Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты рæнхъытæй æфсæддон службæгæнджыты запасмæ арвитыны тыххæй, кæцытæ баслужбæ кодтой æфсæддон службæйы сфидаргонд æмгъуыдтæ, æмæ 2020 апрель-майы æрсидтмæ гæсгæ æфсæддон службæмæ æмбæстæгты радон æрсидты тыххæй

«Хъахъхъæнынады тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъон æмæ «Æфсæддон хæс æмæ æфсæддон службæйы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонæй разамынд кæнгæйæ, уынаффæ кæнын:

1. 2020 азы 1 апрелæй 15 июлмæ  Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты рæнхъытæй запасмæ æрвыст æрцæуæд æмгъуыдон службæйы æфсæддон службæгæнджытæ, кæцытæ æрсидтмæ гæсгæ баслужбæ кодтой æфсæддон службæйы сфидаргонд æмгъуыдты.

2. Ацы Барамынды 1 пункты амынд æфсæддон службæгæнджытæ запасмæ æрвыст кæй цæуынц, уымæ гæсгæ, 2020 азы 1 апрелæй 15 июлмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтæм æфсæддон службæмæ æрсидт æрцæуæд æмбæстæгтæ, кæцытыл æрсидты бонмæ æххæст кæны 18 азы, æмæ сын нæй æфсæддон службæмæ æрсидт фæстæдæр æмгъуыдмæ аргъæвыны бар, афтæ ма æрсидтон кары хистæр æмбæстæгты, кæцытæн бар нæй æрсидты æмгъуыд аргъæвын.

3. Республикæ Хуссар Ирыстоны административон-территориалон иуæгты администрациты сæргълæуджытæ сифтонг кæнæт Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты æфсæддон службæмæ æрсидынимæ баст мадзæлттæ сæххæст кæнын.

4. Ацы Барамынд йæ тыхы цæуы къух ыл æрфыссыны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

 Президент БИБЫЛТЫ  Анатоли

г. Цхинвал,

 2020 азы  27 март

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.