Хуссар Ирыстоны зынгæ паддзахадон æмæ æхсæнадон архайæг, РХИ-йы Кады ордены кавалер, Уæрæсейы æрдззонынæдты академийы уæнг Мæргъиты Алекси Георгийы фырт кæй фæзиан, уый тыххæй уынаффæ кæнын:

  1. Арæзт æцæуæд паддзахадон къамис Мæргъиты Алексийы номыл фыдохы мадзæлттæ сорганизаци кæныны сæраппонд ахæм скондæй:

Пухаты Эрик Георгийы фырт – РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæивæг, Къамисы сæрдар;

Гассеты Ибрагим Алымбеджы фырт – РХИ-йы Хъахъхъæнынады министр;

Хæбæлаты Азæ Константины чызг – РХИ-йы Финансты министр;

Кулиджанов Григори Степаны фырт – Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр;

Гæбæраты Юри Константины фырт – РХИ-йы Парламенты Национ политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон информацийы фæрæзты комитеты сæрдар (сразыгæнгæйæ);

Æлборты Алан Юрийы фырт – г. Цхинвалы администрацийы сæргълæууæг;

Бесаты Вячеслаав Сергейы фырт  – РХИ-йы хæсты, Гарзджын тыхты æмæ барадхъахъхъæнæг органты ветеранты советы сæрдар.

  1. Мæргъиты Алексийы бавæрыны фæдыл мадзæлттæ конд æрцæуæд хицауады хардзæй.

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид

2017 азы 28 январь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.