Арæх фехъусæм, зæгъгæ, адæм иууылдæр сæхи куыд æмбæлы афтæ куы дариккой, алцæмæ дæр сын хорз ахаст куы уаид, уæд не ‘ппæтæн дæр цæрын уаид æнцондæр, нæ зындзинæдтæ æмæ тыхстдзинæдтæ та уаиккой бирæ къаддæр. Цæмæй рæстаг адæмæн зындзинæдтæ ма уа, кæннод та уой къаддæр, уый тыххæй алы паддзахады дæр сæ куыст кæнынц фæткмæ сæ хъус чи дарынц ахæм, паддзахадон тыхон структурæтæ. Уыдонæй сæ иу у кинологон хайад. Нæ уацхæссæг фембæлд Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады кинологон хайады хистæр Уалыты Ирбегимæ æмæ ныхас кодтой сæ куыст, сæ архайды тыххæй.

– Ирбег, кæд æмæ кæмæ сæвзæрд Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады кинологон хайад бакæныны хъуыды?

2010 азы кæрон нæ министрады инженерон-техникон хайады кусджытæ æрыз-дæхтысты Цхинвалмæ горæт Грознæйæ сапер-развæдсгæрсты дæсныйад райсыны фæстæ. Уыдонимæ уыдтæн æз дæр. Дыккаг бон мæм фæдзырдтой министрадмæ æмæ мын мæ разы сæвæрдтой хæс, цæмæй ацæуон горæт Тюменьмæ æмæ уырдыгæй æркæнон æрмахуыр куыйтæ. Уавæр уæд æз æххæстæй нæма æмбæрстон, фæлæ сын бамбæрстон сæ хъуыды æмæ ацыдтæн. Фæстæмæ æрæздæхтæн дыууæ белгиаг æмæ дыууæ та немыцаг овчаркæ куыдзимæ. Уæдмæ ам, министрады ахæм хайад бакæныны хъæуæг документтæ уыдысты цæттæ. Сфидар нæ кодтой милицийы сæрмагонд нысаниуæджы хайадмæ æмæ абон дæр нæ хæстæ æххæст кæнæм уым. Ацы хайад бакæныныл, сæйраджыдæр, бакуыстой Пухаты М, Наниты И, Плиты И, Тъотъоты Т, æмæ Козаты Дж.

– Райдианæй уæ куыст куыд цыдис, цахæм зындзинæдтыл æмбæлдыстут?

– Куыд алы чысыл хъуыддаджы афтæ мах дæр æнкъардтам иуæй-иу зындзинæдтæ, фæлæ уыдон нæ уыдысты кæмæй фæтыхстаиккам ахæмтæ. Уыд сын аразæн æмæ сæ арæзтам афоныл. Куыйтæн самал кодтам бынат, нæ сæ уагътам хæринагцух, сæ хъус сæм дардта фельдшер. Куыдз, дам, зæрдæ зоны, фæзæгъы ирон æмбисонд æмæ уый у раст. Æрбакодтам цалдæр кинологы, фæлæ сæ куыст нæ цыд, кæрæдзийыл не ууæндыдысты æмæ сæ раивтам цалдæр хатты. Ссардтам, чи сæ нæ тарст æмæ сыл чи æууæндыд ахæм кинологтæ æмæ ныр æппæт дæр у нывыл.

– Цалынмæ ацы бынаты нæ райдыдтай кусын уæдмæ кæм куыстай цы архайдтай?

– Куыстон Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады, ме ‘нтыстыты тыххæй мын уыд хорз кад. Фæлæ цыдæр хъуыддæгты тыххæй фæзынд хицæн проблематæ æмæ ацыдтæн милицийæ. Бацыдтæн Уæрæсейы æфсæдтон арæнхъахъхъæнджытæм æмæ мæ хæс та æххæст кодтон Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны арæныл. Фæстæдæр нæ æфсæдтон хайад æрвыст æрцыдис Буденовскмæ. Раст куы зæгъон уæд ам дæр мæ хъуыддæгтæ цыдысты хорз, æппæлæн ныхæстæй дард-дæр ницы хъуыстон, фæлæ цас фылдæр рæстæг цыд, уыйбæрц мæ мæ Ирыстон йæхимæ æлвæста тынгдæр. Æрцыдтæн, кусын дæр райдыдтон æмæ фæсмон ницæуыл кæнын.

