ПРЕЗИДЕНТ БАБÆРÆГ КОДТА УИСТЫ ХЪÆУЫ СÆРМÆ АРÆНЫ УАВÆР

Хуссар Ирыстонæн æппæт бартæ æмæ фадæттæ дæр ис йæ адæмы æдасдзинад бахъахъхъæнынæн – ахæм уыд йæ хъуыды нæ республикæйы Президент Бибылты Анатолийæн, æрæджы цы пресс-конференци ауагъта уым. Дзырд сæйраджыдæр цыд, а-сæрды Знауыры районы Уисты хъæумæ хæстæг Гуырдзыстоны тыхон структурæтæ цы æнæзакъонон блок-пост сæвæрдтой, уый тыххæй. Æмæ уыцы хъуыды ногæй бафидар кæнынæй цалдæр боны фæстæ Президент йæхæдæг бабæрæг кодта, æндыгъд уавæр кæм сæвзæрд, уыцы бынат.

Президентимæ ма уыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Æдасдзинады Комитеты сæрдар Олег Ширан æмæ Арæнгæрон службæйы хистæры хæстæ æххæстгæнæг Алиханты Валери.

Президент æмæ йе ‘мбæлцæттæ схызтысты арæнхъахъхъæнæн фадыджы иууыл бæрзонддæр бынатмæ æмæ лæмбынæг базонгæ, сты паддзахадон арæны хахвæды æдасдзинад хъахъхъæнын æмæ бахъуыды рæстæджы сигнал адæттыны фæрæзты цæттæдзинадимæ. Загъта йæ хъуыдытæ æмæ фиппаинæгтæ арæнгæрон æдасдзинады фарстаты фæдыл. Олег Ширан æмæ Алиханты Валериимæ лæмбынæг æрдзырдта, уыцы районы дæлхæйттæ æмæ постты хсæн бастдзинады фарстатыл.

Бибылты Анатоли бацымыдис кодта арæнхъахъхъæнджыты службæйы уавæртæм – куыд ифтонг сты хæлцæй, хъæрмадæй. Семæ фембæлыны рæстæджы сын бацайдагъ зæрдæбын ныхас.

«Арæнгæрон посты чидæриддæр службæ кæны, уыдонæй алчи дæр æмбары, цахæм стыр бæрндзинад хæссы, уый. Алчи дæр æй æмбары, уый кæй у хæстон хæс æххæст кæнын Паддзахадон арæн хъахъхъæнгæйæ. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, алы наряд дæр исы хæстон бардзырд», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый банысан кодта уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытимæ æмархайды ахсджиагдзинад дæр.

Алиханты Валери Президентæн загъта Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады Федералон Службæйы Арæнгæрон управленийы æввахсдæр дæлхай кæй ис Балтайы хъæуы.

«Махæн уыдонимæ ис комкоммæ бастдзинад æмæ кæрæдзийæн информаци дæттæм уавæры цыфæнды ивындзинæдты тыххæй дæр», – загъта уый.

Бибылты Анатолийæн йæ сæйраг фæдзæхст уыд, кæй ницы хуызы ис гæнæн гуырдзиаг фарсы провокацион архæйдтытæн дзуапп дæттæн.

«Цыдæриддæр цæуы, уыдæттæн хъæуы лæмбынæг анализ аразын æмæ æппæтæй сæйрагдæр та у, цæмæй гуырдзыстойнаг фарсæрдыгæй провокациты фæдыл мачи ацæуа. Ахæм провокацитæм та, æнæдызæрдыгæй æнхъæлмæкæсæн ис гуырдзиаг фæрсæрдыгæй, регионы Евроцæдис æмæ Европæйы Æдасдзинады Советы миссийы минæвæрттæ кæй сты, уымæ æнæ кæсгæйæ. Мах хорз зонæм истори, суанг нæуæдзæм азтæй райдайгæйæ: провокацитæ куыд кодтой, сæхæдæг-иу сæхи куыд фехстой æмæ-иу стæй аххос махыл æвæрынмæ куыд хъавыдысты. Мах уыдонæн сæ методтæ зонæм», – йæ хъуыды æргомæй загъта республикæйы сæргълæууæг.

Бибылты Анатоли бæрзæндыл чи службæ кæны, уыцы Арæнхъахъхъæнæг службæйы кусджытæй алкæмæн дæр арфæ ракодта Паддзахадон æдасдзинад хъахъхъæнынады органты кусджыты боны фæдыл æмæ сын бузныджы ныхæстæ загъта, сæ разылæууæг хæстæ æнтыстджынæй кæй æххæст кæнынц, уый тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.