Нæ хистæр фæлтæр сæ царды хабæрттæ куы фæкæнынц, уæд сæ адих кæнынц: сæ æдыхст  сабибонтæ, сабыр цард, бинонты амонд, æмæ уый фæстæ та – фыдæвзарæнтæ, æнæкæрон хъизæмæрттæ…  

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ цалдæр фæлтæр рахъомыл. Хъыгагæн, алы аз дæр къаддæрæй-къаддæр кæны уыцы хæсты архайджыты нымæц.  Уыдонæй сæ иуы ном дæр  хъуамæ  рох макуы  уа. Хæсты быдыры йæ сæр райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау мæлæтмæ чи радта, уыдон æнустæм баззадысты æрыгæттæй. Ӕгасæй йæ хæдзарыл чи сæмбæлдысты, уыдон та зæронд кæнынц æмæ иугай цæуынц се ‘цæг дунемæ. Фашизмы ныхмæ иумæйаг тохы, сæрбахъуыды рæстæджы Иры хæстхъом фæсивæд сæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау сæхи нæ бааууон кодтой, фæлæ райстой сæ къухмæ хæцæнгарз æмæ мингæйттæй цыдысты фашизмы ныхмæ тохмæ. Ирыстон ацы тугкалæн хæстмæ фервыста 80 мин адæймагæй фылдæр.

Мæ ныхас у уыцы æстай минæй дыууæ адæймаджы тыххæй. Уыдон сты Гасситы Захар æмæ Владимир. Дзауы районы Бузалайы хъæуккаг Гасситы Иван æмæ Коцты Екатеринæйæн хуыцау радта сывæллæттæй амонд – уыдис сын æртæ лæппуйы æмæ æртæ чызджы.  Иван æмæ Екатеринæ уыдысты зæхкусæг цардæмбæлттæ  æмæ сæ сывæллæтты дæр цайдагъ кодтой куыстыл, уымæй уæлдай ма сæ рох нæ уыд сæ сывæллæтты сомбон дæр. “Ахуыр адæймагæн хуыздæр кад ис  æхсæнады” – дзырдта-иу сæ мад Екатеринæ, æмæ  йæ сывæллæтты разæнгард кодта ахуырмæ.

Ӕнæзивæг æмæ æвзыгъд кæстæртæй хъомыл кодтой хъæубæсты ‘хсæн Гасситы лæппутæ. Захар ахуырмæ зæрдæргъæвд уыд. Дардыл хъуыды кодта йæ сомбоныл. Фæндыд æй скъола каст фæуыны фæстæ уæлдæр ахуыргæнæндонмæ бацæуын. Афтæ амыдта йæ кæстæртæн дæр.

Райдыдта цыфыддæр тугкалæн хæст. Хæст йæ бон калы, йæ райдианæй суанг йæ кæронмæ, Ирыстоны фæсивæдæй чидæриддæр хæстмæ цæуынхъом уыд, уыдоны иууылдæр кодтой  Гуырдзыстонмæ, Гурмæ, æмæ сæ уырдыгæй æппæрстой, карздæр тох цы рæтты цыд, уырдæм. Балæууыдысты  Гасситы Иваны  хæдзары къæсæрыл дæр. Райстой æрсидты гæххæттытæ йæ дыууæ фырты дæр.  “Ирон лæджы кад макуы счъизи кæнут” – ахæм ныхæстимæ афæндараст кодта фыд йæ фыртты  дард хæсты быдырмæ.

Захар æмæ Владимиры дæр Гуырдзыстонæй акодтой Украинæмæ, горæт Керчмæ. Уыцы рæстæджы Украинæйы цыдысты уæззау тохтæ. Захар йæ мысинæгты куыд дзырдта, уымæ гæсгæ иу ахæмы Керчы æрдæгсакъадах бафтыд знаджы къухты, фаг тыхтæ æмæ нæм æхсæнгарз кæй нæ уыд, уый тыххæй. «Цагъды дæр нæ бирæ баййæфта æмæ цæфтæ дæр.  Æхстой нæ фæйнæрдыгæй, знаг бырста размæ йæ риуы ‘мбæрц. Нæ сæрмæ тахтысты хæдтæхджытæ æмæ ныл калдтой бомбæтæ.  Алæууыдыстæм фæстæмæ, кæй зæгъынæй хъæуы. Тынг бирæ нæ фæцагъд уым. Ирыстонæй хæстонтæ дæр дзы бирæтæ  баззад  тохы быдыры.

