30-æм марты Президент Бибылты Анатоли фехъусын кодта, зæгъгæ, æввахс рæстæджы республикæ сараздзæн юридикон къахдзæфтæ УФ-йы скондмæ бацæуыны тыххæй. Уый фæдыл, зæгъ, уагъд æрцæудзæн æппæтадæмон референдум. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейы скондмæ бацæуыны фæстæ Хуссар Ирыстон фæнд кæны Цæгат Ирыстонимæ баиу уæвын. «Алани нын ныридæгæн ис: Цæгат Ирыстон-Алани æмæ Хуссар Ирыстон – Паддзахад Алани. Уый у ныридæгæн иу Алани. Мах Уæрæсейы скондмæ куы бацæуæм, уæд ис процедурæтæ, кæцытæ баст сты субъекттæ баиу кæнынимæ. Абон Хуссар Ирыстонæн йæ бон у, Уæрæсейы Федерацийы скондмæ куыд Уæрæсейы субъект, афтæ бацæуын. Æз хъуыды кæнын, дыууæ Ирыстоны баиу кæнын у æнæмæнгхъæуæг», – загъта Бибылты Анатоли.

Ацы хорз хабарыл нæ республикæйы цæрджытæ сæмбæл-дысты стыр зæрдæрайæ, уымæн æмæ уæд сæххæст уаид хуссарирыстойнаг адæмы æнусон бæллиц. Æцæг та нæм ныр дæр разындысты адæмы зонд хæццæгæнджытæ, кæцытæ цæрджытæн уырнын кæнынц, зæгъгæ, Бибылты Анатоли  Уæрæсейы скондмæ бацæуыны фæдыл референдум ауадзыны тыххæй фехъусын кодта йæхи пайдайæн, ома, президентон æвзæрстыты размæ. Фæлæ мæнмæ гæсгæ, ахæм ахсджиаг фарстæй хисæрмагонд интересты тыххæй пайдагæнæн нæй. Ирон лæг уый йæ сæрмæ никуы схæсдзæн, æмæ йæ радтæг адæмы риссаг фарстæй йæхи интересты тыххæй спайда кæна. Иннæмæй та куыддæр паддзахады сæргълæууæг ацы фарсты тыххæй фехъусын кодта, афтæ  уæрæсейаг чиновниктæ, Паддзахадон Думæйы депутаттæй уайтагъд бирæтæ загътой сæ хъуыдытæ ацы ахсджиаг проблемæйы фæдыл. Куыд, зæгъæм, сенатортæ Андрей Климов, Сергей Цеков, Паддзахадон Думæйы депутат Леонид Калашников, УФ-йы Фæдагурæн комитеты сæрдар Александр Бастрыкин, Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Хъырымы Сæргълæууæг Сергей Аксенов æмæ æндæртæ. Фарстæн комментаритæ сарæзта Æввахс Хурскæсæн æмæ Кавказы бæстæты фарстыты фæдыл эксперт Станислав Тарасов дæр. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй дихгонд паддзахадты форматы Ирыстоны уæвындзинад у рæстæгмæ фæзынд. «Æз хъуыды кæнын афтæ, æмæ Мæскуы æмбаргæ ахаст кæй равдисдзæн Цхинвалы ацы уынаффæмæ. Гæнæн ис æмæ сæвзæрой позитивон уавæртæ Ирыстоны баиу кæныны проекты фарсхæцынады тыххæй», – загъта уый.

Тарасов банысан кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстоны реакци развæлгъау бæрæггонд у.«Иугонд паддзахадмæ баиу кæныны процессæн æнæрцæугæ нæй. Фарст ис уый мидæг, кæд æмæ цахæм уавæрты æрцæудзæн. Украинæйы кризис фæуыны фæстæ Уæрæсейы политикæ хуссайраг здæхты ивдзæн. Уæрæсе фидардæр кæндзæн йæ позицитæ. Позицитæ сфидардæр кæныны варианттæй иу у стыр ирон паддзахад саразын. Уый у, куыд Уæрæсейы, афтæ ирон адæмы пайдайæн дæр», – банысан кодта Станислав Тарасов.

