ФÆКЪАДДÆР УЫДЗЫСТЫ ОЛИМПИОН ХЪÆЗТЫТЫ МАЙДАНТЫ КОМПЛЕКТТÆ

Дунеон Олимпион комитет уынаффæ райста 2024 азы Парижы Олимпион хъæзтыты майданты комплекттæ 339-æй 329-ы онг фæкъаддæр кæныны тыххæй. Францы столицæйы хъæзтытæм атлеттæн уыдзæн 10500 квотæйы. Уый та у Токиойы Олимпион хъæзтытæй 600 квотæйæ къаддæр. Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ фыццаг хатт æххæст кæй æрцæудзæн æххæст гендерон æмбарад – 50% нæлгоймаг спортсмены æмæ 50% та – сылгоймæгтæ. Иууыл тынгдæр квотæтæ фæкъаддæр кæныны хъуыд-даг бандавдзæн бокс æмæ уæззау атлетикæйыл. Парижы майданты 10 комплектыл тох кæндзысты 120 штангисты. 

Дунеон Олимпион комитет ма йæ официалон сайты куыд хъусын кæны, афтæмæй 2024 азы Олимпион хъæзтыты программæмæ хаст æрцыдысты брейк-данс, скейтбординг, къæдзæхмæ бырын æмæ серфинг. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ брейк-дансæй ерыстæ уагъд кæй æрцæудзысты фыццаг хатт.

ГРЕКЪАГ-РОМАГ ХЪÆБЫСХÆСТ

Горæт Владимиры уагъд æрцыд 2006-2007 азты гуырд спортсменты ‘хсæн Профцæдистæ «Россия»-йы физкультурон-спортивон æхсæнады чемпионат грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй. Ерысты хайад райстой Уæрæсейы регионтæй 500 спортсментæй фылдæр. Ирыстоны минæвæрттæ рамбылдтой 4 майданы. 52 кг уæзы категорийы фыццаг бынат бацахста Беслехъоты Зауыр. Бронзæйон призертæ та систы Дзасохты Чермен (68 кг), Хъуылаты Магомед (100 кг) æмæ Дзабиты Алан (110 ). 

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ райстой 2021 азы æвзæнгты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты хайад райсыны бар, кæцы уагъд æрцæу-дзæн апрелы мæйы горæт Омскы.

ФУТБОЛ

Швейцариаг Цюрихы уагъд æрцыд футболæй 2020 азы дунейы чемпионатмæ бахауыны фæдыл æвзарæн турниры хæлттæппæрст. Уæрæсейы æмбырдгонд командæ, кæцыйы сæйраг тренер у ирон специалист Черчесты Станислав, бахаудта къорд «Н»-мæ, цыран ма хъаздзысты Хорвати, Словаки, Словени, Кипр æмæ Мальтайы коман-дæтæ. Дунейы чемпионатмæ комкоммæ дæр бахаудзысты сæ дæлкъордты фыццаг бынæттæ æрцахсæг æмбырдгæндтæ, дыккаг бынæттæ æрцахсæг 10 командæйы та сæхи ‘хсæн ерыс кæндзысты чемпионатмæ бахауыныл.

2022 азы футболæй дунейы чемпионат уагъд æрцæудзæн Катары 21 ноябрæй 18 декабры онг.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.