– Мæй рацыд, ног 2017 азæй. Радзур ма цы ба-куыстат 2016 азы, цахæм сты уе ‘нтыстытæ?

– Махæн,  сæйражыдæр, нæ хæс у фыдгæнæджы фæд базонын, кæцырдæм æмæ кæйонг ацыд, уый сбæлвырд кæнæм. Уымæй дарддæр ма нæ куыйты цайдагъ æмæ ахуыр кæнæм минатæ æмæ æндæр рæмудзæн æрмæджытæ сбæрæг кæнын. Раст зæгъгæйæ ис æнтыстытæ. 2016 азы хайад райстам 152 цауы. Уыцы басгæрстыты рæстæджы сарæзтам 222 акты, кæцыты бæрæг цыд, уавæр цахæм у, уый. Уыдис ахæм цау дæр æмæ фесæфт 3 милуан æмæ 600 мин сомы. Фыдгæнæджы фæд ссарыныл куыстам мах дæр æмæ уый æнæхъуаджы нæ уыд, фæстиуæг уыд хорз. Уыд ма, къаддæр нысаниуæг кæмæн уыд ахæм цау дæр. Æртын адæймаджы ‘хсæн фесæфт 300 мин сомы. Къæрных разынд адæм хъуыды дæр кæуыл нæ акодтаиккой ахæм, фæбæрæг мах куысты фæрцы.

2016 азы цы факты фæдыл ацыдыстæм, уыдон æхсæн кæд уыд бæрæг чи нæма уыд, ахæм алыгъуызон æрмæджытæ, уæддæр дзы иу дæр адæймаджы ‘нæниздзинадæн тас нæ хаста.

– Ирбег, ахæм хæстæ æххæст кæныны хъуыддаджы стыр нысаниуæг ис æмахуыр куыйтимæ чи кусы, уыдоны архайдæн. Радзур ма стырдæр ныфс сæ кæмæй æвæрыс?

– Раст зæгъгæйæ ахæм фарстæн дзуапп дæттын зивæггæнгæ. Уымæн æмæ нæ хайады нæй йæ куыстмæ уазал цæстæй чи кæсы, ахæм. Алкæмæй дæр сæ дæн райгонд æмæ сæрыстыр, фæлæ кæд радтай ахæм фарст уæд хæсджын дæн æмæ дын сдзуапп кæнон. Нæ къухты цы æнтыстытæ бафты уыдоны арæх хайад фæисынц Тулойты Георги æмæ Рустам Костоев. Георгийæн азы райдиан Хицауады разамонджытæ скодтой æмбæлон аргъ. хорзæхджын æрцыдис арфæйы гæххæттæй. Уымæй дардæр ма нæ кинологтæ Ростовы хайад райстой Цæгат Кавказы кинологты ‘хсæн ерысты æмæ бацахстой æртыккаг бынат. Стыр æх-хуыс нын у ветдохтыр Бестауты Каринæ. Уый йæ хæстæ алы хат дæр феххæст кæны гъæдджынæй æмæ афоныл.

– Уæ кинологтæ сæ дæсныйад фæхуыздæр кæныны тыххæй искуыдæм æр-выст æрцæуынц?

– Цалдæр азы размæ Растовæй райстам фыстæг цæмæй УФ-йы мидхъуыддæгты министрады службæйон фæдагурæн кинологты скъоламæ æд куыйтæ арвитæм даууæ кусæджы. Хабар нын уыд æхсызгон æмæ йыл бакуыстам æнæаргъæвгæйæ. Æд куыйтæ цы дыууæ кусæджы арвыстам уыдон уым ахуыр кодтой цыппар мæйы. Куы æрыздæхтысты уæдæй бирæ фæхуыздæр сæ куысты гъæд, куыстмæ сæ ахаст æмæ йæ абон дæр æххæст кæнынц æнæзæрдæхудтæй.

ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.