ТЕННИС

Теннисæй Уæрæсейы æмбырдгон командæ ахызт Дэвисы Кубокы финалы 1/4  хаймæ. Командæйæн ахæм уавæр фæзынд Хъæрæцаты Аслан æмæ Андрей Рублев Испайнаг къай – Фелисиано Лопес æмæ Марсель Гранольерсы кæй рамбылдтой, уый фæрцы. Фембæлд цыд Мадриды. Ныр Уæрæсейы командæ хъаздзæн Швецийы æмбырдгондимæ.

 

ДЗЮДО

Иугонд Арабаг Эмиратты столицæ Абу-Даби-йы уагъд цыд дзюдойæ «Стыр шлем»-ы турнир. Ерысты Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сконды архайдтой ирон богалтæ «Дунеон сери»-йы æртæ турниры уæлахиздзау Лæппынаты Аслан æмæ 2017 азы Европæйы чемпион Хуыбецты Алан. Дыууæ дæр архайдтой 81 кг уæзы категорийы. Хуыбецты Алан финалмæ цæугæйæ фæуæлахиз Франц, Стыр Британи æмæ Германы минæвæрттыл Фæлæ сæйраг тохы фæхæрд дунейы чемпион, Токиойы Олимпиаг хъæзтыты бронзæйон призер Матиас Кассейæн. Лæппынаты Аслан та бронзæ майданы сæрыл тохы фæуæлахиз Узбекистаны минæвар Арслонбег Тожиевыл.

 

БОКС

Æвзонг боксер Кокойты Георги ссис «Н.А. Никифиров-Денисовы Кубок»-ы бронзæйон призер. Ерыстæ уагъд цыдысты Санкт-Петербурджы. Хайад сæ райстой Уæрæсейы 60 регионæй 290 спортсмены. Кокойты Георги æртыккаг бынат бацахста +92 кг уæзы категорийы.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ацы турнир кæй у 2022 азы æвзæнгты ‘хсæн Европæйы чемпионаты хайад райсыны тыххæй æвзарæн этаптæй сæ иу.

ХУРИТЫ Батрадз 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.