САМБО

Хуссарирыстойнаг самбист Хъоцыты Давид ссис РЦИ-Аланийы сывæллæтты-æрыгæтты XII-æм хæстон аивæдты хъæзтыты æвзист призер. Ерыстæ уагъд цыдысты Дзæуджыхъæуы. Дзауы поселочы самбойы скъолайы хъомылгæнинаг архайдта 34 кг уæзы категорийы. Финалмæ цæугæйæ акодта æртæ тохы. Уыдонæй дыууæйыл фæуæлахиз æмгъуыдæй раздæр, иу тохы та йæ ныхмæлæууæг тыхджындæр уыд очкотæм гæсгæ.

Хъоцыты Давиды тренер у Хъоцыты Тамерлан.

ШАХМАТТÆ

Хуссарирыстойнаг шахматисттæ хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой Дзæуджыхъæуы уагъдцæуæг чемпионаты. Ерысты дыккаг бынат бацахста Сиукъаты Алан. Чемпионаты уæлахиздзау та ссис Хуссар Ирыстонæй рацæугæ æвзонг лæппу Танделаты Арсен. Ерыстæ ма уагъд æрцыдысты, 14 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн дæр. Уым та иууыл цæттæдæр разынд Бибылты Алан.

 

ХУРИТЫ Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.