Рагæй фæстæмæ ацы бынат Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цæрджытæ адаг-цъыфдзаст хонынц, цы нысан кæны, уый та алкæмæн дæр зындгонд у. Бæрцæй цалдæр цæрæн хæдзары æрбынат кодта ам æмæ сын у уарзон æмæ адджын, уымæн æмæ дзы ис йæхи хорздзинæдтæ дæр. Бафæлладтæ физикон куыстæй, уæд æрулæф, цы уазал суадон дзы уыд, уымæй дæ дойны басæтт æмæ та рогæн сулæф. Сæрдыгон æнтæф бонты ам цыма адæймаджы уæнгты уазал ирдгæ тæлфы, ахæм уагæй фенкъары йæхи. Фæлæ уæддæр цъыфдзаст бынаты æнцон нæу, уæддæр ма хъарм боныгъæдты фистæгæй цæуæг адæмæн йæ азмæлæнтæ рогдæр сты. Фæлæ æваст боныгъæд фæивта, арв æрбахгæдта сау мигътæй æмæ уæд сæрдыгон æмæ зымæгон мæгуырау боныгъæдты дæр ададжы цæрджыты цард фендæргъуызон вæййы. Уæд æрмæст фистæгæй цæуджытæ нæ бахауынц бæллæхы, уыдон нæ февзарынц зындзинæдтæ. Ныры рæстæджы транспортон фæрæзтæй арæх пайда кæнынц цæрджытæ сæ цардуагон фарстатæ æрбæстон æмæ аскъуыддзаг кæнынæн, фæлæ, хъыгагæн, ахæм бынаты транспортон лæггæдтыл дзурæн дæр нæй.

Цæрджыты иу къорд рагæй тыхстысты æмæ уый фæдыл домгæ дæр бæргæ кодтой районы разамындæй, цæмæй сын сæ рæстагон фарст аскъуыддзаг кодтаид æвæрццагæй. Ныхасæй сæ бæргæ нæ хъыг кодтой, фæлæ уымæй хъуыддаг размæ не ‘ггуырст. Уæд ма бахатыдысты нæ республикæйы «Дорэкспострой»-ы куыстуатмæ, сæ уавæры кæй бацæудзысты æмæ сын сæ домæн кæй сæххæст кæндзысты, уыцы ныфсимæ æмæ нæ фесты фыдæнхъæл. Куыстуаты генералон директор Лалыты Мурæт нæ фæхъыг кодта цæрджыты æмæ æвæстиатæй æрæвнæлдтой фæндаджы арæзтадмæ. Лалыйы фырт куыд банысан кодта, афтæмæй кæд йæ дæрддзæг 150 метрæй фылдæр нæ уыдзæн, уæддæр дзы куыстытæ сæххæст кæнын æнцон нæ уыд. Уый уымæн, æмæ ацы бынат у тынг   къуындæг æмæ дзы транспортæн сæрибарæй нæ уыд кусæн. Райдианы уал грейдерыл кусæг Мæлдзыгаты Автандил сыджыты уæлцъар скъахта 40 см. æрфæн æмæ йæ ласгæ та йæ уæзласæн машинæйыл кодта Мæлдзыгаты Славик. Уыцы куыстытæ куы бакодтой, уæд та æрæвнæлдтой йе сраст кæнынмæ æмæ уыцы куыст дæр ахицæн кодтой цæсгомджынæй. Ныр бахъуыд ууыл хуыр калын æмæ йæ алæгъз кæнын æмæ сыл зæрдиагæй бацархайдтой Дудайты Гела æмæ Быценты Ацæмæз. Иууыл иумæ дзы хуыр æркалдтой 200 кубикон метрæй фылдæр. Лалыйы фырт куыд радзырдта, уымæ гæсгæ ма фæндаджы иуæй-иу бынæтты хъæудзæн хуыр æркалын, стæй доны къанау саразын дæр. Уыдон дæр бакусдзысты, куыддæр сæ сæ сæйраг куыстытæй чысыл февдæла, афтæ. Иу чысыл фиппаинаджы тыххæй дæр æнæ зæгъгæ нæй. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ ардæм бацæугæйæ, адæймаг фыццаг бацин кодтаид, зæххæй дзы цы суадон абузта, ууыл, фæлæ ныр йæ фæд дæр нал ис. Иннæ ахæм йæ сыгъдæгдзинад уыд, адæймаг дзы æхцондзинад иста, ныр та быроны бын фæци. Æвæццæгæн, уыдæттæ æрбæстон кæныны тыххæй дæр æххуыс домдзыстæм.

Хуыбиаты Н.

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.