Уыдис тæссаг æмæ уæззау рæстæг. Хæсты алчидæр æнкъардта, мæлæт æм комкоммæ кæй кæсы, фæлæ, Райгуырæн бæстæйы зын уавæр ничи рох кодта.

1943 азы Сырх Æфсад та йæ тыхтæ æрбамбырд кодта. “Знаг тынг ахъаззаг ныхкъуырд лæвæрдта, фæлæ махæн уæлахиз нæ къухты уыд æмæ ма фæстæ кæм лæууыдыстæм”, – дзырдта-иу йæ мысинæгты Захар.

Керчы æрдæгсакъадахы сæрыл тугкалæн тохты знаджы нæмыджы  схъистæй уæззау цæфтæ фæцис Захар æмæ дæргъвæтин рæстæгмæ бахауд госпиталмæ. Йæ цæфтæ йын ныууагътой йе ‘нæниздзинадыл уæззау фæд, æмæ йæ 1943 азы демобилизаци скодтой. Уый зæрдæдзургæйæ æрæздæхт Ирыстонмæ, йæ хæдзармæ – йе ‘фсымæрмæ йæ  зæрдæ æхсайдта.  Цыд рæстæг æмæ ницыуал райхъуыст Владимирæн йæ дарддæры тохвæндагæй. Уый æнустæм баззад хæсты быдыры – æбæрæгæй сæфт фæцис. Райстой йын йæ фыд Иван æмæ йæ мад Екатеринæ йæ сау гæххæт. Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау æрхаста йæ цард нывондæн.

Гасситы Захар йæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй хорзæхджын æрцыд  Сырх Тырысайы æмæ Сырх Стъалыйы ордентæй, афтæ майдантæй дæр.

Ӕрæздæхт Захар йæ Райгуырæн Ирыстонмæ, йæ фыды уæзæгмæ, фæлæ йын  йæ уæззау цæфтæ бирæ рæстæг æнцойад кæм лæвæрдтой, йæ къæхтыл хаста знаджы снарядты схъистæ. Уыцы схъистæ йын йæ амæлæты бонмæ рох кæнын нæ уагътой хæсты уæззау бонтæ. Фæлæ дарддæры сомбоныл дæр хъуыды кæнын хъуыд. Ӕрхаста бинонтæ, фæзынд ын сывæллæттæ дæр – цыппар чызджы æмæ иу лæппу. Уæлдæр ахуыр дæр фæци, Хуссар Ирыстоны педагогон институты математикæйы факультет. Захар пенсийы ацæуыны рæстæгмæ фæкуыста математикæйы  ахуыргæнæгæй. Куыста  Къуайсайы, Теде-леты  æмæ Дзауы астæуккаг скъолаты.

Фыдыбæстæйы хæст ивгъуыд азты баззад. Цард йæ гаччы æрбадт. Уæдæ ма цæрынæн цы хъæуы.Фæлæ… Захарæн йæ зæрдæйы арф хъæдгæмттæ гас кæнын куы райдыдтой, уæд та – ногæй рæхуыст.  Мæнæ та гуырдзы ирон адæмæн расидтысты дыккаг геноцид, дыккаг тугкалæн хæст. Дзырд дардыл у, фæлæ уыцы райдзаст уалдзыгон бон Зары трагеди Ирыстоныл цы уæззау фæд ныууагъта, уый æнустæм баз-зайдзæн арф хъæдгомæй.

20 майы гуырдзиаг фыдгæнджыты къухæй сырдон æгъдауæй фæмард æхсæрдæс æмæ ссæдз лигъдон адæймаджы –  зæрæдтæ, сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ. Уæзласæн машинæ трагедийы амæттæгты мæрдон буæрттæ сындæггай ласта Зары хъæуæй. Уыцы мæрдты ̀хсæн Захарæн  уыд йæ астæуккаг чызг  Хадизæт дæр. Амонд ацы хатт дæр нæ бацауæрста Захарыл. Уæззау хъæдгомæй фæхаста йæ зæрдæ йæ амæлæты бонмæ. Йæ цардæй та ахицæн 2001 азы

Ныры фæсивæдæн ис, Фыдыбæстæ æгæрон уарзтæй уарзыныл, зонындзинæдтæм тырнындзинадыл, хъæбатырдзинад, лæгдзинад æмæ æхсарыл кæуыл ахуыр кæ-ной, уыдон. Уыдонæй сæ иу уыд Захар дæр.

Æлборты Агуындæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.