Криминалон милицийы тагъд фердæхты къордыл(ОМСН) 4 февралы сæххæст 19 азы. Спецкъорды рæнхъон сконды цытджын ралæудмæ фæуазæг сты бæстæйы Президент Бибылты Анатоли, Мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад Пухаты Мерабы сæргълæудæй, милицийы ветерантæ æмæ ма журналисттæ.

Бибылты Анатоли зæрдиаг арфæйы ныхæстæ загъта спецкъорды кусджытæн сæ бæрæгбоны цытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, ахæм дæлхайы кусын æмæ сымахау профессионалон хæстæ иттæг хорз æххæст кæнын фæзминаг у æндæртæн, уымæн æмæ службæ иузæрдионæй   лæггад кæнын Райгуырæн бæстæйæн.

«Сымахæй абон алчи дæр цин кæны йæ профессионалон бæрæгбоныл, сæрыстыр стут, ахæм дæлхайы службæ кæнын кæй равзæрстат, буц стут уæ хæстон æмбæлттæй. Мах дæр уæ стыр бузныг стæм, Хуссар Ирыстоны фæтк æвæрыны хъуыддагмæ егъау хайбавæрд кæй хæссут, уый тыххæй. Сымахæн уæ разылæууæг хæстæй иууыл сæйрагдæр у – нæ республикæйы цæрджыты хъахъхъæнын фыдгæнджытæй. Кæддæридæр вæййут иууыл тæссагдæр рæтты, аккаг ныхкъуырд дæттут знагиуæггæнæг криминалон элементтæн, уæ профессионалон архайды фæрцы бæрæг къаддæр вæййынц фыдракæндтæ, уымæн æмæ рæстæгыл фæцырд вæййут æмæ фыдбылыз не ‘рцæуы. Фидарæй мæ уырны, дарддæр дæр уæ службæ бæрзонд æмвæзадыл кæй хæсдзыстут æмæ не ‘мбæстæгтæн аккаг сæрхъызойтæ кæй уыдзыстут», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Президент ма йæ раныхасы раарфæ кодта спецкъорды ветерантæн, кæцытæ сæ тых æмæ сæ æрыгон бонтæ бирæ азты дæргъы радтой тæссаг, фæлæ æнæмæнгхъæуæг профессийæн – æхсæнады æдас-дзинад бахъахъхъæнынæн.

Пухаты Мераб дæр йæ раныхасы загъта зæрдæбын арфæйы ныхæстæ ОМСН-ы рæнхъон скондæн сæ аккаг службæйы тыххæй Райгуырæн бæстæйæн.

«Абоны бон нæ республикæйы барадхъахъхъæнæг органтæн иунæг сæрмагонд масштабон операци дæр æнæ ОМСН нæ ацæуы, æдзух дзы фæисут активон хайад. Уый та уымæн афтæ у, æмæ сымах стут фæлтæрд кусджытæ, кæддæриддæр профессионалонæй сæххæст кæнут уæ разылæууæг хæстæ. Спецкъордæн йæ истори кæд дæргъвæтин нæу, уæддæр дзы хъайтарон цаутæ бирæ ис, уе ‘хсæн ахæмтæ дзæвгар ис, кæцытæ сæ Райгуырæн бæстæйæн стыр лæггад бакодтой. Уыцы хъæбатыр лæппуты рох кæнын нæ хъæуы. Мах, мидхъуыддæгты министрады къухдариуæгад, æппынæдзух архайдзыстæм æмæ цæстыгагуыйау хъахъхъæндзыстæм нæ хæстон æмбæлтты нæмттæ, кæцытæ сæ цард раттой Ирыстоны тыххæй. Ацы хъуыддаг нæ кæстæртæм хъуамæ адæттæм традицийы хуызы, цæмæй ма рох кæнæм нæ истори, кæй фæрцы нын ис рухс фидæн, уыдоны», – загъта ведомствойы сæргълæууæг.

Кæронбæттæны спецкъорды хуыздæр кусджыты Президент схорзæхджын кодта паддзахадон хорзæхтæй. ОМСН-ы командирæн та радта радон специалон ном «милицийы булкъон». Пухаты Мераб дæр йæхирдыгæй хуыздæр кусджыты схорзæхджын кодта ведомствойон майдантæй.