Ацы уынаффæйы ныхмæ чи рацæуа, фæнды хуымæтæджы цæрджытæ, фæнды политикон партиты минæвæрттæ, уыдонæн кæнæ  ис цыбыр хъуыдыкæнынад æмæ сæ ферох, 20 азы дæргъы ирон адæм цы хъизæмæрттæ бавзæрстой, кæнæ та ирон адæмы истори бынтондæр нæ зонынц. Æмæ ахæм адæймæгтæ та хорзæй ницы бацамондзысты адæмæн, нæдæр  сын исты хорздзинад æрхæсдзысты. О, кæй зæгъын æй хъæуы, хæдбар паддзахад уæвын хорз у. Бæргæ ахæм паддзахад куы уаид, æмæ нæ бон нæхи бахъахъхъæнын куы уаид, финансон æгъдауæй дæр нæ Стыр Уæрæсейы æххуыс куынæ хъæуид, фæлæ… Кæд хæдбар паддзахад стæм, уæд ныр цалдæр азы дæргъы цæмæн  цæрæм Уæрæсейы финансон фæрæзтæй, кæд хæдбар паддзахад æмæ ахæм сæрыстыр адæм стæм, уæд уыцы финанстæн «нæ» цæмæннæ дзурæм? Нæ цæстытыл ма йæ ауайын кæнæм, иу мæй нын Стыр Уæрæсе куыстмызд кæнæ пенситæ куынæ бафидид, уæд нæ мæгуыр хæстæфхæрд адæм цы уавæры бахауиккой, уый. Хуссарирыстойнаг бинонтæн сæ фылдæр куыстмызд æмæ пенсийы къапеччытæй дарддæр æндæр ницахæм фæрæзтæ исынц æмæ бахауиккой тынг уæззау уавæры.

Дæрддыл нæ дзурдзынæн, фæлæ ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, «нæ хорзмæбæллæг» сыхæгтæ нын иу æнусы мидæг цал геноциды сарæзтой. 1920 азты Джугъелийы æфсад скуынæг кодта 5 мин иронæй фылдæр, лигъдæттæй бирæтæ та фæмардысты фæндæгтыл. Ахæм трагеди нын сарæзтой, фæлæ та ирон адæмæй цасдæр рæстæгмæ айрох сты уыцы хъизæмæрттæ æмæ та семæ æфсымæрты цард кодтам, афтæмæй та уыдонæн сæ кæрдтæ цæттæ уыдысты ирæтты фæсонты сæ ныссадзынмæ. Фæлæ та æрбалæууыд дыккаг геноциды рæстæг, 90-æм азты гуырдзиаг фашисттæ ирæттæй фыдмардæй амардтой 3 мин адæймаджы бæрц, 90 ирон хъæуæй фылдæр басыгътой, сæ мулк, сæ исбон сын фæдавтой, 100 мин иронæй фылдæр систы лигъдæттæ, сæ цæргæ-цæрæнбонты фыдæбæттæ ныууадзгæйæ, æмæ дзы абоны онг дæр бирæтæ нæма баисты  хæдзæртты хицæуттæ.  Æрхъуыды кæнæм уыцы азты нæ мæгуыр цæрдтытæ, нæ цæстытыл  ауайын кæнæм гуырдзиаг-ирон хæсты райдиан, тугкалд, æххæст блокадæ æмæ продуктты талонтæ, сау кæрдзынмæ стыр радтæ. Æрхъуыды кæнæм нæ уазал хæдзæрттæ æнæ газæй, æнæ рухсæй, хъæдмæ-иу суг кæнынмæ куы цыдыстæм, æгæрыстæмæй, сылгоймæгтæ дæр, цæмæй иу чысыл артæй нæ сывæллæтты уæддæр бахъарм кодтаиккам. Мæйгæйтты-иу электронон рухсы цъыртт куы нæ федтам æмæ-иу нæ гуырдзы куы хынджылæг кодтой, рухс-иу барæй дыууæ кæнæ фондз минут куы  асыгътой æмæ та-иу æй куы ахуыссын кодтой, æппæт уыдæттæ. Æрхъуыды кæнæм, нæ куыстмыздты бæрц дæр – 200-300 сомы æмæ-иу уыдонмæ дæр цалдæргай мæйты куыд æнхъæлмæ кастыстæм, уый дæр. Омæ цæмæн афтæ рохгæнаг адæм стæм… Цæмæн кæнынц иуæй-иутæ хъал ныхæстæ…

