НОМАРÆН ТУРНИР

Дзауы поселочы уагъд æрцыд, Советон Цæдисы Хъайтар Хъоцыты Къостайы номарæн турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Сæ цæттæ-дзинад дзы фæлвæрдтой 134 æвзонг богалы, кæцытæ уыдысты куыд Хуссар, афтæ – Цæгат Ирыстонæй. Ерысты хайад райстой Цхинвал, Дзау, Къуайса, Ленингор, Дзæуджыхъæу, Алагир, Михайловск, Октябрскы æмæ Беслæны богалтæ. Ерысты хайадисджытæн раарфæ кодта паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатоли æмæ банысан кодта, республикæйы къухдариуæгад æппæт дæр кæй араздзæн нæ бæстæйы спорты размæцыды тыххæй.

«Дзауы районы алы хатт дæр бирæ уыд разагъта адæм. Ардыгæй рацыдысты бирæ ахæм стыр гоймæгтæ, кæцытæй сæрыстыр у Хуссар Ирыстон. Ныфс мæ ис, турнирмæ æрæмбырдуæвæг æвзонг богалты ‘хсæн кæй ис фидæны зындгонд спортсментæ», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

   Æрæмбырдуæвджытæн ма спортивон бæрæгбоны цытæн раарфæ кодтой Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей æмæ политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы сæрдар Тадтаты Алан.

Ерыстæм æрбацыд Хъоцыты Къостайы хойы лæппу Чилæхсаты Алан. Цытджын уазджыты ‘хсæн ма уыдысты спорты фарстаты фæдыл президенты уынаффæгæнæг Джиоты Руфин, парламенты деп-утаттæ Касаты Ацæмæз,  Джиоты Инал æмæ Хъоцыты мыггаджы минæвæрттæ – Виктор æмæ Тамерлан.

Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ, кубоктæ æмæ кады грамотæтæй.

ВОЛЕЙБОЛ

Хуссар Ирыстоны чызджыты волейболон командæ æртыккаг бынат бацахста Самарæйы уагъдцæуæг Советон Цæдисы Хъайтар Федор Сафоновы номарæн турниры. Ерысты хуссарирыстойнаг волейболисткæтæ хайад райстой цалдæр хатты. Фæлæ командæ ног скондæй уым уыд æрмæстдæр дыккаг хатт. Æмæ кæд фарон аз фæхæрд сты, уæд ныр равдыстой бæрзонд æмвæзад. Турниры хайад райстой 6 командæйы. Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ алы командæ дæр акодта фæйнæ иу хъазты. Хус-сарирыстойнаг спортсменкæтæ цы 5 хъазты акодтой, уы-донæй фæуæлахиз сты 4 хатты. 

 «Командæйы уæнгтæй баззадтæн тынг райгондæй. Уыд афтæ дæр, æмæ æмбылды кодтам 12:0 хыгъдæй. Райстон тайм-аут, æмæ дарддæр чызджытæ уыцы партийы фæуæлахиз сты 25:18 хыгъдæй. Турниры уыд мæскуыйаг тренер æмæ мын куыд загъта, афтæ йæ фæндид мæ командæйы уæнгтæй фондзы йæхимæ акæнын», – загъта Джыгкайты Ингæ. Тренер ма бузныг загъта Бибылты Ацæмæзæн, ерыстæм ацæуынæн сын кæй баххуыс кодта, уый тыххæй, афтæ ма бузныгæй баззад Самарæйы ирон диаспорæйæ дæр.   

Цхинвалы командæйы хъазджытæй сæ иуæн та йæ хорз хъазты тыххæй лæвæрд æрцыд «Иууыл универ-салондæр хъазæджы» сæрмагонд приз. Ацы престижон лæвар райста Тадтаты Елизаветæ.

Командæйы капитан Хуыбылты Мария куыд банысан кодта, афтæмæй хорз цæттæ уыдысты. «Развæлгъау æй зыдтам, ацы турниры хайад кæй райсдзыстæм, уый. Уымæ гæсгæ дыууæ мæйæ фылдæр нæхи цæттæ кодтам ерыстæм. Тынг райгондæй баззадтæн, 3-аг бынат кæй бацахстам, уымæй», – загъта уый.

Августы мæйы Цхинвалы уагъд æрцæудзæн дунеон турнир. Ныр командæ сæрмагондæй йæхи цæттæ кæндзæн ацы ерыстæм. Джыгкайты Ингæйы ныхæстæм гæсгæ, турнирмæ фæхондзысты уæрæсейаг горæттæй 8 командæйы.

Командæйы тренертæ сты Цхуырбаты Вадим, Джыгкайты Ингæ æмæ Кокойты Эдуард.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.