Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан æрæджы йæхимæ райста Æнæхицауадон организациты дунеон цæдис «Евразиаг адæмты ассамблейы» — уæнгты Ассамблейы Генералон секретарь Андрей Бельяниновы сæргълæудæй.

Фембæлды хайад райстой Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин, Паддзахадон таможнæйон комитеты сæрдар Цхуырбаты Мурат æмæ Æхсæнадон палатæйы сæрдар Куыдзеты Сергей.

Президент Гаглойты Алан банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонмæ Ассамблейы делегаци æрцыд хæрзаудæн миссиимæ, кæцыйы нысаниуæг у адæмты æрбангом æмæ хæларадон æмахастытæ рæзын кæнын. Мах, зæгъгæ, райгондæй æгасцуай зæгъæм сымахæн Хуссар Ирыстоны зæххыл æмæ нæ ныфс ис æнгом æмгуыстадæй.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, символикон у, делегаци нæ республикæмæ ахæм нысаниуæгджын бон кæй æрцыдысты — Хуссар Ирыстоны Æхсардзинад æмæ адæмты иудзинады бон уый.

«Сабырад æмæ исты аразыны нысанмæ цы организацитæ тырнынц, уыдонимæ æмгуыстад æмæ райрæзты ахастытæм цæттæ у Хуссар Ирыстон.

Мах цæттæ стæм уæ идейæтæ æмæ хъуыддæгты фарс балæууынмæ», — дзырдта Президент. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Таможнæйон комитеты сæрдар Цхуырбаты Мурат Хуссар Ирыстоны хъахъхъæндзæн организацийы интерестæ æмæ йæ хъус дардзæн йæ архайдмæ.

Бæстæйы разамонæг æхсызгонæй банысан кодта бирæнационалон делегацийы сконды не ‘мзæххонтæ дæр кæй ис, уыцы хъуыддаг.

«Евразиаг адæмты ассамблейы» Генералон секретарь Андрей Бельянинов бузныг загъта Гаглойты Аланæн йæ хъарм райсты тыххæй.

«Нæ Ассамблейæ æхсæнады æнгом кæны æнæ политикæйæ дæр. Мах цæттæ стæм кусынмæ, нæ мисси дæр у гуманитарон здæхты. Æмæ йæ куыд банысан кодтат, уымæ гæсгæ нæ организацийы бирæ ирон æмбæстæгтæ кæй кусы, уый дзæлгъæды нæу — уыцы ирæттæ сты активон æмбæстагон позицийыл хæст», — банысан кодта уый.

Андрей Бельянинов Æхсардзинад æмæ адæмты иудзинады бæрæгбоны тыххæй арфæ ракодта æппæт ирон адæмæн.

Гаглойты Алан ма банысан кодта, Хуссар Ирыстон цæттæ кæй у йæ сæйраг партнер Уæрæсейы Федерацийы минæвæрттимæ æмгуыстад кæнынмæ. Уымæн æмæ дæргъвæтин азты дæргъы Уæрæсе алыварсонæй æххуыс кодта нæ бæстæйæн. Уый сæйраг фæстиуæг у, ныртæккæ нæ зæххыл сабырдзинад кæй ис, инфраструктурæ кæй æндидзы, бындур æвæрд кæй æрцыд экономикон рæзтæн, цард биноныг кæй цæуы æмæ адæм ныфсджынæй плæнттæ кæй æвæрынц сомбоны цардæн, уый.

Сразыдзинад

Уыцы бон ма æмгуыстады фæдыл Сразыдзинад бафыст æрцыд Хуссар Ирыстоны хицауад æмæ Æнæхицауадон организациты дунеон цæдис «Евразиаг адæмты ассамблейы» æхсæн. Нысаниуæгджын документыл сæ къухтæ бафыстой Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Джуссойты Константин æмæ Ассамблейы Генералон секретарь Андрей Бельянинов.

Сразыдзинадмæ гæсгæ фæрстæн фадат уыдзæн дунеон гуманитарон æмæ хъуыддагон æмгуыстад фидар æмæ рауæрæх кæнын. Афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты нысанæн фæлтæрддзинад кæрæдзийæн дæттын ахæм здæхтыты, куыд культурæйы, ахуырады, туризмы, спорты, фæсивæдимæ кусын, базарадон-сæудæджерадон фадыджы, экспорт, импорт, финанстæ, инвестицитæ, инновацитæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