Хуссарирыстойнаг богалтæ Къæбысты Дэвид æмæ Бестауты Андрей систы уæгъдибар хъæбысхæстæй абсолютон уæзы категорийы Уæрæсейы чемпионаты бронзæйон призертæ. Ерыстæ уагъд цыдысты Нарофоминскы. Дэвид æмæ Андрей хæцыдысты 125 кг уæзы категорийы. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы æвзонг спортсментæ раздæр кæй архайдтой æрыгæтты ‘хсæн. Ныр рахызтысты хистæр кары богалтæм. Сæ тренер у Коцты Тамерлан.

Абсолютон уæзы категорийы хайад фæисынц 97 кг æмæ 125 кг уæзы категорийы архайæг богалтæ. Ныр ерысты абсолютон уæлахиздзау ссис Хуыбиаты Хасан, кæцы нырма фæуæлахиз 125 кг уæзы, стæй рамбылдта 97кг уæзы категорийы фыццаг бынат бацахсæг Тажидин Акаевы.

Ерысты æвзист призертæ та систы Чертхъоты Гурам æмæ Коцты Знауыр. Бронзæ майдантæ ма рамбылдтой Гæззаты Асланбег æмæ Гæззаты Батрадз.

 

ДЗЮДО

Ирон дзюдоист Тасойты Инал бронзæйон призер ссис Токиойы «Большой шлем»-ы турниры. Æртыккаг бынат бацахсыны тохы сæраппонд уый фæуæлахиз гуырдзиаг спортсмен Левани Матиашвилийыл.

 

НОМАРÆН ТУРНИР ШАХМАТТÆЙ

Фыццаг хатт Цхинвалы уагъд æрцыд стыр ирон ахуыргонд Абайты Васойы номарæн турнир шахматтæй. Хайад дзы райстой Ирыстоны дыууæ хайы минæвæрттæ. Хъæзтытæ цыдысты ахуыргонды номыл хæдзар-музейы. Райдианы уал шахматисттæн арæзт æрцыд экскурси. Цыбыртæй сын радзырдтой ахуыргонды цард æмæ зонадон куысты тыххæй. Уый фæстæ райдыдтой спортивон тохтæ. Алы хъазæг дæр акодта фæйнæ 9 партийы. Уыдонæй 8 очкойы æрæмбырд кодта æмæ фыццаг бынат бацахста Саулохты Георги. Дыккаг ссис Сиукъаты Алан. Уымæн та уыд 7,5 очкойы. 6,5 очкоимæ та æртыккаг бынатмæ ахызт Къодоты Андрей.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.