Фæлæ, табу Стыр Хуыцауæн, фæзынд, Уæрæсейыл йæ зæрдæ кæмæн риссы, ахæм стыр адæймаг – В.В.Путин æмæ йæ сындæггай, фæлæ фидар къахдзæфтæй йæ къæхтыл слæууын кодта. Уыцы стыр адæймаг стыр хæрзты бацыд Ирыстоны адæмæн дæр. Мах В. Путины цæрæнбонæн алы минут дæр хъуамæ кувгæ кæнæм. Махæн В. Путин æмæ Д. Медведев сты  нæ Хуыцæуттæ, гуырдзиаг геноцидæй нæ ирвæзынгæнджытæ. Уыдон ницы æвгъау кæнынц Хуссар Ирыстоны адæмы хæрзиуæгæн. Махæн нæ фыдæлтæ зондджын адæм уыдысты æмæ Стыр Уæрæсеимæ æнæхъуаджы сæ хъысмæт куынæ сбастой, мыййаг. Махæн В.Путин æмæ А.Медведев куынæ уыдаиккой, уæд 2008 азы августы, гуырдзы нæм «сыгъдæг быдыр» аразынмæ сау кæлмытау куы æрбахылдысты, уæд ма нæ  удæгасæй чи аирвæзтаид, уыдон дæр цæрæнбонтæм гуырдзыйæн цагъайрæгтæ суыдаиккой, ничиуал дæр сын бар радтаид сæ мадæлон æвзагыл дзурынæн. Cтыр Уæрæсе куынæ уыдаид, уæд æцæгæй дæр Хуссар Ирыстонæй сыгъдæг быдыр саразын сæ къухты бафтыдаид. Уæдæ йæ алчи дæр хъуамæ æмбара, æнæ Уæрæсе махæн цард кæй нæй, уый. Алчи дæр æй хъуамæ зона æмæ йæ цæрæнбонтæм йæ зæрдыл бадара хуссар-ирыстойнаг адæмæн В. Путин цы стыр хæрзты бацыд, уыцы стыр адæймаджы фæрцы сæрæгас кæй стæм абон, уый. Абон уый фæрцы нæ сывæллæттæ цæрынц сабыр арвы бын, нал нæ хъæуы нæ сывæллæтты ныккæндты æхстытæй æмбæхсыны сæр.

Хуссарирыстойнаг адæмы æнусон бæллиц у Уæрæсемæ баиу уæвын æмæ нын ныр фæзынд ахæм фадат, чизоны, нæ царды ацы фадат у иунæг æмæ дзы спайда кæнын хъæуы. Цы ма хъуамæ ракæной ныгуылæйнаг бæстæтæ Уæрæсейæн уымæй уæлдай. Абоны онг йæ ныхмæ баконд æрцыдысты алыгъуызон санкцитæ. Науæд, ноджы ма йæ зæгъон, нæ «хорз» сыхæгтæн нырма дæр сæ хъавд у Хуссар Ирысттоны территори тыхæй сæхи бакæнын, уымæн та æвдисæн сты Женевæйаг дискусситы гуырдзиаг делегаци йæ къух тыхæй ма спайда кæныны тыххæй документыл кæй нæ фыссы, уый дæр.

Хуыцау зæгъæд, æмæ ирон адæмы æнусон бæллиц цы сæххæст уæт æмæ тагъд рæстæджы Уæрæсейы скондмæ цы   бацæуæд. Уадз, дыууæ Ирыстоны ‘хсæн таможнæйон арæн мауал уæнт! Не ‘мбæстæгтæн та мæ фæнды уый зæгъын, æмæ нæ хъæуы хъусын ахæм «зондамонджытæм», уыдон уæ раст фæндагыл нæ ардауынц æмæ сæм ма хъусут! Зынаргъ æмбæстæгтæ, алчи дæр уæ йæ зæрдыл дарæт, хур ныл Уæрæсейы ‘рдыгæй кæй кæсы, уый…

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.