæ фосфоры цæххытæ тынгдæр ахъаз кæнынц стджытæ æмæ дæндæгтæ фидар кæнынæн. Кальцийы цæххытæ тынг фæхъæуынц æнхъæлцау сылгоймаджы организмы, уымæн æмæ уыдон тынг ахъаз кæнынц мады гуыбынмæ сывæллоны рæзтæн.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр æмæ мидæггагон секрецийы рæзынджыты низтæ дæр æппæрццагæй кæй бандавынц дæндæгты системæ æмæ дзыхы сæтцъарыл. Мидæггагон секрецийы рæзынджыты нормалон архайд куы фехæлы, уæд уый фæстиуæгæн фæзынынц бирæ низтæ. Зæгъæм, фæрæзынц дæндæгтæ, рынчын дæндæгтыл фæзыны дуртæ æмæ уый фæстиуæгæн фехæлынц. Рынчын дæн-дæгтæн рæстæгыл куы схос кæнынц, кæнæ сæ куы сисынц, æмæ ног дæн-дæгтæ, кæнæ протезтæ куы саразынц, уæд цадæг æппæт дæр йæ гаччы сбады æмæ рынчын сдзæбæх вæййы.

– Куыд растдæр зилын хъæуы дæндæгтæм?

Дæндæгтæм зилыны ахсджиагдæр профилактикон мадзæлттæй сæ иу у хисæр-магонд гигиенæ. Дæндæгтæм зилын райдайын хъæуы сывæллоны карæй. Уыдон фæхъæуы хæринаджы баззайæццæгтæй ссыгъдæг кæнын, цæмæй се ‘хсæн ма æмбийой. 

Дыууæ-æртæ азы кæуыл цæуы, ахæм æнæниз сывæллæттæн сæ дæндæгтæм сæрмагондæй зилын нæ хъæуы, цалынмæ сын æхсыры дæндæгтæ уа, уæдмæ. Ацы кары лæмæгъ сывæллæттæн та хæрды фæстæ сæ дæндæгтæ ныссыгъдæг кæнын хъæуы хъарм æхсыст доны, кæнæ со-дæйæ лæмæгъ таддагы тылд бæмбæгæй. Иу агуывзæйы дзаг æхсыст доныл дзы хъæуы цайы уидыджы æрдæг æркæнын. Сывæллæттæ сæ æхсырын дæндæгтæ куы раивой, уæд æй хъæуы сахуыр кæнын хæрды фæстæ йæ дæндæгтæ æхсыст донæй æнхъæвзын. Фондз-æхсæзаздзыдæй та йæ сахуыр кæнын хъæуы дæндæгты щеткæйæ пайда кæныныл. Ацы кары сывæллæттæн нæй гæнæн æмæ пайда кæной дæндæгты пастайæ. Уымæй гæнæн уыдзæн авд азæй уæлæ пайдагæнæн. Уыдонæн сæ дæндæгты щеткæ хъуамæ уа фæлмæн æмæ къаннæг. Хъæбæр хъистæ кæмæн ис, уый гæнæн ис æмæ базиан кæна дæндæгты эмалæн æмæ фæхъæн кæна дæндаджы мылыты сæтцъар. Хъомыл адæймæгтæн дæр гæнæн ис, ахæм щеткæйæ дæр пайда кæнын, фæлæ сæ дæндæгты фыдтæ кæмæн риссынц, уыдоны æнæмæнг хъæуы фæлмæн щеткæйæ пайда кæнын.

Дæндæгтæ пастæйæ æхсын хъæуы бон иу хатт, хуыздæр у райсомæй, фынæйы размæ та сæ хъæуы донæй дзæбæх ранхъæвзын.

– Иуæй-иу адæймæгтæ сæ дæндæгтæ куы фехсынц, уæд сæ фыдтæй туг ра-цæуы. Цы у йæ аххосаг уымæн та?

– Иуæй-иу адæймæгтæн сæ дæндæгты фыдтæй туг куы рацæуы, уæд фæтæрсынц сæ æхсынæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, уымæй тынг рæдийынц. Тæрсын нæ хъæуы, дæндæгты фыдтæй туг куы фæцæуы, уымæй. Хъæуы фæлмæндæр хъистæ кæмæн ис, ахæм щеткæйæ пайда кæнын. Дæндæгты куы ныхсай, уæд сæ хъæуы донæй ранхъæвзын æмæ щеткæ дзæбæх ныхсын. Нæй гæнæн кæрæдзийы щеткæтæй пайда кæнын. Стыр профилактикон нысаниуæг ис зианхæссæг цайдагъдзинæдтимæ тох кæнынæн. Уыцы зианхæссæг цайдагъдзинæдтæ та сты æнгуылдзтæй дæндæгтæм æвналын, дæндæгтæ булавкæтæй, спичкæйæ æмæ æндæр ахæмтæй схъауын. Арæх афтæ фæкæнынц дæндæгты мæратæ куы вæййы, уæд. Уыдон хъæуы, цас гæнæн ис, уыййас тагъддæр спломб кæнын. Афтæ ма нæй гæнæн дæндæгтæй æхсæртæ, æнгузтæ æмæ æндæр ахæмтæ цъæл кæнын дæр. Ахуыргæндтæ куыд сбæлвырд кодтой, афтæмæй нæй гæнæн тæвд хæринаджы фæстæ уазал дон нуазын, кæнæ сæлдæг хæрын, афтæ иннæрдæм дæр – уазалы фæстæ тæвд хæринаг хæрын, уый тынг базиан кæны дæндæгтæн.

– Цы аразын хъæуы, цæмæй дæндæгтыл дуртæ ма фæзына?

– Дæндæгтыл дуртæ фæзыны, адæймаг йæ дæндæгтæм æвзæр куы фæзилы, уæд. Ахсджиаг нысаниуæг ис æууилыны уагæн. Рынчынæн йæ дæндæгтæй хъуыд куы уа, кæнæ та йын рынчын дæндæгтæ куы уа, уæд хæлы æууилыны хъуыддаг æмæ уый ахъаз кæны дæндæгтыл дуртæ фæзынынæн. Дæндæгты дуртæ та расайынц фыдты хроникон рæсыд. Дæндæгты фыдтæ схырыз вæййынц æмæ сæ уый æркæны азгъæлынмæ. Дæндæгты дуртæ иуварс куы æрцæуой, уæд сæ уый  бахизы алыгъуызон тæссаг низтæй.

– Алан, нæ газеткæсджытæн дæ цы бафæнддзæнис?

– Канд уæ газеткæсджытæн нæ, фæлæ мæ æппæт нæ адæмæн дæр бафæнд-дзæнис, цæмæй сæ дæндæгтæм æмбæлон уагыл зилой, куы бахъæуа, уæд та сын афоныл хос кæной. Уымæн æмæ дæндæгтæ фидар, æнæниз куы уой, уæд уый нысан кæны æнæниз  организм. Æмæ мæ фæнды, цæмæй алчидæр уа æнæниз.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.