ДЗЮДО

Æлборты Аланæ ссис Санкт-Петербурджы дзюдойы федерацийы призтæ рамбулыны сæраппонд ерысты бронзæйон призер. Ерысты хайад истой 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсментæ. Аланæйыл йæхиуыл кæд 18 азы йедтæмæ нæ цæуы, уæддæр йæхицæй хистæр спортсменкæтимæ хæцгæйæ равдыста хорз цæттæдзинад. Тренертæ Тъуриты Тенгиз æмæ Гæбæраты Автандилы хъомылгæнинаг æртыкккаг бынат бацахсыны сæраппонд тохы фæуæлахиз Красноярскы крайы минæвар Ольга Кравчукыл.

НОМАРÆН ТУРНИР

Цхинвалы уагъд æрцыд тренер Гæбæраты Людмилæйы номарæн традицион турнир аивадон гимнастикæйæ. Ерысты хайад райстой Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны гимнасткæтæ. Турнир сорганизаци кодтой аивадон гимнастикæйы федераци, спорты галуан «Олимп» æмæ Фæсивæдон политикæ æмæ спорты комитеты æххуысæй.

Ерыстæ байгом кодта аивадон гинастикæйы федерацийы президент Цхуырбаты Земæ. Президенты номæй ерысты хайадисджытæн раарфæ кодта спорты фарстаты фæдыл паддзахады сæргълæууæджы æххуысгæнæг Джиоты Руфин. Æвзонг спортсменкæтæн ма раарфæ кодта культурæ, фæсивæд æмæ спорты управленийы сæргълæууæг Тасойты Игорь.

 

СПОРТИВОН ХЪÆБЫСХÆСТ

19-æм апрелы Варшавайы райдайдзæн Европæйы чемпионат спортивон хъæбысхæстæй. Уым уæгъдибар хъæбысхæстæй ерысты хайад райсдзысты Найфонты Артур æмæ Козырты Сергей. Найфонты Артур архайдзæн 86 кг уæзы категорийы, Козырты Сергей та – 97 кг уæзы.

 

СТЪОЛЫ ТЕННИС

 

Спорт

Уагъд æрцыд Дзауы районы чемпионат стъолы теннисæй. Хайад дзы райстой районы 5 скъолайы командæтæ. Чызджыты ‘хсæн фыццаг бынат бацахста Джуссойты Каринæ, дыккаг ссис Зассеты Алинæ æмæ æртыккаг бынатмæ та рахызт Козаты Наташæ.

Лæппуты ‘хсæн иууыл хуыздæр йæхи равдыста Хуыгаты Давид, дыккаг бынатыл ацыд Хуыгаты Артур æмæ æртыккаг та ссис Хуыгаты Роберт.

Уæлахиздзаутæ хорзæхджын æрцыдысты кубоктæ æмæ грамотæтæй.

Дзауы районы администрацийы спорты хайады сæргълæууæг Джиоты Алик куыд банысан кодта, афтæмæй бузныгæй баззад РХИ-йы стъолы теннисы федерацийы президент Джиоты Мириан æмæ тренер Уалыты Иринæйæ  ерыстæ сорганизаци кæныны сын кæй баххуыс кодтой, уый тыххæй.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.