10 азы рацыд Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уыцы бонæй. Ацы стыр бæрæгбоны цытæн нæ горæты уагъд æрцæудзыты егъау мадзæлттæ  историон реконструкци «Южная Осетия: история мужества», зæгъгæ, ахæм номимæ, – фехъусын кодта РХИ-йы Президенты æххуысгæнæг Гæззаты Давид.

Уый куыд радзырдта, уымæ гæсгæ мадзалы хайад райсдзысты дыууæ мин æмæ æрдæг адæймагæй фылдæр. «Уыдон сты Хуссар Ирыстоны скъолаты ахуыргæнинæгтæ, æндæр æмæ æндæр сфæлдыстадон коллективтæ.  Афтæ ма мадзалы хайад райсдзысты Цæгат Ирыстоны сфæлдыстадон коллективтæ  ансамблтæ «Алан», «Горец», «Хъуыбады», бæхты театр «Нартæ» æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы кафты ансамбль «Донбасс», – загъта Гæззаты Давид.

Уымæй дарддæр ма, Гæззайы фырты ныхæстæм гæсгæ, уыцы бон изæры авд сахатыл уыдзæн стыр концерт Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны аивæдты дæсныты хайадистæй. Концерты кæрон, ома 10 сахатыл та горæты цæрджытæн сæ бон суыдзæн егъау рæсугъд бæрæгбонон салют фенын.   Бæрæгбонон мадзæлттæ уагъд цæудзысты республикон стадионы, уырдæм сæ бон у æрбацæуын, кæй фæнды, уыдонæн.

Уымæй дарддæр ма 26 августы уыдзæн къорд официалон фембæлды, кæцыты рæстæджы паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли йæхимæ райсдзæн Хуссар Ирыстонмæ æрцæуæг делегациты къухдариуæггæнджыты. «Паддзахадон драмон театры уагъд æрцæудзæн цытджын æмбырд хæдбардзинад банымайыныл 10 азы сæххæсты сæраппонд,  цыран хорзæхджын æрцæудзысты Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны хъуыддагмæ стыр хайбавæрд чи бахастой, уыцы хуссарирыстойнаг æмæ уæрæсейаг æхсæнады минæвæрттæ»,- радзырдта Гæззаты Давид.

Уый ма хъусдард аздæхта уымæ дæр æмæ хæдбардзинад банымайыны юбилейон бæрæгбоны размæ Цхинвалы уагъд кæй æрцæудзæн дунеон æхсæнадон змæлд «Ирæтты Уæлдæр Совет»-ы дæсæм съезд. Уырдæм хуынд æрцыдысты 500 делегатæй фылдæр. Ирон диаспорæты минæвæрттæ баззайдзысты республикæйы дыккаг бонмæ, цæмæй хайад райсой Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад куы банымадта, уыцы боныл 10 азы кæй сæххæст, уый сæраппонд бæрæгбонон мадзæлтты.

Кокайты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.