Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент бабæрæг кодта УФ-йы æмæ Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты органты иумæйаг информацион-координацион центры бæстыхайы арæзтад. Паддзахады сæргълæууæгимæ ма уыдысты  УФ-йы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар РХИ-йы Марат Кулахметов, РХИ-йы Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæг Козаты Игорь, мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь æмæ æндæр официалон адæймæгтæ.

Президентæн фехъусын кодтой, зæгъгæ, объект ныр цæттæ у эксплуатацимæ радтынмæ, хъæуы ма йæ сæрмагонд ифтонггæрзтæй баххæст кæнын, афтæ ма цухдзинæдтæ аиуварс кæнын.

Агъуыст басгарыны фæстæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, кæй дзы ис цухдзинæдтæ. Уыдоны тыххæй аразджытæ ныфс бавæрдтой, тагъд рæстæджы сæ кæй аиуварс кæндзысты.

«Хъæуы ма иуæй-иу цухдзинæдтæ аиуварс кæнын æмæ мидæггагон куыстытæ бакæнын. Уымæ гæсгæ инспекци ауадзын хъæуы 15 декабры æмæ уый фæстæ хъæуы снысан кæнын эксплуатацимæ йæ радтыны бон», – загъта Президент.

Афтæ ма уынаффæ кодтой информацион-координацион центры территори æмæ йæ бацæуæн фæндаджы хæрзарæзтады фарстытыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.