Наркомани уæззау низ кæй у, уый сусæггаг никæмæн у. Наркотикты аххосæй адæймаджы зонды фæзынынц, цардæй сæ бынтондæр чи фæиппæрд кæны, ахæм психикон ивддзинæдтæ.

Наркомани парахат кæны тынг тагъд. Наркотиктæй чи пайда кæны, уыдон, æнæ наркотик цæрын сæ бон кæй нал у, уыцы уавæрмæ куыд æрхауынц, уый сæхæдæг дæр нæ бамбарынц. Уыцы уæззау уавæрæй та æнæ дохтыры æххуысæй йæхи хъаруйæ никæй бон ма ссис рацæуын.

Алы организм дæр наркотиктыл фæахуыр кæны фæйнæхуызон. Арæх фыццаг дозæ дæр разыны адæймаджы марæг. Уыимæ, рагацау базонæн нæй, кæцы дозæйы фæстæ банкъары адæймаг, æнæ уымæй йæ бон цæрын нал у, уый. Фæлæ, наркотиктæй чи пайда кæны, уыдон, раздæр уа æви фæстæдæр, се ‘ппæт дæр свæййынц рынчынтæ. Бирæтæ та дзы сæ мæлæт ссарынц.

Наркомантæн сæ 53 проценты сты, куыстыл хæст æппындæр чи нæу, ахæм адæймæгтæ. Гъе уымæн наркомани у æппæты цыбырдæр фæндаг ахæстон-мæ. Алы дæс фыдракæндæй дæр æхсæз саразынц наркомантæ. Наркотик у, тæригъæд æппындæр чи нæ зоны, ахæм марæг, æмæ, йæ азары чи бахауы, уымæй æнæсцухæй домы: адав, амар, сараз фыдракæнд.

Наркомани емынæйау тынг тагъд парахат кæны. Уый æцæгдæр у национ бæллæх. Статистикæ куыд амоны, уы-мæ гæсгæ алы аз дæр иу наркоман йæ низ бафтауы 10-15 адæймагыл.

Иннæ тæссаг æууæл уый у, æмæ наркоманийы рæзтимæ фылдæр кæны СПИД-æй рынчынты нымæц. Уæрæсейы ацы хæцгæ низы рынчынтæн сæ 70 проценты сты наркомантæ. Фæстæдæр цалдæр азмæ та, прогнозтæм гæсгæ, СПИД-æй рынчынтæ æрмæст наркоманты ‘хсæн уыдзæн иу милуан адæймаджы.

Афæдзæй-афæдзмæ наркомани кæны æрыгондæр. Фыццаг хатт наркотикы хъæстæ чи фæци, уыдоны рæстæмбис кар 14 азæй фылдæр нæу. Фæзындысты 10-11-аздзыд наркомантæ дæр. Хистæр кары, 40 азы æмæ фылдæр кæуыл цæуы, уыдоны ‘хсæн та наркомантæ ис къаддæр. Уый та уымæн, æмæ, искуы-иу йедтæмæ, наркомантæ уыцы кармæ нæ фæцæрынц. Уымæн æмæ, организм цас æрыгондæр уа, уыйбæрц ын фылдæр зындзинæдтæ бавзарын кæндзысты наркотиктæ. Сывæллонæн кæ-нæ æнахъомæн йæ организм фидар кæй нæма вæййы, уымæ гæсгæ марджы ныхмæ фæлæууын йæ бон нæ вæййы, æмæ æрыгон адæймаг тагъд сахуыр вæййы наркотиктыл. Наркотиктæ адæймагæй байсынц æнæниз царды циндзинад, æрыгон адæймагæй æнафоны саразынц зæронд лæг, æппынфæстаг, наркоман йæхæдæг рахæссы йæхицæн тухæнтæ кæнгæ, æмгъуыдæй раздæр амæлыны тæрхон.

Фидарæй зæгъæн ис, æмæ, наркоманты чи дзæбæх кæны, уыцы дохтыртæ никуы федтой зæронд лæг наркоман, уымæн æмæ зæронды кармæ нæ, фæлæ рæстæмбис кармæ дæр наркоман нæ фæцæры.

Фæлæ уæддæр цы самидин кæны æрыгон адæймаджы наркотиктæй пайда кæнын райдайынмæ? Цымыдисдзинад, æвæлмон цард, æмбалы æвзæр цæвиттон æви абоны царды зын уавæртæ? Зындзинæдтæ вæййы алы адæймаджы царды дæр. Фæлæ, цардхъом æмæ удыхъæдæй фидар чи у, уыдон цавæрфæнды фарстайæн дæр ссарынц алыг кæныны мадзал. Уыдоны нæ хъæуы наркотикты «æххуыс», уымæн æмæ сæ царды ис нысан, æмæ йæ æххæст кæнынц хи хъарутæй, сæхиуыл сæ зæрдæ даргæйæ. Лæмæгъ адæймæгтæ та царды цæлхдуртæн нæ ныббыхсынц æмæ наркоманийы азары бахауынц.

Наркомани профилактикæ кæныны хъуыддаджы бирæ аразгæ у ныййарджытæй. Уыдон хъуамæ æмхицдæр уой сæ сывæллæттæм, зоной, цы мигæнæг сты, кæм æмæ сын кæимæ вæййынц, уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.