ГАССИТЫ МУРАТ ÆМÆ АЛЕКСАНДР УСИКЫ ТОХ УЫДЗÆН 21 ИЮЛЫ

Фæбæрæг, боксæй дунеон суперсерийы финалон тох кæд æмæ кæм уагъд æрцæудзæн, уый. Уæрæсейы боксы федерацийы генералон секретарь Умар Кремлев куыд фехъусын кодта, афтæмæй ирон боксер Гасситы Мурат æмæ украинæйаг Александр Усик фембæлдзысты 21 июлы Мæскуыйы спортивон комплекс «Олимпийский»-йы. Тохы уæлахиздзауæн лæвæрд æрцæудзæн IBF, WBO, WBA æмæ WBC-йы верситæм гæсгæ дунейы чемпионы ном, афтæ ма суыдзæн Мухаммед Алийы кубокы хицау дæр. Умар Кремлевы ныхæстæм гæсгæ сын тынг ахсджиаг уыд, тох Уæрæсейы ауадзын, уæлдайдæр та боксы дунейы боны ахæм стыр цауæй нысан кæнын райдайын.

ФУТБОЛ

Йæ тæмæны бацыд футболæй дунейы чемпионат. Уагъд æрцыдысты 1-æм туры фылдæр хъæзтытæ. Уыдон рауадысты тынг цымыдисон. Уæлдай рахицæнгæнæн ис 2014 азы дунейы чемпион Герман æмæ Мексикæйы хъазт. Ам кæд Герман фаворит уыд, уæддæр хуыздæр ахъазыд Мексикæйы командæ æмæ рамбылдта 1:0 хыгъдæй. Уыдон пурти куы бакъуырдтой, уæд ацы бæстæйы столицæ Мехикойы спортуарзджытæ афтæ цин кодтой, æмæ сæ гæп-гæппæй сывзæрын кодтой чысыл зæххæнкъуыст.

Рамбулын нæ бантыст чемпионаты иннæ фаворит Бразилийы командæйæн дæр. Уый 1:1 хыгъдæй ахъазыд Швейцарийы æмбырдгондимæ æмæ афтæмæй фæстаг 40 азы фыццаг хатт дунейы чемпионаты йæ бон не ссис фыццаг хъазты рамбулын. Уыцы бон ма фембæлдысты Коста-Рика æмæ Серби. Ам спортивон амонд бахудт сербæгтæм, кæцытæ рамбылдтой 1:0 хыгъдæй. Бонраздæр дæр ма уагъд æрцыд æртæ хъазты. Уым сенсацийы хуызæн уыд Аргентинæ æмæ Исландийы ‘хсæн фембæлд. Кæд специалистты хъуыдымæ гæсгæ Аргентинæ йæ капитан Лионель Мессийы сæргълæудæй хъуамæ æнцонтæй фæуæлахиз уыдаит, уæд уыцы хъуыдыимæ разы нæ уыдысты ацы чысыл бæстæйы футболисттæ, кæцытæ фыццаг хатт бахаудтой дунейы чемпионатмæ (Исландийы цæры æрмæстдæр 332 мин адæймаджы). Аргентинæйæн хыгъд байгом кæнын бантыст 19-æм минутыл, фæлæ 4 минуты фæстæдæр Исландийы футболисттæн бантыст хыгъд сæмхуызон кæнын. Хъазты кæронмæ аргентинæйæгтæ æппæт дæр арæзтой дыккаг пурти бакъуырыныл, фæлæ сын нæ бантыст. Уый нæ, фæлæ Лионель Мессийæн йæ бон не ссис 11-метрон цæфæй  пурти бакъуырын æмæ афтæмæй хъазт фæцис 1:1.

Иннæ дыууæ хъазты Дани 1:0 хыгъдæй рамбылдта Перуйы, Хорвати та 2:0 хыгъдæй тыхджындæр уыд Нигерияйы æмбырд-гондæй.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.