Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Нæ фыдæлтæй нын цы институт баззад, уыдонæй сæ иу у мыггаджы Ныхас, кæцы æнгом кæны мыггагон æхсæнад æмæ нацийы æгасæйдæр, кусы фæсивæды социалон-хæрзæгъдауон хъомыладыл, архайы, скъуыддзаг кæны фæрныгады фарстатæ, фидар кæны нæ адæмы ирон æгъдау æмæ традицитæ.

РЦИ-Аланийы цалдæр азы дæргъы архайынц мыггагон Ныхастæ саразыныл, æмæ уыдонæн сæ фылдæр хай æнтысгæйæ кусынц. Махæн ацы куыст ис нырма йæ райдиан этапы.

Мыггæгтæн сæ фылдæр мыггагон кувæндон кæнæ куывды бæрæгбоны размæ равзарынц фысымты кæнæ та кувæджы, кæнæ та хистæртæй иууыл кадджындæры æмæ сæ нымайынц мыггаджы къухдариуæггæнæгыл. Уый раст нæу.

Æнæхъæн мыггаг хъуамæ сараза æмбырд æмæ равзарой къухдариуæггæнæг орган, райсой Уагæвæрд. Гæнæн ис саразæн хи фонд дæр æмæ йæ юридикон æгъдауæй бафидар кæнын.

2018 азы РХИ-Паддзахад Аланийы горæт Цхинвалы уагъд æрцæудзæн Æхсæнадæмон æхсæнадон змæлд «Ирæтты Уæлдæр совет»-ы 10-æм съезд.

Ацы съездмæ хъуамæ æвзæрст æрцæуой делегаттæ алы архайæг мыггагон Ныхасæй дæр.

Курæг стæм мыггæгты æппæт минæвæрттæй, цæмæй 2018 азы апрелæй райдайгæ ауадзой мыггæгты æмбырдтæ, мыггагон Ныхас саразыны фæдыл сæвзарой къухдариуæггæнæг органтæ, райсой Уагæвæрд æмæ Стыр Ныхасы 10-æм съездмæ равзарой делегаттæ.

Мыггагон ныхас саразыны фæдыл консультацитæ æмæ къухдариуæггæнæг органты тыххæй документтæ уæ бон у райсат Коцты Алвери Александры фыртмæ Уанеты Захары номыл зонад-иртасæн институты бæстыхайы, кæнæ фæдзурат ахæм номыртæм: 8-929 -808- 94- 53.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.