Президент Гаглойты Алан йæхимæ райста Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Мидхъуыддæгты министр Демьян Лаптевы.

Фембæлды ма архайдтой РХИ-йы Мидхъуыддæгты министр Гуыцмæзты Алан, РХИ-йы Мидхъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг Мамиты Эрислав, РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Цыбырты Таймураз.

Паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта уазджытæн æмæ банысан кодта  барадхъахъхъæнæг органты архайд фæхуыздæр кæныны æвæрццаг фæстиуджытæ. Уыдон къухты бафтыдысты æнтыстджын æхсæнадæмон æмархайды фæрцы.

«Мах иу адæм стæм. Ацы уæззау рæстæджы нæ разы лæууынц серьезон сидтытæ æмæ тыхон структурæтæ кусынц æнгомæй, бæстон æмархайд кæнынц бæрзонд æмвæзадыл. Уый у ахсджиаг хъуыддаг», – загъта Гаглойты Алан.

Сæйраг проблемæтæй сæ иуæй Президент банысан кодта наркотикты æнæзакъононæй парахат кæнын.

«Наркотрафикимæ тох кæнын у нæ иумæйаг æмæ ахсджиаг хæс æмæ нысан. Мах æппæт тыхтæ хъуамæ радтæм, цæмæй йæ скуынæг кæнæм», – загъта уый.

Демьян Лаптев йæ рады бузныг загъта Гаглойты Аланæн кæй сæ фæхуыдта, уый тыххæй.

«Алан Эдуарды фырт, мæнæн æхсызгон у нæ фембæлд. Уый мæнæн стыр кад у. Кæй зæгъын æй хъæуы, Хуссар Кавказы стабилондзинад æмæ æдасдзинады бындур у Уæрæсейы Федерацийы æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн  æмгуыстад.

Цæгат æмæ Хуссар Ирыстон сты æфсымæрон республикæтæ. Мах цæттæ дæр стæм æмæ хæсджын дæр  æмархайд кæнынæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ куыст уыдзæн конструктивон. Ды цы здæхт банысан кодтай, ома, наркотикты æнæзакъононæй парахат кæнын у иууыл сæйрагдæр, уый у стыр тæссагдзинад, уый сæфтмæ кæны рæзгæ фæлтæры. Мах цæттæ стæм кусын æмæ æмархайд кæнынмæ ацы здæхты», – загъта министр.

Гаглойты Алан ма ныхас кодта Цæгат Ирыстоны хуссарирыстойнаг номыртимæ автомобилты тонировкæ сисыны фарсты тыххæй дæр.

Уый фæстæ фембæлд уагъд æрцыд æнæ дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæй.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.