РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Юстицийы министр Лалыты Залинæйы.

Уый паддзахады сæргълæууæгæн радзырдта йæ бакæнгæ куысты тыххæй, сæрмагондæй, Æфхæрдтæ æххæст кæныны управленийы системæйы реформæимæ, кæцы райдыдта 2017 азы дыккаг æмбисы.

Лалыты Залинæ куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ реформæ бахæццæ йæ кæронмæ. Уый уыд Æфхæрдтæ æххæст кæныны управленийы системæйы реформæйы тыххæй Юстицийы министрады фæндон ахæстты уавæртæ фæхуыздæр кæныны æмæ Уголовон-æххæстгæнæн кодексмæ баввахс уæвыны нысанæн.

«Ды нын бакодтай алыварсон æххуыс, рахицæн нын кодтай финансон фæрæзтæ бæстыхайы капиталон цалцæг скæнынæн. Номхуындæй, дæ фæрцы махæн нæ бон суыдзæн реформæмæ рахизын, уымæн æмæ абоны реалиты уый гæнæн ис», – банысан кодта министр.

Уый куыд загъта, афтæмæй, зæгъгæ, рарастгæнæн колонийы бæстыхайы реконструкци фадат ратдзæн,  карз æмæ иумиаг режимы тæрхон кæмæн рахастæуыд, уыцы ахæстты ахицæн кæнынæн, уыдон нырмæ иууылдæр бадтысты иумæ.

«Капиталон арæзтады фæстиуæгæн цæрæн зонæ дихгонд æрцыд хицæн фадгуытыл. Афтæмæй, махмæ фæзынд æртæ хицæнгонд фадыджы. Фыццаг фадыг у, карз режимы тæрхон кæмæн рахастæуыд, уыдонæн, дыккаг – иумиаг режимы æмæ æртыккаг зонæ та у фæдагурæн изолятор, кæцы уыдзæн фыццæгæм уæладзыджы», – радзырдта министр.

Бибылты Анатоли бузныджы ныхæстæ загъта Юстицийы министрады кусджытæн ведомствойы сæргълæууæджы къухдариуæгадæй сæ бакæнгæ гуырахстджын куысты тыххæй. «Уæ разы цы хæстæ лæууынц, уыдон сты вазыгджын, фæлæ дын дæхи  æмæ дæ дæлбар кусджыты профессионализм зонгæйæ, æз нæ дызæрдыг кæнын, уæ къухты кæй бафтдзæн сæ сæххæст кæнын, ууыл», – загъта уый.

Лалыты Залинæ Президентæн равдыста рарастгæнæн колонийы сцалцæггонд бæстыхайы фотоæрмæджытæ. Ахæстты дарыны уавæртимæ бынаты базонгæ сты журналисттæ дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, алы фадыгæн дæр ныр ис йæхи тезгъогæнæн территори, æппæт инвентарь у ног.

«Мах æххæст кæнæм уыцы домæнтæ, кæцытæ нысан сты Уголовон-æххæстгæнæн кодексы. Арæзт æрцыдысты æппæт уавæртæ дæр хисæрмагонд гигиенæйы тыххæй. Ахæстоны бæстыхай ифтонг æрцæудзæн гæрзтæхсæн машинæтæ æмæ хинайæн кабинæтæй», – фехъусын кодта Юстицийы министр.

Ведомствойы сæргълæууæг ма банысан кодта, зæгъгæ, ахæстоны арæзт æрцæудзысты æппæт уавæртæ дæр æнæниздзинад бахъахъхъæныны тыххæй: уыдзæн дзы медицинон пункт æмæ ног сцалцæггонд тренажерон зал, кæцыйы сног æмæ баххæст кæндзысты инвентарæй.

Уымæй дарддæр ма колонийы территорийыл кусдзæн хæрæндон дæр.

«Дæргъвæтин азты дæргъы Хуссар Ирыстоны хæлд цыдысты мидæггагон фæткы уагæвæрдтæ, ахæсттæ хордтой сæхимæ камерæты, уый бар та нæй архайæг закъон-дæттынадмæ гæсгæ. Хæлцадон лимит дæр  нæ халы нормативон актты нысангонд нормæты домæнтæ.

Колонийы ма хынцыд æрцыдысты камерæтæ, цыран хицæнтæй уыдзысты барадхъахъхъæнæг органты раздæры кусджытæ», – загъта уый.

Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, иууыл сæйрагдæр у, мидæггагон проблемæтæ скъуыддзаг кæй æрцыдысты æмæ ахæстты дарыны уавæртæ кæй фæхуыздæр сты, уый.

«Æмбæрстгонд у, ахæстоны нæ бадынц, уыцы лæппутæ,  кæцытæ хъахъхъæнынц закъон, фæлæ уыдон æхсæнадæй хицæн-гонд куы уой, уæд изоляци хъуамæ уой адæймагон уавæрты», – загъта уый, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, дыккаг этапæй гæнæн уыдзæн бæстыхайы административон хайы фæткмæ æркæнын æмæ бæстыхайы æддейæ сцалцæг кæнын.

Æппæт уыцы процесстæ Хуссар Ирыстоны Æфхæрдтæ æххæст кæныны управленийы системæ æввахс кæнынц дунеон стандарттæм”, – фехъусын кодта Лалыты Залинæ.

Йæ рады, паддзахады сæргълæууæг банысан кодта æппæт барадон акттæ фæткмæ æркæныны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй.

«Æфхæрдтæ æххæст кæныны æппæт домæнтæ хъуамæ æмбæлон уой Конституцийæн, æппæт нормæтæ æмæ закъæттæн, кæцытæ уæвынад кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны, афтæ ма Уæрæсейы Федерацийы уæвæг нормативон-барадон акттæн, кæцытыл мах бындуриæг кæнæм. Хъуыды кæнын афтæ, æмæ сымах кæй сæххæст кæндзыстут ацы куыст дæр», – фехъусын кодта Бибылты Анатоли.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.