Милицийы тагъд фердæхты къорд (ОМСН) арæзт æрцыд 2003 азы, уымæн æмæ криминалон милицийæн æнæмæнгхъæуæг уыд, спецкъорд фыдгæнджыты ныхмæ æнтыстджындæрæй тох кæнынæн. ОМСН-ы фыццаг командирæй урæд æрцыд Остъаты Роберт, кæцы ныр та у нæ Парламенты депутат. 2004 азы спецкъордæн баурæдтой ног командир – Тедеты Сосланы, æмæ дзы фæкуыста суанг 2017 азы онг, стæй пенсийы ацыд. Йæ бынатмæ йын снысан кодтой Бететы Русланы, кæцы уæды онг куыста спецкъорды командиры хæдивæгæй.

ОМСН-ы профессионалон хæстæм хауынц фыдгæнджыты ахсын, алыгъуызон профилактикон рейдон мадзæлтты хайад исын, республикæйы иннæ тыхон структурæтимæ æмархайд кæнын æмæ ма бæрæгбонон æмæ æндæр дзыллон мадзæлтты рæстæджы фæхъахъхъæнынц æхсæнадон фæтк дæр. Фæстæдæр ма сæ, сæ комкоммæ хæстæ æххæст кæныны æддейæ бахъуыд сæ райгуырæн бæстæ æддагон знæгтæй бахъахъхъæныны сæр дæр. Рæнхъон сконд сæхи æхсарджынæй равдыстой 2008 азы хæстон архайдтыты рæстæджы æмæ дзы æртæ хæстоны хорзæхджын æрцыдысты орден «Уацамонгæ»-йæ, цалдæрæй та майдантæй – «Защитник Отечества» æмæ «На страже Мира в РЮО».

Спецкъордæн йæ сырæзтæй 2021 азы онг йæ рæнхъыты æнтыстджынæй фæслужбæ кодта Гаглойты Альберт дæр, кæцы ныридæгæн ис пенсийы. Альберт милицимæ бацыд 1995 азы æмæ уæдæй фæстæмæ фæлæггад кодта Ирыстонæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, спецкъорды кусгæйæ иууыл уæззаудæр рæстæджытæ уыдысты 2004  æмæ  2008  азтæ.

«Не ‘хсæнады фæтк æрæвæрын зын нæ уыд, фæлæ нæм æддагон знæгтæ æдзух кæй бырстой, уый нын нæ куыст къуылымпы кодта. Иуæй, криминалон элементтимæ æппынæдзух хъуыд тох кæнын, иннæмæй та гуырдзиаг лæгмарты ныхмæ дæр фæлæууын хъуыд. Нæ хæдзæрттæм ма-иу кæддæрты баирвæзтыстæм, фæлæ уый дæр хæрзцъус рæстæгмæ. Стæй ма уæд спецкъорды нымæц дæр къаддæр уыд», – зæгъы Альберт.

ОМСН-ы ветерантæй ма иу у Тасойты Зауыр дæр, кæцы 2004 азы ОМОН-æй рахызт ацы спецкъордмæ æмæ дзы баслужбæ кодта суанг 2019 азмæ – пенсийы ацæуыны онг.

«Махæн ныры хуызæн иттæг хорз уавæртæ никуы уыд кусынæн, цухдзинад æййæфтам алцæмæйдæр. Стæй ма нын нæ разы æвæрдтой тынг бирæ хæстæ, иу уысм нын æрулæфт нæ уыд, уæлдайдæр  та хæстон архайдтыты рæстæджыты. Ныр та сын ис хорз уавæртæ, – тренировкæтæ уадзын сын бæрæг æнцондæр у, цух сæ ницæмæй уадзынц ведомствойы къухдариуæгад, сæ куыстмызд дæр бæрæг фæфылдæр ис», – банысан кодта Тасойты Зауыр.

Ныридæгæн спецкъорды ис 35 адæймаджы. Уыдон регуляронæй архайынц сæ физикон цæттæдзинад фæбæрзонддæр кæныныл, стæй ма планмæ гæсгæ фæлтæрддзинад исынц табелон æхсæнгæрзтæй æхсынæй æмæ æрвылмæй та ауадзынц марш-бросоктæ. Цæмæй ОМСН-ы рæнхъытæм бахауай, уый тыххæй æнæмæнг хъуамæ радтай нормативтæ физикон цæттæдзинадæй æмæ ма дæм уа уæлдæр ахуыргæнæндоны диплом дæр.

ДЖИОТЫ Алыксандр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.