Дыгуры театры сæйраг режиссер Джелыты Хъазбег 5-æм майы паддзахадон драмон театры сценæйыл хуссарирыстойнаг театрдзауты тæрхонмæ рахаста зындгонд ирон драматург, режиссер, УФ-йы адæмон артист Хуыгаты Георы пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Сау нымæт».

Спектаклы премьерæ æрбамбырд кодта тынг бирæ адæмы, сæ тыхджын къухæмдзæгъдæй бæрæг уыдис, стыр æхсызгонæй йæм кæй бакастысты, уый. Режиссер æмæ артисттæн бантыст Хуыгаты Георы философон хъуыды равдисын. Спектакль рауадис арф æмæ мидисджын. Хуыгаты Георы «Сау нымæт» у философон, арфхъуыдыджын уацмыс. Тæбæхсæуты Балойы номыл паддзахадон театры репертуары дæс азæй фылдæр ис ацы спектакль. Уый архайдта Цæгат Кавказы æппæт фестивалты, аргъ ын кодтой Казань, Мæскуы æмæ æндæр горæтты театрдзаутæ дæр. Абон дæр адæмы æнæмæнг хъæуы, фыццаджыдæр уый тыххæй, æмæ кæй у универсалон, адæймаджы царды ахсджиагдæр фарстатæ дзы афтæ æвæрд цæуынц, æмæ сæ уацары бахауынц театрдзаутæ дæр. Ахæм уацмысты фæрцы адæмæн хъæздыгдæр кæны сæ миддуне.

Джелыты Хъазбег фыццаг хатт нæ бавнæлдта «Сау нымæт» сæвæрынмæ. Йæхæдæг куыд банысан кодта, афтæмæй дипломон куыстæн дæр равзæрста ацы уацмысы. Фæлæ нырыккон премьерæ дипломон куыстæй цæхгæр хицæн кæны. Хуссарирыстойнаг сценæйыл режиссер сæйраг акцент æвæры, хъайтартæ сæхимидæг куыд мæт кæнынц æмæ куыд схъуырдухæн вæййынц, зæрдæ, уд æмæ зонд кæрæдзийы куыд агурынц, уыдæттыл. Афтæ ма фылдæр хъусдард здахы пьесæйы цардуагон философи райхалынмæ.

Спектаклы æппæт хъайтарты ‘хсæн архайы æрмæст иунæг адæймаг – фыййау, иннæ архайджытæ сты фос æмæ сырдты фæлгонцты, кæцытæн сæ миниуджытæ сты адæймаджы миниуджытæм хæстæг. Ног спектаклы ролтæ æххæст кодтой: Мамиты Григори (балбирæгъты хистæр Чобыр), Гаглойты Эдуард (халон), Куымæридтаты Батрадз (куыдз Тузар), Хуыгаты Альбинæ (сыл-бирæгъ Чобра), Таугазты Дзерассæ (Тæрхъус), Хаситы Эммæ (Рувас Буретта), Хаситы Сослан (фыййау) æмæ æндæртæ. Ам банысан кæнын хъæуы уый, æмæ артисттæй алчидæр спектаклы йæ раны уыдис æмæ иттæг хорз  ахъазыдысты сæ ролты.

Сценæмæкæсæг æнæрахатгæ нæ фæуыдзæнис æууæнкдзинад æмæ хæрамдзинады, уарзондзинад æмæ бæрнон хæсы цымыдисаг истори, режиссеры ахаст адæймагмæ, фæлæ цæрæгойты цæстæнгасæй. Бæлвырддæр та – куыдз Тузары. Цымæ адæймаг ахæм бæрзонд бынаты аккаг у æви нæ? Æмæ чи у, уæвгæ, адæймаг? Бирæ фарстытæ сæвзæры адæймагмæ ацы спектаклмæ кæсгæйæ. Фæлæ сын дзуапп хъуамæ радта йæхæдæг.

Спектаклы сюжеты æвдыст цæуы фыййау йæ фысты дзуджы куыд æртардта хæхтæм, йемæ йæ куыдз Тузар, афтæмæй. Уæд балбирæгъты хистæр, зæронд бирæгъ Чобыр æртымбыл кодта сырдты, цæмæй Тузары сæхирдæм фæкæной æмæ сын фыстæ хæсса, науæд, зæгъгæ, уазал æмæ даргъ зымæджы æххормагæй амæлдзыстæм. Æмæ æрхъуыды кодта афтæ, цæмæй сылбирæгъ Чобра йæхи бауарзын кæна куыдзæн, кæд куыдзæй йæ удхæссæг уыдта, уæддæр. Фæлæ сын æндæр гæнæн кæй нæ уыд æмæ йæ хистæры ныхасмæ та дыууæ кæй нæ загътаид, уый æмбæрста æмæ зæронд бирæгъы фæндон сæххæст кодта. Бауарзта Тузар сылбирæгъы. Фæлæ иузæрдион куыдз Тузар йæ хицау æмæ бинонтыл йæ зæрдæ не сивта æмæ йæ хицауы ныхмæ нæ рацыд. Хæхтæй фос æртæрыны рæстæг куы ‘рцыдис, уæд фыййауæй айрох йæ нымæт, фесæфта йæ æмæ йын афтæмæй сæрвæты баззадис. Бæрнон æмæ йæ хицауыл иузæрдион куыдз уый зонгæйæ, ахсджиагыл банымадта нымæт бахъахъхъæнын, нæ йæ ныууагъта дзæгъæл æмæ уый тыххæй йæ зымæг арвыста уазал хæхты æнæ хæринагæй. Тузары уырныдта, йæ хицау æй кæй нæ ферох кæн-дзæн æмæ æнхъæлмæ каст уалдзæджы ‘рбалæудмæ, йæ хицаумæ. Тузар нæ фæрæдыд, уалдзæджы фæзындис йæ хицау. Фæлæ Тузары сæййæфта рынчынæй æмæ мæллæгæй. Æмæ уæд фыййау дис кæны, зæгъгæ, ам цæмæн баззад йæ куыдз. Цæмæй рынчын куыдз ма хъизæмар кодтаид, æмæ йæ уыцы фыдæбонæй фервæзын кодтаид, уыцы хъуыдытимæ йæ йæ хицау амардта, уымæн æмæ Тузарæй пайда дзы нал уыд, рынчынмæ зилын хъуыди…

Тузар æххормаг сырдты ‘хсæн иунæгæй баззадис зымæджы, æмæ йæм уыдон нæ бавнæлдтой, фæлæ кæй хъахъхъæдта æмæ кæй тыххæй фæрынчын, уыцы адæймаг æй йæхи къухтæй бабын кодта, йæ цард ын байста.

Премьерæ «Сау нымæт»-ы ма артистты иттæг хорз хъазт баххæст кодтой музыкæ æмæ хореографи. Иудзырдæй, спектакль сценæмæкæсджыты бафтыдта хъуыдытыл, цы арф æмæ хъуыдыджын фарстытæ дзы æвзæрд, уыдоныл алчидæр йæхирдыгонау сагъæс кодта. Мæнмæ гæсгæ, ацы спектаклмæ хъуамæ алчидæр бакæса.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.