ДЗЮДО

Люксембургы уагъд цыд дзюдойæ æвзæнгты ‘хсæн Европæйы командон чемпионат. Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ Уæрæсейы æмбырдгонд бацахста æртыккаг бынат. Бæстæйы æмбырдгонды æнтыстмæ стыр хайбавæрд бахаста хуссарирыстойнаг дзюдоисткæ Æлборты Аланæ. Уæрæсейы командæ бронзæйон майдантæ рамбулыны сæраппонд фембæлды 4:1 хыгъдæй фæуæлахиз Польшæйыл. +70 кг уæзы категорийы йæ тох æнцонтæй рамбылдта Æлборты Аланæ. Уæрæсейы командæйы ма архайдтой иннæ ирон богалтæ Къæбысты Азæмæт æмæ Елхъанты Янæ.

СУМО

Венгрийы кæронмæ бахæццæ сумойæ Европæйы чемпионаты æвзарæн этап. Ерысты йæхи аккагæй равдыста Хъараты Зауыр. Уымæн сыгъæрин майдан рамбулын бантыст абсолютон уæзы категорийы. Уый ма æвзист призер ссис +115 кг уæзы категорийы. Ацы уæзы ма бронзæйон майданты хицæуттæ баисты Багаты Руслан æмæ Хъазиты Ацæмæз.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.