Нæ республикæйы фæстаг азты хорзæрдæм цы ивындзинæдтæ цæуынц, уыдон бирæ бæрцæй хауынц медицинæйы къабазмæ дæр. Арæзт æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдысты бирæ медицинон объекттæ, кæцытæ ифтонг æрцыдысты нырыккон медицинон ифтонггæрзтæй æмæ зынгæ фæбæрзонддæр рынчынтæн медицинон æххуыс бакæныны æмвæзад. Нæ медицинон кусджытæн сæ къухты ис æмæ пайда кæнынц компьютерон томографæй, уыргтæй рынчынты гемодиализ аразыны тыххæй нал хъæуы цæуын нæ республикæйæ æддæмæ, баконд æрцыд туаггуыры станц æмæ сæ нал хъæуы газы балонтæй пайда кæныны сæр. Нæ медиктæ сæ куысты пайда кæнынц медицинæйы бирæ æндæр ногдзинæдтæй.

Ацы бонты та республикон бирæпрофилон медицинон центры арæзт æрцыд фыццаг операци синты æрхджытæ баивыны фæдыл. Уый тыххæй нæ республикæмæ æрхуыдтой Дагестаны клиникон рынчындоны травматологион хайады сæргълæууæг Ратмир Абдусаламовы йæ командæимæ синты æрхджытæ баивыны фæдыл бæрзондтехнологион операцитæ саразынмæ.

Уыдон йæхимæ райста РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Фембæлды хайад райста РХИ-йы Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министр Наниты Сослан дæр.

Паддзахады сæргълæууæг бузныг загъта Ратмир Абдусаламов æмæ Республикæ Дагестанæй æрхонгæ иннæ специалисттæн сæ бакæнгæ куысты тыххæй.

«Иу боны дæргъы сымах сарæзтат цыппар операци, уый адæмæн дæтты æнæниз уæвыны фадат æмæ сæ низæй дискомфорт не ’нкъарын. Уæ фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæ, кæцыты амыдтат хуссарирыстойнаг коллегæтæн, мах ныфс уадзы, медицинæ Хуссар Ирыстоны размæ кæй цæуы, æмæ æнæкъуылымпыйæ кæй рæзы. Фæнды ма мæ банысан кæнын, Хуссар Ирыстоны республикон бирæпрофилон медицинон центры фыццаг хатт арæзт кæй æрцыдис эндопротез кæныны фæдыл операци æмæ махæн æхсызгон у, не ’мбæстæгтæй операци арæзт кæмæн æрцыд, уыдон абон сæ къæхтыл кæй слæудзысты», — загъта Президент.

Бибылты Анатоли ма банысан кодта, хуссарирыстойнаг специалисттæ кæй райстой бæрæг квалификаци æмæ тагъд рæстæджы сæ бон кæй уыдзæнис ахæм операцитæ аразын.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрад Республикæ Дагестаны эндопротез кæныны центрмæ ахуырмæ кæй арвыста, республикон бирæпрофилон медицинон центры травматологион хайады травматолог-ортопед Константин Серветникы, цыран ахуыр кодта синты æрхджыты эндопротез кæныныл.

Йæ рады Ратмир Абдусаламов бузныг загъта Бибылты Анатолийæн, æхсызгонæй сæ кæй райста, уый тыххæй, афтæ ма банысан кодта, эндопротез кæныны фæдыл операци кæй ахъаз кæны пациенты царды гъæд хуыздæр кæнынæн.

«Æнæниз паддзахад райдайы æнæниз æмбæстаг æмæ социумæй. Эндопротез кæныны фæдыл операци здæхт у пациенты царды гъæд хуыздæр кæнынмæ. Кæд æмæ операцийы размæ пациент инвалидыл нымад цыд, уæд операцийы фæстæ та инвалиддзинад ист æрцæуы», — загъта уый.

Ратмир Абдусаламов куыд загъта, афтæмæй йæ дисы баппæрста, нырыккон ифтонггæрзтæй рынчындон куыд ифтонг у, уый.

«Нæ визит у хæлардзинады охыл. Махæн нæ бон у ардæм цæуын æмæ уын æнæаргъæй æххуыс кæнын. Нæ хайад ифтонг у иттæг хорз кадртæй ацы здæхты. Мæн дисы баппæрстой операцион хатæнты ифтонггæрзты гъæд, уыдон мæгуыраудæр не сты европæйаг операцион хатæнтæй. Мæнæн ма тынг æхсызгон уыдис бынæттон медикты æнæлаз куыст. Мæ командæйы дохтыртæ, кæцытæ æрыздæхтысты Туркæй егъау хисæрмагонд клиникæйы стажировкæ рацæуыны фæстæ, загътой, зæгъгæ, ам, сымахмæ, у бирæ хуыздæр», — загъта уый.

Президент куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйы медицинæйы рæзт комкоммæ баст у Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министр Наниты Сосланы номимæ.

РАДОН НОГДЗИНАД — БИРÆПРОФИЛОН МЕДИЦИНОН ЦЕНТРЫ

«Æз бузныг дæн Наниты Сосланæй æнæниздзинад хъахъхъæныны рæзтмæ стыр хайбавæрд хæссыны тыххæй. Нæ республикæйы ахæм серьезон мадзæлттæ кæй цæуы æмæ нæ медицинæ тагъд кæй рæзы, уый у йæ руаджы. 21-æм ноябры, сæ рæзты къуылымпытæ кæмæн ис, ахæм сывæллæттæ æрвыст æрцыдысты Хъырыммæ улæфынмæ. Наниты Сослан фæндвидарæй ивы æмæ рæзын кæны æнæниздзинад хъахъхъæныны æппæт здæхтыты дæр», — банысан кодта Бибылты Анатоли.

Фембæлды кæрон паддзахады сæргълæууæг Ратмир Абдусаламовæн бакодта зæрдылдарæн лæвар.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.