Бæрæг куыд у, афтæмæй Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн цы сразыдзинæдтыл æрфыстæуыд къухтæ, уыдонæй иу уыд дыууæ бæстæйы  Мидхъуыддæгты министрадты иумæйаг Информацион-координацион центр саразын.

Ног центрæн бынатæн, Мæскуыйаг микрорайоны цы бæстыхай равзæрстой, уым  раздæр уыд арæзтадон фирмæ, фæстаг рæстæджы та уыд афтид. Бæстыхай цалцæг кæнынмæ æрæвнæлдтой 2017 азы. Бæстыхай хуымæтæджы цалцæгæй дарддæр уыцыиу рæстæджы  ифтонг æрцæудзæн   нырыккон  ифтонггæрзтæй æмæ техникæйæ.

Ацы бонты Информацион-координацион центр бабæрæг кодта Уæрæсейы минæвар Хуссар Ирыстоны Мурат Кулахметов æмæ республикæйы Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь.

Информацион-координацион центр байгом уыдзæн августы. Центры баконды сæйраг нысан у оперативон нысаниуæгджын информаци кæрæдзимæ дæттын, фыдгæнджытæ агургæйæ кæрæдзийæн æххуыс кæнын. Иумæйагæй дзы кусдзæн 23 кусæджы, уыдонæй авд уыдзысты уæрæсейаг кадртæ.

Мурат Кулахметов куыд зæгъы, афтæмæй: «Структурæйы сæргъ ныртæккæ лæууы РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады минæвар Болататы Алан. Фыццаг этапы хъæудзæн скъуыддзаг кæнын организацион-хæдзарадон фарстатæ. Ротацимæ гæсгæ, кæд фыццаг 5 аз центрæн хуссарирыстойнаг минæвар къухдариуæгад кæндзæн, уæд иннæ 5 азы та йæ сæргъ лæудзæн уæрæсейаг минæвар, æмæ афтæ ивдзысты кæрæдзи. Тагъд бынатмæ æрцæудзысты Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрады 7 минæвары, цæмæй баххуыс кæной Информацион-координацион центры модернизацийы хъуыддажы.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.