ЙÆ ХАЙБАВÆРД БАХАСТА УÆЛАХИЗЫ ХЪУЫДДАГМÆ

Бирæ хорз æмæ уæздан ныхæсты аккаг уыд, райгуырæн бæстæйы æнувыд фырт æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты активон хайадисæг Джиоты Аким.

Аким сæрыстыр уыдис Стыр Октябры революцийы æмбай кæй уыдис, уымæй. Уый райгуырдис 1917 азы Дзауы районы Цъоны хъæуы. 1937 азы йæм æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм. 1939 азы япойнаг милитаристтæ Халхинголмæ куы æрбабырстой уæд тох кодта сæ ныхмæ. Уыд хъæбатыр, ныфсхаст хæстон.

Аким ацы хæстæй æрыздæхт хорзæх-тимæ йæ уарзон хъæу Цъонмæ. Кæд æгасæйдæр аныгъуылд хъæууон куыстыты, уæддæр дзы рох нæ уыдис уæлдæр ахуырдзинад райсын, фæлæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ ахуыры бæсты равзæрста райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнын.

Хæстмæ куы цыд, уæд йæ фæдыл бирæ фæкаст йæ мад Агъати. Фæдзæхста йæ зæдтæн, Уастырджыйæн цæмæй фæстæмæ æрыздæха уæлахизимæ.

Акимы хæстон фæндаг райдыдта, æфсæддон топографон къордæй. Цæттæ кодта картæтæ. Картæтæ арæзта развæдсгарджытæн дæр. Йæ куыст афтæ хорз æй æххæст кодта, æмæ-иу æм æндæр æфсæддон дæлхæйттæй дæр бахатыдысты, цæмæй уыдонæн дæр æххуыс уа ацы хъуыддаджы. Хæдтæхæг цалцæггæнджытæ, сæ тынг кæй хъуыд, уымæ гæсгæ æрвыст æрцыдис курсытæм. Бирæ куыст уыдис Акимæн «цардмæ» здахын хъуыд хæлд хæдтæхджыты,   фæлæ   уыд афтæ æмæ хæдтæхæг не стахт хæлд  кæй уыд, уый аххосæй. Ахæм æнтыст та йæ къухы уымæн æфтыд æмæ-иу, аразинаг хæдтæхæг куы уыдис, уæд-иу цалдæргай æхсæвты фынæй дæр нæ бакодта. Йæ куысты уæлхъус-иу уыд, цалынмæ-иу хæдтæ-хæг арæзт нæ фæцис, уæдмæ.

Знаг дæрæн æрцыд йæ лæгæты. Бирæтæ здæхтысты уæлахиздзауæй фæстæмæ сæ уæзгуытæм. Фæлæ нæ зыны Агъатийы фырт Аким. Цæуынц бонтæ, ивынц сæ мæйтæ æмæ Агъатийы зæрдæйы сау тæлы æлхъивы тынгæй тынгдæр.

Райдыдтой фæззыгон къæвдатæ, фæуазæлттæ. Иу ахæмы хъæумæ æрбацæуæнæй æнафоны райхъуыст куыйты рæйын. Сабыр нæ кодтой,  фæлæ сæ рæйын хъуыст тынгдæр, æввахсæй æввахсдæр. Агъати сыстад, къæсæргæрон райста лæдзæг æмæ рахызт æддæмæ. Уалынмæ йæ разы æрбалæууыд цалдæр аз æнхъæлмæ кæмæ каст, кæй мæтæй тад уыцы хъæбул Аким. Цинтæ, хъæбыстæн нал уыд кæрон, стæй хъæуы уынгты, «мæ хъæбул æрыздæхт», зæгъгæ, хъæргæнгæ цыд. Хъæубæстæ фæдисмæ згъорæгау æрбамбырд сты.

Аким  йæ хъæбатырдзинæдты тыххæй   Хæсты быдырæй йæ риуыл цы хорзæхтæ схаста, уыдоны ‘хсæн уыд «Сырх Стъалы»-йы орден.

Фæллойадон цардмæ раздæхгæйæ Аким Цъоны колхозы фыццаг æххæст кодта бригадиры хæстæ. Фæстæдæр та къорд азты куыста колхозы сæрдары хæдивæгæй. Йæ цард баиу кодта къуыдайраг чызг Нартыхты Машоимæ. Сæхи дыууæ лæппу æмæ æртæ чызгимæ царды раст фæндагыл бафтыдтой йæ дзæнæттаг æфсымæр   Порæйы æртæ чызджы дæр. Аким рад йæ цардæй. Уымæн æмæ йæ кæстæрты кæстæртæ баисты 28. Кæцы ныййарæджы нæ фæнды æмæ кæса йæ кæстæрты хорздзинадмæ, се ‘нтыстытæм, фæлæ йын уыцы фадат байстой гуырдзиаг фыдгæнджытæ.  Хæсты  арт ссыгъд Ирыстоны  зæххыл æмæ уый дæр бандæвта йе нæниздзинадыл, афтæмæй ахицæн а-дунейæ.

Уалыты Гайоз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.