18 апрелы уыд РХИ-йы Парламенты æхсæзæм сессийы фæндзæм рабадт. Æмбырд уагъта РХИ-йы Парламенты Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Мамиты Инал. Депутат Коцты Олесяйы бахæсгæ фæндонмæ гæсгæ боны фæткмæ бахастæуыд «Æндæр фарстыты» хай. РХИ-йы Парламенты мандатон къамисы Сæрдар Бекъойты Геннади уынаффæ кæнынмæ рахаста Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæзæм æрсидты Парламенты Сæрдар Бибылты Анатолийы йæ хæстæй ссæрибар кæныны тыхæй фарст, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентæй æвзæрст кæй æрцыд, уый тыххæй.

«Ды президентæй æвзæрст кæй æрцыдтæ, уый у бæрнон паддзахадон бынæтты дæ æфтиагджын архайды фæстиуæг. Адæм банымадтой де ‘нтыстытæ æмæ сарæзтой сæ равзæрст. Уый у махæн нæ иумæйаг уæлахиз, Хуссар Ирыстоны адæмы уæлахиз. Мах не ‘ппæтдæр зæгъæм дæуæн æнтысты фæндиæгтæ уæлдæр паддзахадон куысты, Хуссар Ирыстоны адæмæн та нæ цæст уарзы размæцыд», – загъта Бекъойты Геннади, æмæ уый фæстæ бакаст «РХИ-йы Парламенты депутаты статусы тыххæй» РХИ-йы Закъоны 4-æм статьяйы 1 пунктмæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны 6-æм æр-сидт Парламенты Сæрдары йæ хæстæй ссæрибар кæныны тыххæй уынаффæ. РХИ-йы Парламенты Сæрдары хæстæ æвæрд æрцыдысты РХИ-йы Парламенты Сæрдары фыццаг хæдивæг Мамиты Иналыл. Бекъойты Геннади ма уынаффæ кæнынмæ рахаста Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæзæм æрсидт Парламенты депутат Бибылты Анатолийы æххæстбартæ æруромыны тыххæй фарст, æмæ бахастæуыд фæндон «Иугонд Ирыстон»-ы партийы æрбавдыст кандидатты республикон номхыгъды дарддæр чи ис, РХИ-йы Парламенты сæрибар мандат уыцы регистрацигонд кандидат Тедеты Ноннæмæ адæттын. Раздæр закъондæттынадмæ гæсгæ æм-бæлон фæндон рахаста РПП «Иугонд Ирыстон»-ы парти. Мандатон къамисы бавдыст фæндæттæ депутаттæ æмхъæлæсæй банымадтой хорзыл.

Уый фæстæ ныхасы бар лæвæрд æрцыд РХИ-йы сæв-зæрст Президент Бибылты Анатолийæн.

Депутатон корпусмæ, Парламенты аппаратмæ, Президенты æмæ Хицауады минæвæрттæм æмæ журналисттæм йæ ныхас аздахгæйæ, уый бузныг загъта се ‘ппæтæн дæр се ‘мгуысты тыххæй. «Æз бузныг дæн хъысмæтæй, сымахимæ кусыны амонд мæм кæй æрхауд, уый тыххæй. Чи фæнды цыфæнды ма хъуыды кæна, уæддæр мæн фидарæй уырны, Парламент ахадгæйæ кæй куыста, æмæ афтæ уыдзæн дард-дæр дæр. РХИ-йы Президенты бæрнон бынаты уæвгæйæ, æз ме ‘ппæт хъарутæ дæр аздахдзынæн уымæ, цæмæй хицауады къабæзты æмархайд ракæнон ног æмвæзадмæ, паддзахадон хицауады æмгуыстæн ног цардæзмæлд ратгæйæ. Фидарæй мæ уырны, ахæм æфтиагджын архайд æввахс рæстæджыты кæй ратдзæн йæ фæстиуджытæ, хицауады къабæзты, уыцы нымæцы тæрхондоны къабазы дæр, ахадындзинад фæбæрзонддæр кæныны хуызы», – загъта Бибылты Анатоли.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Парламенты политикон партиты æхсæн быцæутæ æмæ дискусситæн уыд кусæгон уаг, хисæрмагонд амбицитæ дзы æвдыст нæ цыдысты, афтæмæй депутаттæн сæ хъусдард здæхт уыд сæ депутатон хæстæ æххæст кæнынмæ.

Бибылты Анатоли ма куыд банысан кодта, афтæмæй æвзарджытимæ фембæлдтыты рæстæджы фаутæ хастæуыд депутатты куыстмæ, фæлæ, зæгъгæ, мæн фидарæй уырны, уыцы фарстытæ скъуыддзаг кæй æрцæудзысты, æмæ Хуссар Ирыстоны адæм райгонд кæй уыдзысты Парламенты, Президенты, Хицауады æмæ тæрхондонон  хицауады къабæзты куыстæй. «Мах бахъæудзæн тынг бирæ саразын. Æхсæнады иудзинады, Хуссар Ирыстоны цæрджыты царды æмвæзад фæхуыздæр кæныны, республикæйы æнæкъуылымпы рæзты тыххæй нæ зæрдæвæрдтытæ хъуамæ æххæстгонд æрцæуой. Ацы фарстыты мидæг мæн ныфс ис Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы, Парламенты, политикон партиты æмæ æхсæнадон оранизациты æххуысæй. Ме ‘рдыгæй æппæтдæр арæзт æрцæудзæн уый тыххæй, цæмæй ацы къахдзæфтæ мах акæнæм иумæ, рæстдзинады сæраппонд», – банысан кодта РХИ-йы сæвзæрст Президент.

Депутаттæ Бибылты Анатолийы раныхасыл сæмбæлдысты куъхæмдзæгъдимæ æмæ йын загътой æнысты фæндиæгтæ йæ ног архайды фæндагыл Хуссар Ирыстоны адæмы хæрзиуæгæн. Депутатон корпусы æмæ Парламенты аппараты номæй сæвзæрст Президентæн лæвæрд æрцыд зæрдылдарæн лæвар – зындгонд ирон нывгæнæг Цхуырбаты Тамерланы конд ныв «Хæххон хъæу».

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.