Уæрæсейы Федерацийы æфсæддон ведомствойы ахуыргæнæндæттæ, университеттæ æмæ академитæ каст чи фæсты, Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады ми-нистрады уыцы æфсæддон службæгæнджытæ æнтысгæйæ радтой фæлварæнтæ.

Уымæй дарддæр ма, РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады куыд банысан кодтой, афтæмæй курсантты иу хай ахуыр фесты тынг хорз нысæнттимæ.

«Цытджын æгъдауæй сæ ахуыры фæуд банысан кодтой УФ-йы Иумæйаг-æфсæддон академи, Михайловскийы артиллерион академи æмæ Мæскуыйы уæлдæр иумæйагæфсæддон командон ахуыргæнæндоны», – зæгъынц ведомствойы.

Цытджын рæнхълæудтытæ уагъд æрцæудзысты ацы бонты Æфсæддон-медицинон академийы Санкт-Петербурджы, Рязаны уæлдæр æфсæддон-уæлдæфон командон ахуыргæнæндоны, Мæскуыйы æфсæддон университеты æмæ Бастдзинады æфсæддон академийы.

Хуссар Ирыстоны рауагъдонтæ уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндæттæй куыддæр æрцæуой, афтæ адарддæр кæндзысты се службæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты рæнхъыты, 4-æм гвардион базæйы æмæ Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады æндæр дæлхæйтты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.