«Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты, Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады акттæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хицауады æххæсткæнынады органты нормативон барадон акттæ мыхуыр кæнын æмæ сæ тыхы бацæуыны фæткы тыххæй» 2012 азы 29 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №211 Барамынды 2 пунктмæ ивындзинæдтæ бахæсыны тыххæй

1. «Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты, Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады акттæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хицауады æххæст-кæнынады органты нормативон барадон акттæ мыхуыр кæнын æмæ сæ тыхы бацæуыны фæткы тыххæй» 2012 азы 29 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты №211 Барамынды 2 пунктмæ ивындзинæдтæ хаст æрцæуæд ахæм хуызы:

«2. Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады акттæ хъæуы официалонæй мыхуыр кæнын къух сыл æрфыссыны фæстæ дæс боны æмгъуыдмæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон актты мыхуыркæнынад нымад цæуы газеттæ «Южная Осетия» æмæ «Хурзæрин»-ы æххæст тексттæ фыццаг публикацийæ, афтæ ма фыццаг публикаци Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон сайты «Интернет» хызæгы (presidentruo.org).

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады официалон актты мыхуыркæнынад нымад цæуы газеттæ «Южная Осетия» æмæ «Хурзæрин»-ы æххæст тексттæ фыццаг публикацийæ, афтæ ма фыццаг публикаци Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады официалон сайты «Интернет» хызæгы (rso-government.org).

2. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар

Ирыстоны Президент

БИБЫЛТЫ Анатоли

г.Цхинвал, 2020 азы 7 декабрь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.